Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

107 ЗАР

Хуцауи уарзт – махӕн фӕнзуйнаг

Хуцауи уарзт – махӕн фӕнзуйнаг

(1 Иоанни 4:19)

  1. 1. Йеговӕ Хуцау ӕ алли гъуддагӕй

    Алкӕмӕн, алкӕддӕр

    Ӕвдесуй ӕ уарзт, цӕмӕй мах дӕр алкӕд

    Еумӕ фӕрнӕй, уарзгӕй цӕрӕн.

    Нивондӕн Хуцау ӕ Фурти ӕрхаста,

    Ма адӕнӕн уӕд тӕрегъӕд нимбарзта.

    Дун-дуйней нӕййес ӕмбал е ’стур уарзтӕн!

    Е ӕй ’цӕг уарзт, Хуцауи ’стур уарзт.

  2. 2. Хуцауи фӕнзӕн, кӕрӕдзей ку уарзӕн

    Алкӕддӕр, еугурдӕр.

    Ӕгас зӕрдӕй мах ӕнхуси къох раттӕн

    Не ’мбӕлттӕн дӕр, алкӕмӕндӕр.

    Хуцауи ӕма ӕнсувӕрти уарзӕн –

    Е ӕй ӕцӕг уарзт, бӕлвурдӕй ӕй зонӕн.

    Кӕрӕдземӕй мах зӕрдӕй хатир корӕн –

    Е ӕй нӕ уарзт, кӕдзосзӕрдӕ уарзт.

  3. 3. Йеговӕн ӕ уарзт бӕттуй кӕрӕдзебӕл –

    Мах иссан бийнонтӕ.

    Хуцау нин дӕттуй еудзийнадӕ, фарнӕ.

    Фарни тӕгтӕ федар ӕнцӕ!

    Бӕрӕг дарӕн мах нӕ цийнӕй, нӕ уарзтӕй,

    Хуцауи Дзурдӕй зунд агорӕн алкӕд.

    Ӕцӕг уарзтӕй мах ӕнсувӕрти уарзӕн

    Е ӕй ’цӕг уарзт, Йегови ’стур уарзт.