Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи кремацийы тыххӕй цы дзуры?

Библи кремацийы тыххӕй цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

 Кремацийы тыххӕй Библийы бӕлвырд ницы фыст ис. Стӕй дзы нӕй амындтӕ, марды баныгӕнын хъӕуы ӕви йӕ басудзын хъӕуы, уый тыххӕй.

 Библийы фыст ис, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ-иу кӕй баныгӕдтой, чи сын-иу амард, уыдоны. Зӕгъӕм, Авраам агуырдта, йӕ бинойнаг Саррӕйы кӕм бавӕрдтаид, ахӕм бынат (Райдиан 23:2–20; 49:29–32).

 Библийы ма фыст ӕрцыд, иузӕрдион адӕймӕгты-иу сӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕй басыгътой, ахӕм цӕвиттонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Израилы паддзах Саулы йе ’ртӕ фыртимӕ тохы быдыры куы амардтой, уӕд сӕ мӕрдтӕ се знӕгты къухты баззадысты ӕмӕ сӕ фӕхынджылӕг кодтой. Израилы иузӕрдион ӕфсӕддонтӕ уый куы базыдтой, уӕд Саулы ӕмӕ йӕ фыртты буӕрттӕ рахастой, басыгътой сӕ ӕмӕ ма сӕ цы баззад, уый баныгӕдтой (1 Самуилы 31:8–13). Библийӕ бӕрӕг у, афтӕ сӕ кӕй баныгӕдтой, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы уыд (2 Самуилы 2:4–6).

Мӕнг ныхӕстӕ кремацийы тыххӕй

 Мӕнг ныхас. Кремаци чи кӕны, уый мард адӕймаджы буарӕн нӕ аргъ кӕны.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библийы фыст ис, чи амӕлы, уыдон сыджытмӕ кӕй аздӕхынц – буар бамбийы ӕмӕ сыджыт свӕййы (Райдиан 3:19). Кремацийы фӕрцы уыцы хабар тагъддӕр рауайы, буар фӕнык кӕй фесты, уый фӕрцы.

 Мӕнг ныхас. Раджы заманты-иу басыгътой, Хуыцауы фыдӕх-иу кӕй баййӕфта, ӕрмӕст ахӕм адӕмы мӕрдтӕ.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Ӕцӕгдӕр, Библийы фыст ис, Хуыцауыл иузӕрдион чи нӕ уыд, ахӕм адӕмы-иу сӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕй басыгътой, зӕгъӕм, Ахан ӕмӕ йӕ бинонты (Йесо Навин 7:25). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахӕм ӕгъдау уыд (Дыккаг закъон 21:22, 23). Уӕлдӕр куыд базыдтам, афтӕмӕй, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, суанг уыцы адӕмӕй дӕр иуӕй-иуты мӕрдтӕ басыгътой, зӕгъӕм, паддзах Саулы фырт Ионафаны.

 Мӕнг ныхас. Хуыцау нӕ райгас кӕндзӕн, йӕ мард кӕмӕн басыгътой, ахӕм адӕймаджы.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцауӕн уӕлдай нӕу, адӕймаджы буар ныгӕнгӕ бакодтой, судзгӕ бакодтой, денджызы аныгъуылд ӕви йӕ хъӕддаг сырдтӕ бахордтой (Раргомад 20:13). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ бон у адӕймаджы ног буары райгас кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 15:35, 38).