Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чи у хистӕр зӕд Михаил?

Чи у хистӕр зӕд Михаил?

Дзуапп Библийӕ

 Михаил (иуӕй-иу динты йӕ хонынц «сыгъдӕг Михаил»), ӕвӕццӕгӕн, у Йесойы ном. Афтӕ йӕ хуыдтой, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ ӕмӕ йӕ афтӕ хонынц, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уый фӕстӕ дӕр a. Михаилӕн Моисейы мӕлӕты фӕстӕ Хӕйрӕгимӕ ныхас рауад, стӕй зӕдӕн баххуыс кодта, цӕмӕй пехуымпар Данелмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтаид (Данел 10:13, 21; Иудӕйы 9). Ном «Михаил» нысан кӕны «Чи у Хуыцауы хуызӕн?». Михаил цӕры, йӕ ном цы нысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ, ома Хуыцауы хицаудзинады фарс лӕууы ӕмӕ йын йе знӕгтимӕ тох кӕны (Данел 12:1; Раргомад 12:7).

 Базон, афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йесо у хистӕр зӕд Михаил.

  •   Михаил у «хистӕр зӕд» (Иудӕйы 9). Дзырдбаст «хистӕр зӕд» Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр дыууӕ стихы. Ӕмӕ дыууӕ стихы дӕр ис иууон нымӕцы. Уымӕй бӕрӕг у, дзырд иу зӕдыл кӕй цӕуы. Уыцы стихтӕй иуы фыст ис, чи райгас, уыцы Хицау Йесо кӕй «ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй ӕмӕ райхъуысдзӕн йӕ барджын хъӕлӕс, хистӕр зӕды хъӕлӕс» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:16). Йесойӕн «хистӕр зӕды хъӕлӕс» уымӕн ис, ӕмӕ уый у хистӕр зӕд, Михаил.

  •   Михаил у зӕдты ӕфсады сӕргълӕууӕг. «Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ», ома Хӕйрӕгимӕ (Раргомад 12:7). Михаилӕн уӕлӕрвты стыр бартӕ ис. Уый бӕрӕг у, Библи йӕ куыд хоны, уымӕй – «стыр кънйӕзтӕй сӕ иу» ӕмӕ «номдзыд кънйаз» (Данел 10:13, 21; 12:1). Уыцы титултӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Михаил у «зӕдты ӕфсады сӕйраг къамандыгӕнӕг» (афтӕ йӕ схуыдта иу библииртасӕг Дейвид Он).

     Зӕдты ӕфсадӕн разамынд чи дӕтты, уый ма Библи хоны ноджыдӕр иу номӕй. Библийы фыст ис: «Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй... фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ пиллон арты ӕмӕ... йӕ маст райсдзӕн» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7, 8; Матфейы 16:27). «Йесо ссыд уӕларвмӕ... ӕмӕ йын Хуыцау йӕ дӕлбар бакодта зӕдты, хицӕутты ӕмӕ барджынты» (1 Петры 3:21, 22). Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцау йӕ уӕларвон ӕфсады сӕргъы дыууӕ сӕргълӕууӕджы сӕвӕрдтаид – Михаилы ӕмӕ Йесойы? Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, дыууӕ номы дӕр, Йесо ӕмӕ Михаил, иу кӕмӕдӕр кӕй амонынц.

  •   Михаил «сыстдзӕн», «тынг уӕззау рӕстӕг» куы скӕна, уӕд (Данел 12:1). Данелы чиныджы дзырд «сыстын»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзуттаг дзырд арӕх фӕамоны, цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддагмӕ чи бавнӕлдта, ахӕм паддзахмӕ (Данел 11:2–4, 21). Йесо Чырысти, «паддзӕхты Паддзах» (Библи «Хуыцауы Дзырд» кӕй хоны, уый), ахсджиаг хъуыддагмӕ бавналдзӕн – Хуыцауы знӕгты фесафдзӕн ӕмӕ йын йӕ адӕмы бахъахъхъӕндзӕн (Раргомад 19:11–16). Уый уыдзӕн, «дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди», уыцы стыр бӕллӕхы рӕстӕг (Матфейы 24:21, 42).

a Библийы ма кӕмӕндӕрты уыд цалдӕргай нӕмттӕ, зӕгъӕм, Иаковӕн (хуыдтой ма йӕ Израил), Петрӕн (хуыдтой ма йӕ Симон) ӕмӕ Фаддейӕн (хуыдтой ма йӕ Иудӕ) (Райдиан 49:1, 2; Матфейы 10:2, 3; Марчы 3:18; Хъуыддӕгтӕ 1:13).