Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр чи уыдысты?

Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр чи уыдысты?

Дзуапп Библийӕ

 Иухатт Йесо радзырдта иу хабар хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры тыххӕй (Лукайы 16:19–31). Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы амыдтой дыууӕ къордмӕ: 1) Йесойы заман чи цард, уыцы сӕрбӕрзонд дзуттаг дины разамонджытӕм ӕмӕ 2) Йесо цы хабар хъусын кодта, уый йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы сӕрныллӕг ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕммӕ.

Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм:

 Йесо хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры тыххӕй цы радзырдта?

 Йесо радзырдта, сӕ уавӕр цӕхгӕр кӕмӕн фӕивта, дыууӕ ахӕм нӕлгоймаджы тыххӕй. Уыцы хабар фыст ис Лукайы 16-ӕм сӕры.

 Йесо кӕй радзырдта, уыцы хабар цыбыртӕй: хъӕздыг лӕг йӕ бонтӕ цӕл-минас кӕнгӕйӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвыста. Йӕ кулдуары размӕ та-иу ын ӕрбахастой иу мӕгуыргуры, Лазӕры. Уый бӕллыд, хъӕздыг лӕджы фынгӕй-иу цы муртӕ хауд, уыдонӕй йӕхи бафсадынмӕ. Цасдӕры фӕстӕ Лазӕр амард, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы цурмӕ ахастой. Хъӕздыг лӕг дӕр амард ӕмӕ йӕ баныгӕдтой. Ацы хабары дыууӕ нӕлгоймаджы афтӕ ӕвдыст цӕуынц, цыма сӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр алцыдӕр ӕмбӕрстой. Хъӕздыг лӕг пиллон арты хъизӕмарӕй марди ӕмӕ Авраамӕн афтӕ, зӕгъгӕ, дам, мӕм Лазӕры рарвит, цӕмӕй йе ’нгуылдз доны атула ӕмӕ мын дзы ме ’взаг ахуылыдз кӕна. Фӕлӕ Авраам загъта, сӕ дыууӕйӕн дӕр, ома хъӕздыг лӕгӕн дӕр ӕмӕ Лазӕрӕн дӕр, сӕ уавӕр цӕхгӕр кӕй фӕивта, ӕмӕ се ’хсӕн кӕй ис, йӕ сӕрты ахизӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр сӕрсӕфӕн.

 Ацы хабар ӕцӕг уыд?

 Нӕ. Ацы фӕсномыг ныхас Йесо радзырдта иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кӕныны тыххӕй. Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры хабар фӕсномыг ныхас кӕй у, уыимӕ ахуыргӕндтӕ дӕр разы сты. Зӕгъӕм, 1912 азы уагъд Лютеры Библийы сӕргӕндты фыст ис, ацы хабар фӕсномыг ныхас кӕй у. Католикон «Иерусалимаг Библи»-йы фиппаинаджы та фыст ис, зӕгъгӕ, дам, «ацы фӕсномыг ныхас у, ӕрымысгӕ адӕмы кой кӕм ис, ахӕм радзырд» (The Jerusalem Bible).

 Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма уый фӕстӕ кӕй фӕцӕры? Уый зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ мӕлӕты фӕстӕ адӕймаг зындоны арты фӕхъизӕмар кӕны ӕмӕ Авраам ӕмӕ Лазӕр уӕлӕрвты уыдысты? Уый афтӕ кӕй нӕу, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

 Зӕгъӕм:

  •   Хъӕздыг лӕг, ӕцӕгдӕр арт кӕм сыгъд, ахӕм бынаты куы уыдаид, уӕд, Лазӕры ’нгуылдзыл цы доны ӕртах уыд, уый арты тӕвдӕй нӕ байсыстаид?

  •   Куы нӕ байсыстаид, уӕддӕр уыцы иу ӕртах фаг уыдаид, цӕмӕй хъӕздыг лӕг, зындоны арты цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, уыдонӕй фервӕзтаид?

  •   Уый гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ Авраам уӕлӕрвты цардаид, кӕд ӕмӕ Йесо ацы фӕсномыг ныхас радзурыны размӕ бӕлвырдӕй загъта, иу адӕймаг дӕр уӕлӕрвтӕм кӕй не ссыд (Иоанны 3:13).

 Ацы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зындон ис?

 Нӕ. Ацы хабар кӕд ӕрымысгӕ у, уӕддӕр иуӕй-иутӕ зӕгъынц, ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ хорз адӕм уӕлӕрвтӕм ацӕуынц, ӕвзӕр адӕм та зындоны арты фӕсудзынц a.

 Уыцы хъуыды раст у? Нӕу.

 Зындоны тыххӕй ахуырад, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый ныхмӕ у. Зӕгъӕм, Библийы никуы ис фыст, хорз адӕм сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвты амондджынӕй кӕй фӕцӕрынц, ӕвзӕр адӕм та зындоны кӕй фӕхъизӕмар кӕнынц. Библийы фыст ис: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5).

 Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры хабар куыд ӕмбаргӕ у?

 Ацы хабар ӕвдисы, дыууӕ къорд адӕмӕн тагъд сӕ уавӕр цӕхгӕр кӕй хъуамӕ фӕивтаид.

 Хъӕздыг лӕг амыдта «ӕхцауарзаг» дины разамонджытӕм (Лукайы 16:14). Уыдон уыдысты, Йесо цы хабар хъусын кодта, уый ныхмӕ ӕмӕ хуымӕтӕг адӕммӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты (Иоанны 7:49).

 Лазӕр амыдта, Йесо цы хабар хъусын кодта, ууыл чи баууӕндыд ӕмӕ, дзуттаг дины разамонджытӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хастой, уыцы хуымӕтӕг адӕммӕ.

 Дыууӕ къордӕн дӕр сӕ уавӕр цӕхгӕр фӕивта.

  •   Дзуттаг дины разамонджытӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ Хуыцау райгонд у. Фӕлӕ, зӕгъӕн ис, амардысты, Хуыцау сын сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ лӕггадыл дӕр йӕ къух куы систа, уӕд, уымӕн ӕмӕ, Йесо цы хабар хъусын кодта, ууыл нӕ баууӕндыдысты. Йесо ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы хабар хъусын кодтой, уый сӕ хъизӕмарӕй мардта (Матфейы 23:29, 30; Хъуыддӕгтӕ 5:29–33).

  •   Дины разамонджытӕ хуымӕтӕг адӕмы бирӕ рӕстӕг ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ ныр хуымӕтӕг адӕм Хуыцауы хорзӕх ссардтой. Бирӕтӕ сӕ баууӕндыдысты, Йесо цы хабар хъусын кодта, ууыл, ӕмӕ сын уый стыр арфӕдзинад ӕрхаста. Фӕзынди сын фадат, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнустӕм схайджын уыдаиккой (Иоанны 17:3).

a Библийы иуӕй-иу тӕлмацты фыст ис, хъӕздыг лӕг йӕ мӕлӕты фӕстӕ зындоны кӕй уыд. Фӕлӕ, Лукайы 16:23 стихы цы рагон грекъаг дзырд ӕмбӕлы (ха́дес), уый нысан кӕны ингӕн.