Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хуыздӕр ахуыр кӕна

Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хуыздӕр ахуыр кӕна

 Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ сывӕллоны нӕ фӕнды скъоламӕ цӕуын ӕмӕ йӕ уроктӕ кӕнын. Уый тыххӕй ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ исын райдайдзӕн ӕмӕ йӕхи ӕвзӕрдӕр дардзӕн. Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хуыздӕр ахуыр кӕна?

 Цы хъуамӕ зонай

 Тыххӕй йӕ куы ахуыр кӕнын кӕнай, уӕд уавӕр фӕфыддӕр уыдзӕн. Дӕ сывӕллоны тыххӕй куы ахуыр кӕнын кӕнай, уӕд ын ӕрмӕст скъолайы нӕ уыдзӕн зын, фӕлӕ ма хӕдзары дӕр! Цӕмӕй йӕм ма хыл кӕнай, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, сайын райдайа, йе ’взӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмбӕхса, дневникы-иу дӕ бӕсты сусӕгӕй йӕ къух ӕрфысса, кӕнӕ-иу уроктӕй алидза. Иу ныхасӕй, уавӕр фӕфыддӕр уыдзӕн.

 Лӕвӕрттӕ, гӕнӕн ис, сывӕллоныл ӕвзӕрырдӕм фӕзыной. Иу нӕлгоймаг, Андрей, зӕгъгӕ, загъта: «Цӕмӕй нӕ чызг хуыздӕр ахуыр кодтаид, уый тыххӕй-иу ын хорз бӕрӕггӕнӕны тыххӕй йӕ зӕрдӕ истӕмӕй алхӕдтам. Фӕлӕ йын уый тыххӕй сӕйрагдӕр сси лӕвар райсын. Ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн-иу куы райста, уӕд-иу йӕ бӕрӕггӕнӕныл нӕ мӕт кодта, фӕлӕ лӕвар кӕй нӕ райсдзӕн, ууыл».

 Ахуыргӕнджыты аххосджын кӕнын хорзмӕ не ’ркӕндзӕн. Дӕ сывӕллон, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын райдайа, ӕмӕ йын цӕмӕй исты бантыса, уый тыххӕй йӕ фыдӕбон кӕнын нӕ хъӕуы. Стӕй ма тӕссаг у, иннӕты йӕ рӕдыдтыты аххосджын кӕнын куы сахуыр уа ӕмӕ куы ’нхъӕлмӕ кӕса, цӕмӕй йын иннӕтӕ йӕ зындзинӕдтӕ скъуыддзаг кӕной. Иу ныхасӕй, ахсджиаг хъуыддагыл нӕ сахуыр уыдзӕн – куы сыстыр уа, уӕд йӕ хъуыддӕгтӕн дзуапп дӕттын нӕ зондзӕн.

 Дӕ бон цы у аразын

 Хиуылхӕцгӕ у. Дӕ сывӕллонмӕ йӕ бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй куы смӕсты уай, уӕд-иу йемӕ фӕстӕдӕр аныхас кӕн. Ӕртӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг, Бретт, загъта: «Мӕ бинойнагимӕ бафиппайдтам, нӕ сывӕллӕттимӕ сабырӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй куы фӕдзурӕм, уӕд кӕрӕдзи хуыздӕр бамбарӕм».

 Библийы уагӕвӕрд: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19).

 Базон, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый. Сывӕллон ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ исын райдайы, йе ’мгӕрттӕ йӕ куы фефхӕрынц, ӕндӕр скъоламӕ цӕуын куы райдайы, экзаментӕй куы фӕтӕрсы, бинонты ’хсӕн зындзинӕдтӕ куы вӕййы, ӕвзӕр куы фӕфынӕй кӕны, йӕ хъуыддӕгтӕ куы нӕ фӕпълан кӕны, кӕнӕ лӕмбынӕг куы нӕ фӕхъуыды кӕны, уӕд. Уайтагъд-иу афтӕ хъуыды кӕнын ма райдай, ӕмӕ зивӕггӕнаг у.

 Библийы уагӕвӕрд: «Хъуыддаг хорз чи ӕмбары, уый ссардзӕн хорздзинад» (Ӕмбисӕндтӕ 16:20).

 Бацархай, цӕмӕй йын ахуыр кӕнын ӕнцондӕр уа. График скӕнут, цӕмӕй сывӕллон зона, йӕ уроктӕ кӕд хъуамӕ кӕна, уый. Йӕ уроктӕ кӕнынӕн ын равзар, кӕм ӕй нӕ хъыгдардзысты, ахӕм бынат (уый хауы телевизор ӕмӕ телефонмӕ дӕр). Йӕ уроктӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу гыццыл куы аулӕфа, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Германийӕ иу нӕлгоймаг, Гектор, зӕгъгӕ, загъта: «Куы базонӕм, нӕ сывӕллӕттӕн тагъд контролон куыст кӕй уыдзӕн, уӕд ӕм алы бон дӕр гыццылгай фӕцӕттӕ кӕнӕм, уыцы хъуыддаг фӕстаг бонмӕ нӕ аргъӕвӕм».

 Библийы уагӕвӕрд: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон» (Екклесиаст 3:1).

 Ахуыр кӕнынмӕ йӕ разӕнгард кӕн. Скъолайы ахуыр кӕнын цы пайда у, уый сывӕллон цас хуыздӕр ӕмбара, уыйас ӕй тынгдӕр фӕнддзӕн ахуыр кӕнын. Зӕгъӕм, математикӕ йын баххуыс кӕндзӕн, цы ’хца йын раттут, уыдонӕй раст пайда кӕнын.

 Библийы уагӕвӕрд: «Амал кӕн зонд, амал кӕн ӕмбарындзинад [...] Зондӕн стыр аргъ кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 4:5, 8).

 Уынаффӕ. Йӕ уроктӕ кӕнынӕн ын ӕххуыс кӕн, фӕлӕ сӕ йӕ бӕсты ма кӕн. Андрей зӕгъы: «Нӕ чызджы фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ уроктӕ мах кодтаиккам, ӕмӕ йӕхи нӕ тыхсын кодта». Уӕ сывӕллонӕн амонут, цӕмӕй йӕ уроктӕ кӕнын йӕхӕдӕг сахуыр уа.