Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийыл арӕзт видеороликтӕ. Сӕйраг ахуырӕдтӕ

Ацы цыбыр видеоурокты ис дзуапп, адӕммӕ Библийы фӕдыл цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕй сӕйрагдӕртӕн. Зӕгъӕм: Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Дун-дуне куыд фӕзынд?

Бирӕтӕ, Хуыцау дуне куыд сфӕлдыста, уыцы хабар раст не ’мбарынц кӕнӕ та йӕ хонынц аргъау. Библийы уый тыххӕй цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн ис?

Хуыцау ӕцӕгдӕр ис?

Базон, Хуыцауыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис.

Хуыцауӕн ном ис?

Хуыцауӕн ис бирӕ титултӕ, зӕгъӕм, Ӕппӕтхъомысджын, Сфӕлдисӕг ӕмӕ Хицау. Фӕлӕ Хуыцауы ном Библийы ӕмбӕлы 7 000 хаттӕй фылдӕр.

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суай?

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕмы фӕндыд базонын, чи у се Сфӕлдисӕг. Библийы фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм. Фӕлӕ уал нӕ уый тыххӕй хъӕуы йӕ ном базонын.

Библиийы Автор чи у?

Кӕд Библи адӕм ныффыстой, уӕд ӕй цымӕ Хуыцауы Ныхас ис схонӕн? Библийы кӕй хъуыдытӕ ис фыст?

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у?

Кӕд Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй у, уӕд дыккаг ахӕм чиныг хъуамӕ ма уа.

Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?

Дун-дуне у тынг рӕсугъд. Зӕхх Хурмӕ нӕдӕр ӕввахс у, нӕдӕр дзы дард у, стӕй йӕхи алыварс цас тагъд хъуамӕ зила, афтӕ тагъд зилы. Цымӕ Хуыцау Зӕхх афтӕ рӕсугъдӕй цӕмӕн сфӕлдыста?

Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

Базон, адӕймаг ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн ӕмӕ йӕ цард дзӕгъӕлы кӕд нӕ уыдзӕн.

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

Библи нын ныфс ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, Лазӕр куыд райгас, афтӕ, чи амард, уыдонӕй бирӕтӕ кӕй райгас уыдзысты.

Зындон ӕцӕгдӕр ис?

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Хуыцау у уарзондзинад». Уымӕ гӕсгӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, цӕмӕй адӕмы сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй хъизӕмарӕй мара.

Йесо Чырысти Хуыцау у?

Цымӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау иу сты? Ӕви хицӕн удгоймӕгтӕ сты?

Йесо Чырысти цӕмӕн амард?

Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ фехъуыстай, Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй амард. Фӕлӕ цымӕ иу адӕймаг йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый ӕцӕгдӕр милуантӕн пайда хӕссы?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Йесо ӕппӕты арӕхдӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ӕнусты дӕргъы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кувынц, цӕмӕй уыцы Паддзахад ӕрцӕуа.

Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста 1914 азы

Иу-2 600 азы размӕ Хуыцау хъомысджын паддзахӕн цы фын фенын кодта, уый абон ӕххӕст кӕны.

1914 азӕй дуне фӕивта

1914 азӕй дунейы цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн систы, уымӕй бӕрӕг у, Библийы пехуымпарӕдтӕ «фӕстаг бонты» тыххӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц.

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй сты?

Ӕрдзон бӕллӕхы чи бахауд, дыууӕ ахӕм адӕймаджы радзырдтой, Библийӕ цы базыдтой, уый.

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Бирӕтӕ не ’мбарынц, адӕм сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц ӕмӕ уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц. Ацы фарстайӕн Библийы ис бӕлвырд дзуапп.

Хуыцау алы дин дӕр растыл нымайы?

Бирӕ адӕм хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уӕлдай нӕу, цавӕр дин равзардзынӕ.

Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы, адӕймаг нывтӕ ӕмӕ гуымирытӕ табуйагыл куы фӕнымайы?

Цымӕ уыдоны фӕрцы баввахс уыдзыстӕм, кӕй нӕ уынӕм, уыцы Хуыцаумӕ?

Хуыцау алы куывд дӕр хъусы?

Зӕгъӕм, адӕймаг йӕ хиуарзон фӕндты тыххӕй Хуыцаумӕ куы кува, уӕд ӕй фехъусдзӕн? Зӕгъӕм, йӕ усы чи бафхӕры ӕмӕ иннӕ бон Хуыцауӕй арфӕдзинӕдтӕ чи фӕкуры, уыцы нӕлгоймаджы куывд фехъусдзӕн?

Хуыцау бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дӕ цардӕмбалимӕ амондджын уай. Библийы уынаффӕтӕ бирӕ бинонтӕн баххуыс кодтой.

Хуыцау порнографи тӕригъӕдыл нымайы?

Цымӕ дзырд «порнографи» Библийы ӕмбӕлы? Куыд ис базонӕн, Хуыцау порнографимӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый?