Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Ӕппӕты ахсджиагдӕр чиныг куыд тӕлмац кӕнынц ӕмӕ йӕ куыд уадзынц?

Ӕппӕты ахсджиагдӕр чиныг куыд тӕлмац кӕнынц ӕмӕ йӕ куыд уадзынц?

2021 АЗ, 1 ЯНВАРЬ

 Иу ӕфсымӕр цингӕнгӕйӕ загъта: «Амӕ 19 азы ӕнхъӕлмӕ кастӕн!» Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уый уыди «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац» йӕ мадӕлон ӕвзаг бенгалийыл. «Ног дунейы тӕлмац» йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕмӕн рацӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ фӕцин кӕнынц афтӕ. Фӕлӕ искуы хъуыды кодтай, Библи куыд тӕлмац кӕнынц ӕмӕ йӕ рауадзыныл цас тыхтӕ ӕмӕ ӕхца ацӕуы, ууыл?

 Фыццаг уал Разамонӕг советы фысджыты комитет снысан кӕны тӕлмацгӕнджыты къорд. Цас рӕстӕг сӕ бахъӕуы, цӕмӕй Библи ратӕлмац кӕной? Уый тыххӕй радзырдта Николас Аладис тӕлмацгӕнджытӕн ӕххуысгӕнӕг хайадӕй (Уорвик, штат Нью-Йорк). «Уый бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕнгӕ у. Зӕгъӕм, Библийы тӕлмацыл цал адӕймаджы кусы, цы ’взагмӕ йӕ тӕлмац кӕнынц, уый зын у ӕви нӕ, Библийы цы ныхӕстӕ ӕмбӕлы ӕмӕ дзы цы ӕгъдӕутты кой цӕуы, уыдон кӕсджытӕ хорз ӕмбарынц ӕви нӕ, стӕй ӕвзаг иу ранӕй иннӕ ранмӕ тынг хицӕн кӕны ӕви нӕ, уымӕй. Ӕрмӕст „Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ“ ратӕлмац кӕныныл рӕстӕмбис нымадӕй ацӕуы иу азӕй ӕртӕ азы онг. Ӕнӕхъӕн Библи ратӕлмац кӕныныл та ацӕуы цыппар азы кӕнӕ фылдӕр. Ноджы фылдӕр рӕстӕг та бахъӕуы, цӕмӕй Библи къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕной».

 Фӕлӕ Библи ратӕлмац кӕнынӕн ӕрмӕст тӕлмацгӕнджытӕ нӕ хъӕуы. Стыр ӕххуыс вӕййынц кӕсджытӕ дӕр. Уыдон вӕййынц алыхуызон кары, кӕмӕдӕр дзы вӕййы ахуырад, кӕмӕдӕр та нӕ. Хатт та вӕййынц алы бӕстӕтӕй дӕр. Уыдон тӕлмац бакӕсынц ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ фӕзӕгъынц. Уый фӕкӕнынц лӕвар. Сӕ фиппаинӕгтӕ тӕлмацгӕнджытӕн стыр ӕххуыс фӕвӕййынц, цӕмӕй тӕлмац раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн рауайа. Библи тӕлмацгӕнджыты къордтӕ чи ахуыр кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр Хуссар Африкӕйӕ загъта: «Тӕлмацгӕнджытӕ ӕмбарынц, Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ йын йӕ Ныхас чи кӕсы, уыдоны раз дӕр сыл стыр хӕс кӕй ис».

 Библи куы ратӕлмац кӕнынц, уӕд ӕй фӕхъӕуы ныммыхуыр кӕнын. Уымӕн хъӕуы ӕппынкъаддӕр дӕс ӕрмӕджы: гӕххӕтт, чернилӕ, цъар кӕмӕй скӕнынц, ахӕм ӕрмӕг, клей, подкладкӕтӕ, ӕвзист ахорӕн, лентӕтӕ закладкӕтӕн, йӕ иу кӕрон ставд кӕмӕн у, ахӕм быд лентӕ (каптал), хъӕбӕр фисын ӕмӕ, прокладочный материал кӕй хонынц, уый. 2019 азы ӕрмӕст уыцы ӕрмӕджытыл ацыди 20 милуан доллӕрӕй фылдӕр. Нӕ типографийы чи куыста, уыдон та уыцы аз бакуыстой 300 000 сахатӕй фылдӕр, цӕмӕй Библитӕ ныммыхуыр кодтаиккой ӕмӕ сӕ арвыстаиккой.

«Цы публикацитӕ уадзӕм, уыдонӕй Библи у ӕппӕты ахсджиагдӕр»

 Библи рауадзыныл уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ ӕхца цӕмӕн хардз кӕнӕм? Ӕппӕтдунеон мыхуыр кӕныны хайады чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Джоел Блю, загъта: «Цы публикацитӕ уадзӕм, уыдонӕй Библи у ӕппӕты ахсджиагдӕр. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа ӕмӕ кадджын кӕна, кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауы ӕмӕ, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый».

 «Ног дунейы тӕлмац» ма уадзӕм, цӕстӕй чи нӕ уыны ӕмӕ хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмӕн дӕр. Зӕгъӕм, Брайлы шрифтыл «Ног дунейы тӕлмац» ис 10 ӕвзагыл. Брайлы шрифтыл иу Библи рауадзыны тыххӕй хъӕуы 8 сахаты бӕрц бафыдӕбон кӕнын. Ӕмӕ йын йӕ томтӕ иу рӕнхъӕй куы сӕвӕрай, уӕд бацахсдзысты иу-2 метры ӕмӕ ’рдӕг. Уымӕй уӕлдай ма уадзӕм Библитӕ, ахӕстоны чи бады, уыдонӕн дӕр. Уымӕн ӕмӕ ахӕстонмӕ, йӕ цъар гӕххӕттӕй кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ахӕм чингуытӕ уадзынц.

 «Ног дунейы тӕлмац» адӕмы цардыл тынг бандавы. Зӕгъӕм, Демократон Республикӕ Конгойы ис провинци Томбе. Сӕйраг горӕтӕй йӕм цӕуын хъӕуы 1700 километрӕй фылдӕр. Томбейы ис килубӕ ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырд. Уыцы ӕмбырды уыд ӕрмӕстдӕр иу Библи ӕмӕ уыди зынӕмбарӕн, уымӕн ӕмӕ дзы уыди бирӕ зӕронд дзырдтӕ. Ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ ӕмбырды программӕйы пункттӕ куы цӕттӕ кодтой, уӕд-иу ӕй кӕрӕдзимӕ лӕвӕрдтой. Фӕлӕ 2018 азы августы килубӕ ӕвзагыл рацыд «Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ ныр ӕмбырды алкӕмӕ дӕр ис йӕхи Библи.

 Ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац» немыцаг ӕвзагыл куы рацыд, уӕд иу хо загъта: «Ныр афтӕ нал фӕхъуыды кӕнын, Библи мӕ бакӕсын хъӕуы. Фӕлӕ фӕзӕгъын, ноджыдӕр ма дзы куы бакӕсин». Ахӕстоны чи бады, ахӕм лӕг та загъта: «„Ног дунейы тӕлмац“ мын мӕ цард фӕивта. Хуыцауы Ныхас мын афтӕ ӕнцон ӕмбарӕн никуыма уыд. Фӕнды мӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын. Стӕй мӕ фӕнды, цӕмӕй ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суон».

 «Ног дунейы тӕлмац» чи кӕсы, уыдон тынг бузныг сты, уыцы тӕлмац кӕй фӕрцы рацӕуы, уыцы мысайнӕгты тыххӕй. Уыцы мысайнӕгтӕ ӕрбарвитынц ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн сайты уылты donate.ps8318.com. Бузныг уын уӕ рӕдаудзинады тыххӕй!