Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕгас дунейы дӕр сыгъдӕг дон кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Ӕгас дунейы дӕр сыгъдӕг дон кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

 Ӕнӕ сыгъдӕг донӕй цӕрӕн нӕй. Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь Антониу Гутерриш загъта: «Ӕгас дунейы дӕр дон нӕ фаг кӕны, ӕмӕ уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Доны хабар тынг ӕвзӕр у». Ӕгас дунейы дӕр ныридӕгӕн миллиардтӕн нуазыны дон нӕ фаг кӕны.

Strdel/AFP via Getty Images

 Искуы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр дон фаг уыдзӕн? Ӕви уавӕр никуы фӕхуыздӕр уыдзӕн? Уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры?

 Библийы фыст ис, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр дон фаг уыдзӕн. Сыгъдӕг дон уыдзӕн парахатӕй.

 «Ӕдзӕрӕг быдыры рагуылф кӕндзӕн суадӕттӕ, хус бӕстӕйы – цӕугӕдӕттӕ. Хурсыгъд зӕхх фестдзӕн цад, ӕнӕдон бӕстӕ – суадӕтты бӕстӕ» (Исай 35:6, 7).

 Нӕ бон цӕмӕн у ацы зӕрдӕвӕрдыл ӕууӕндын? Ӕркӕсӕм, нӕ планетӕ куыд арӕзт у, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис.

Зӕххы тыххӕй ӕмӕ ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

 «[Хуыцау зӕхх] дзӕгъӕлы... не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 45:18).

 Хуыцау зӕхх цӕрынӕн кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй йыл ӕрдзон процессты фӕрцы сыгъдӕг дон парахатӕй уа.

 «[Хуыцау] доны ӕртӕхтӕ хӕрдмӕ сисы, уыдон бынмӕ ӕрхъарынц ӕмӕ дзы рауайы къӕвда ӕмӕ мигъ. Ӕмӕ мигътӕй фӕтӕдзы дон, адӕмыл парахатӕй къӕвда ныккалынц» (Иов 36:27, 28).

 Ацы стихтӕ хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кӕнынц, ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, уый. Дон зӕххӕй ӕмӕ денджызӕй байсысы. Уыцы донӕй сӕвзӕры мигътӕ ӕмӕ стӕй рауары къӕвдайы хуызы. Уый фӕрцы адӕмӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн сыгъдӕг дон вӕййы (Екклесиаст 1:7; Амос 5:8).

 «Ӕз [уын] къӕвдатӕ дӕтдзынӕн сӕ афоныл, ӕмӕ зӕхх дӕтдзӕн тыллӕг, бӕлӕстӕ дӕтдзысты дыргъ» (Левит 26:4).

 Рагон израилӕгтӕ кодтой зӕххы куыст, ӕмӕ сын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, ӕдзухдӕр сын фаг дон кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу зӕхх хъӕздыг тыллӕг ратта. Хуыцау зоны, цӕмӕй бирӕ хор ӕрзайа, уый тыххӕй къӕвдатӕ кӕй хъӕуы.

 Хуыцау рагон Израилы тыххӕй цы арӕзта, уый тагъд сараздзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр (Исай 30:23). Фӕлӕ ныртӕккӕ бирӕ бӕстӕты доны хабар фыддӕр кӕны. Ӕмӕ къӕвдатӕ арӕх кӕй нӕ вӕййы, уый ӕрмӕст иу бӕллӕх у. Библийы ма цы фыст ис, Хуыцау ноджыдӕр цы сараздзӕн, цӕмӕй зӕххыл дон парахатӕй уа?

Зӕххыл дон парахатӕй цӕй фӕрцы уыдзӕн?

 Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕрон кӕй скӕндзӕн, зӕхх цӕй тыххӕй сӕфы, уыдӕттӕн, уыимӕ дон кӕй нӕ фаг кӕны, уымӕн дӕр (Матфейы 6:9, 10). Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад ӕмӕ зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн (Данел 2:44; Раргомад 11:15). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы Паддзахад сараздзӕн, зӕххон хицӕуттӕн сӕ бон цы нӕу, уый – дон цӕй тыххӕй нӕ фаг кӕны, уый аххосӕгтӕ аиуварс кӕндзӕн.

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Климӕт кӕй ивы, уый дӕр тынг ӕндавы, ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, ууыл. Уый тыххӕй скӕны хус рӕстӕджытӕ, дӕттӕ раивылынц, тӕрккъӕвдатӕ фӕуары кӕнӕ денджызты дӕттӕ фӕфылдӕр вӕййынц.

 Хуыцау цы сараздзӕн? Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн, зӕххӕн зиан цыдӕриддӕр хӕссы, уыдӕттӕн, ӕмӕ зӕхх ногӕй суыдзӕн, райдианы цыхуызӕн уыди, ахӕм. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» (Раргомад 21:5). Хус зӕхх донӕй бафсӕддзӕн ӕмӕ дидинӕг калдзӕн, абон цӕрынӕн чи нӕ бӕззы, суанг уыцы зӕхх дӕр (Исай 41:17–20). Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо Чырыстийӕн йӕ бар цӕудзӕн ӕрдзы тыхтыл дӕр.

 Йесо зӕххыл куы царди, уӕд тыхдымгӕ ныссабыр кодта, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕй дӕр бӕрӕг у, Хуыцау ын стыр тых кӕй радта, уый (Марчы 4:39, 41). Чырысти зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал цӕудзӕн. Адӕм сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзысты ӕмӕ нал тӕрсдзысты, исты бӕллӕх куы ӕрцӕуа, уымӕй.

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Сӕ хъуыддӕгтӕ цы зиан ӕрхӕсдзысты, ууыл чи нӕ хъуыды кӕны, уыцы адӕм ӕмӕ, ӕхцайы йеддӕмӕ ӕндӕр мӕт кӕй нӕй, уыцы компанитӕ чъизи кӕнынц цӕугӕдӕттӕ, цадтӕ ӕмӕ, зӕххы бын цы дӕттӕ ис, уыдон. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕр сыгъдӕг дон нӕ фаг кӕны.

 Хуыцау цы сараздзӕн? Хуыцау ссыгъдӕг кӕндзӕн зӕхх, цӕугӕдӕттӕ, цадтӕ ӕмӕ денджызтӕ. Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Библийы фыст ис: «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн» (Исай 35:1).

 Ӕрдзыл ӕмӕ адӕмыл чи нӕ хъуыды кӕны, уыдоныл цы ӕрцӕудзӕн? Хуыцау загъта, «зӕхх чи сафы», уыдоны кӕй фесафдзӕн (Раргомад 11:18; Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).

 Хъуыддаг цӕй мидӕг ис? Адӕм доныл кӕй нӕ ауӕрдынц, уый тыххӕй дон хардз кӕнынц, зӕххӕн йӕ бон цас у дӕттын, уымӕй бирӕ фылдӕр.

 Хуыцау цы сараздзӕн? Хуыцауы Паддзахады фӕрцы зӕххыл ӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон, йӕхи пайдайыл чи хъуыды кӕны, уыдоны фӕндон нӕ, фӕлӕ (Матфейы 6:9, 10). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базондзысты. Исайы 11:9 фыст ис: «Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы a тыххӕй». Уыцы зонындзинӕдтӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ рӕсугъд зӕхмӕ зилой. Уый ма сӕ фӕнддзӕн, Хуыцауы ӕмӕ, цытӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕ кӕй уарздзысты, уый тыххӕй дӕр.

  •    Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?».

  •    Библийы Исайы чиныджы 35 сӕры дӕ бон у бакӕсын, зӕхх дзӕнӕт куыд суыдзӕн, уый тыххӕй.

  •    Видеороликӕй «Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?» фылдӕр базондзынӕ, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый тыххӕй.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».