Йесо Навин 2:1—24

2  Уый фӕстӕ Навины фырт Йесо Ситтимӕй+ дыууӕ лӕджы сусӕгӕй арвыста зӕхх сгарӕг ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, фенут уыцы зӕхх ӕмӕ Иерихон». Уыдон дӕр араст сты ӕмӕ бацыдысты иу хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ, йӕ ном Раав+, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕхсӕвы уым ӕрлӕууыдысты.  Иуцасдӕры фӕстӕ Иерихоны паддзахӕн фӕхабар кодтой: «Абон нӕм ӕхсӕвы Израилы фыртты ӕрвыст лӕгтӕ нӕ зӕхх сгарӕг ӕрбацыдысты».  Уӕд Иерихоны паддзах Раавмӕ арвыста, зӕгъгӕ, дӕ хӕдзармӕ чи бацыд, уыцы лӕгты ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ зӕхх сгарӕг ӕрбацыдысты+.  Сылгоймаг та уыцы дыууӕ лӕджы бамбӕхста. Ӕмӕ загъта: «О, уыди мӕм чидӕртӕ, фӕлӕ кӕцӕй уыдысты, уый нӕ зыдтон.  Куы ’рталынг ӕмӕ кулдуар куы ’хгӕдтой+, уӕд ацыдысты. Кӕдӕм ацыдысты, уый та нӕ зонын. Тагъддӕр сӕ фӕстейӕ асурут, ӕмӕ сӕ баййафдзыстут».  Афтӕмӕй та сӕ йӕхӕдӕг йӕ хӕдзары сӕрмӕ скодта+. Уым ын гӕн калд уыди, ӕмӕ сӕ уый ӕхсӕн бамбӕхста.  Гъемӕ паддзахы ӕрвыст лӕгтӕ сӕ ных Иорданы тӕнджыты+ ’рдӕм сарӕзтой, баййафӕм сӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куыддӕр горӕты ӕдде фесты, афтӕ сын сӕ фӕстӕ кулдуар сӕхгӕдтой.  Дыууӕ сгарӕджы нӕма бафынӕй сты, афтӕ сӕм Раав хӕдзары сӕрмӕ схызт  ӕмӕ сын загъта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ ацы зӕхх сымахӕн ратдзӕн+. Стыр тас нӕ бауагътат+, ӕмӕ уӕ тӕссӕй ацы зӕххы цӕрджытӕм ныфсы мур нал баззад+, 10  уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йегъовӕ уӕ Египетӕй куы ракодта, уӕд уын уӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд бахус кодта+, стӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты дыууӕ паддзахӕн, Сигон+ ӕмӕ Огӕн+, цытӕ бакодтат, уый дӕр – сӕфты хай сӕ кӕй бакодтат+. 11  Уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстам, уӕд не уӕнгтӕ* адон сты+ ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ ныфс* асаст+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Хуыцау уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр+. 12  Ӕмӕ уӕ ныр курӕг дӕн, расомы мын кӕнут Йегъовӕйӕ+, ӕз уын хорздзинад куыд ракодтон*, афтӕ сымах дӕр мӕ фыды хӕдзаронтӕн хорздзинад кӕй ракӕндзыстут+. Ӕмӕ мын исты бӕлвырд нысан раттут+. 13  Бахъахъхъӕнут мын мӕ фыд+ ӕмӕ мӕ мады цард, стӕй ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ хоты цард ӕмӕ сӕм чидӕриддӕр ис, уыдоны цард дӕр. Нӕ удтӕ нын мӕлӕтӕй бахизут»+. 14  Уӕд ын уыцы дыууӕ лӕджы загътой: «Нӕ дзырд куы нӕ сӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын Хуыцау нӕхи цард байсӕд*+. Кӕд нӕ не схъӕр кӕндзыстут, уӕд уын мах дӕр хорздзинад ракӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, Йегъовӕ нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд»+. 15  Уый фӕстӕ сӕ Раав бӕндӕныл рудзынгӕй ӕруагъта, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уыди горӕты къулы мидӕг, ӕппӕты уӕлейӕ+. 16  Ӕмӕ сын загъта: «Уӕхи хӕхтӕм айсут, цӕмӕй уыл, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдон ма сӕмбӕлой. Ӕртӕ боны уал уым ӕмбӕхсут, цалынмӕ, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕстӕмӕ нӕ раздӕхой, уӕдмӕ. Стӕй уӕд цӕут уӕ фӕндагыл». 17  Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы та йын загътой: «Мах сӕххӕст кӕндзыстӕм, цы дзырд нын раттын кодтай, уый, ӕмӕ дӕ разы аххосджын нӕ уыдзыстӕм+. 18  Ацы зӕхмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд мӕнӕ ацы сырх бӕттӕн хъуамӕ баст уа, кӕцӕй нӕ ӕруагътай, уыцы рудзынгыл. Дӕ фыды, дӕ мады, де ’фсымӕрты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзаронты та се ’ппӕты дӕр дӕ хӕдзары ӕрӕмбырд кӕн+. 19  Дӕ хӕдзары къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ чи рахиза+, уымӕн йӕ туг уыдзӕн йӕхи сӕрыл, мах та аххосджын нӕ уыдзыстӕм. Демӕ хӕдзары мидӕг чи уа, уыдонӕй искӕмӕ куы бавналой, уӕд уый туг та уыдзӕн махыл. 20  Ӕмӕ нӕ куы схъӕр кӕнай+, уӕд дӕр аххосджын нӕ уыдзыстӕм, нӕ дзырд кӕй нӕ сӕххӕст кодтам, уый тыххӕй». 21  Ӕмӕ сын уӕд Раав загъта: «Гъемӕ, куыд загътат, афтӕ уӕд». Уый фӕстӕ сӕ афӕндараст кодта, ӕмӕ сӕ фӕндагыл ацыдысты. Йӕхӕдӕг та рудзынгыл сырх бӕттӕн бабаста. 22  Уыдон ацыдысты хӕхтӕм ӕмӕ уым фесты ӕртӕ боны, цалынмӕ, сӕ фӕдыл чи зылд, уыцы адӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхтысты, уӕдмӕ. Сӕ фӕдыл чи зылд, уыдон сӕ алы фӕндагыл дӕр фӕцагуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой. 23  Ӕмӕ уӕд уыцы дыууӕ лӕджы хӕхтӕй фӕстӕмӕ ӕрцыдысты, донӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ Навины фырт Йесомӕ ’рбацыдысты. Ӕмӕ сыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон ын иууылдӕр радзырдтой. 24  Ӕмӕ йын загътой: «Йегъовӕ нын ацы зӕхх иууылдӕр нӕ къухмӕ радта+. Нӕ тӕссӕй ацы зӕххы цӕрджытӕм ныфсы мур нал баззад»+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «зӕрдӕтӕ».
Кӕнӕ «ӕз уӕм куыд равдыстон ӕнувыд уарзт».
Комк. «нӕ удтӕ амӕлӕнт».