Псалом 139:1—24

Амонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг. 139  О Йегъовӕ, ды мын басгӕрстай мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зоныс+.   Ды йӕ зоныс, кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын+.Мӕ хъуыдытӕ мын дардӕй дӕр базоныс+.   Фӕндагыл уон ӕви мӕ фӕллад уадзон,– ды мӕм фӕкӕсыс+.Ды мын зоныс мӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр+.   Нырма зӕгъгӕ дӕр ницы фӕкӕнын+,Афтӕ йӕ ды фӕзоныс, о Йегъовӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый+.   Ды мӕ хъахъхъӕныс алырдыгӕй дӕрӔмӕ мыл дӕ къух ӕрӕвӕрдтай.   Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕм тынг диссаг кӕсынц+.Мӕ зонд сыл не ’ххӕссы+.   Кӕдӕм фӕцӕудзынӕн дӕуӕй*+,Ӕмӕ кӕдӕм фӕлидздзынӕн дӕ цӕсгомӕй?+   Уӕлӕрвтӕм ссӕуон – уым дӕр мӕ фендзынӕ+.Мӕ хуыссӕн ингӕнмӕ* ныххӕссон – уым дӕр мӕ ссардзынӕ+.   Сӕуӕхсиды базыртӕ дӕр куы райсин+,Цӕмӕй ӕппӕты дарддӕр денджызы был ӕрцӕрон+, 10  Уӕддӕр мӕ уым дӕр кӕнид дӕ къух+,Дӕ рахиз къух мыл хӕцид+. 11  Афтӕ куы зӕгъин: «Талынг мӕ бамбӕхсдзӕн!»+,Уӕд ӕхсӕвы мӕ алыварс уаид рухс+. 12  Талынг дӕр дын ӕгӕр талынг нӕ уаид+,Фӕлӕ дын ӕхсӕв уаид бонау рухс+.Талынг дын рухсӕй уӕлдай нӕ уаид+. 13  Ды мын скодтай мӕ уыргтӕ+.Мӕ мады гуыбыны мӕ хъахъхъӕдтай+. 14  Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ, куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады+.Дӕ хъуыддӕгтӕ сты диссаг+,Ӕмӕ уый мӕ уд хорз зоны+. 15  Сусӕг ран мӕ куы скодтай+,Зӕххы ӕрфыты мӕ хъуымацау куы бауӕфтай+,Уӕд ме стджытӕ дӕуӕй ӕмбӕхст нӕ уыдысты+. 16  Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд+.Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты,Уыцы бонты тыххӕй+,Кӕд ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма уыди, уӕддӕр. 17  Куыд зынаргъ мын сты дӕ хъуыдытӕ!+О Хуыцау, куыд бирӕ сты, куыд!+ 18  Нымайын сӕ куы райдаин, уӕд уаиккой змисӕй дӕр фылдӕр+.Ӕмӕ куы райхъал уон, уӕддӕр ма сӕ нымайдзынӕн+. 19  О Хуыцау, тӕхуды, ӕмӕ фыдгӕнӕджы куы фесафис!+Уӕд, ӕнаххос туг чи калы+, уыдон мӕ ныууадзиккой. 20  Уыдон дӕуӕй дзурынц, сӕхӕдӕг цы хъуыды кӕнынц, уыдӕттӕ+.Де знӕгтӕ+ дын дӕ ном хынджылӕггаг кӕнынц+. 21  Ӕз ме сӕфт уынын, о Йегъовӕ, дӕуӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕй+,Дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон мын сты ӕнад+. 22  Ме сӕфт сӕ уынын+,Уыдон мӕнӕн сты ме знӕгтӕ+. 23  О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон+.Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты+. 24  Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы+,Ӕмӕ мӕ ӕнусон фӕндагыл кӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «дӕ тыхӕй»; «тых» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «шеолмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.