Ромӕгтӕм 5:1—21

5  Ӕмӕ уӕдӕ ныр, нӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнджытыл нымад куы ’рцыдыстӕм+, уӕд, фӕрнӕй+ цӕрӕм Хуыцауимӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы.  Уый фӕрцы ма нын нӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ байгом фӕндаг+ дӕр, ныртӕккӕ хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы стыр хорзӕхмӕ. Гъемӕ уӕдӕ цин кӕнӕм, Хуыцау нӕ кӕй скадджын кӕндзӕн, уый ныфс+ нӕ кӕй ис, ууыл.  Ӕмӕ ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ цин кӕнӕм фыдӕвзарӕнты дӕр+, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: фыдӕвзарӕнты адӕймаг сфидар вӕййы+;  фидардзинад та ӕркӕны уымӕ, ӕмӕ адӕймаг ссары Хуыцауы хорзӕх+; Хуыцауы хорзӕх куы ссары, уӕд та йын фӕзыны ныфс+,  ӕмӕ уыцы ныфсӕй та фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ, хайджын цы сыгъдӕг тыхӕй стӕм+, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ+ Хуыцауы уарзтӕй+ байдзаг сты.  О, тӕригъӕдджын* ма куы уыдыстӕм+, уӕд Чырысти ӕмгъуыды бон амард ӕнӕхуыцау адӕмы тыххӕй+.  Ӕнӕуи зын зӕгъӕн у, ӕмӕ рӕстгӕнӕджы тыххӕй дӕр исчи амӕла+, кӕд хӕрзгӕнӕджы+ тыххӕй уа исчи мӕлӕтмӕ цӕттӕ, ӕндӕр+.  Хуыцау нӕ кӕй уарзы+, уый та ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард+, уымӕй.  Ӕмӕ уӕдӕ кӕд ныр йӕ туджы фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдыстӕм+, уӕд йӕ фӕрцы Хуыцауы мастӕй дӕр куыннӕ аирвӕздзыстӕм+. 10  Кӕд знӕгтӕ уӕвгӕйӕ+ бафидыдтам Хуыцауимӕ йӕ Фырты мӕлӕты руаджы+, уӕд нӕ ныр та, йемӕ куы бафидыдтам, уӕд, уӕлдайдӕр ис уый ныфс, ӕмӕ йӕ царды фӕрцы кӕй фервӕздзыстӕм+. 11  Ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ ма нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы, Хуыцауимӕ кӕй фӕрцы бафидыдтам+, уый руаджы, цин кӕнӕм, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕй стӕм, ууыл дӕр. 12  Гъемӕ иу адӕймаджы+ аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт+, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд+. 13  Цалынмӕ Закъон нӕ уыд, уӕдмӕ дӕр дунейы уыди тӕригъӕд, фӕлӕ, закъон куы нӕ уа, уӕд тӕригъӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы+. 14  Фӕлӕ уӕддӕр Адамӕй Моисейы онг дӕр+ мӕлӕт паддзах уыд, Адам цы тӕригъӕд ракодта+, ахӕм тӕригъӕд чи нӕ ракодта, суанг уыдонӕн дӕр. Адам та у, фидӕны чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый хуызӕн+. 15  Фӕлӕ тӕригъӕды хабар куыд у, лӕвары хабар афтӕ нӕу. Кӕд иу адӕймаджы тӕригъӕды тыххӕй бирӕтӕ амардысты, уӕд Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ лӕварӕй та бирӕтӕ ноджы тынгдӕр схайджын сты. Уыцы лӕвар уый радта, иу адӕймаджы+, Йесо Чырыстийы, фӕрцы адӕмӕн цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уыимӕ иумӕ+. 16  Ӕмӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта+, Хуыцауы лӕвары+ хабар афтӕ нӕу. Иу тӕригъӕды тыххӕй цы тӕрхон+ ӕрцыд хаст, уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр нымад ӕрцыдысты аххосджыныл+. Тӕригъӕдтӕ бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау цы лӕвар ракодта, уый та уымӕ ӕркодта, ӕмӕ бирӕтӕ нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытыл+. 17  Кӕд иу адӕймаджы+ тӕригъӕд уымӕ ӕркодта, ӕмӕ уыцы иуы аххосӕй мӕлӕт паддзах+ уыд, уӕд, Хуыцау рӕдауӕй йе стыр хорзӕхӕй+ кӕмӕн хай кӕны ӕмӕ рӕстгӕнджыты ном кӕмӕн лӕвар кӕны+, уыдонӕй та ноджы фидардӕрӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ иу адӕймаджы, Йесо Чырыстийы+, фӕрцы кӕй цӕрдзысты ӕмӕ паддзӕхтӕ+ кӕй уыдзысты. 18  Уӕдӕ иу тӕригъӕды тыххӕй алыхуызон адӕм аххосджыныл нымад куыд ӕрцыдысты+, афтӕ иу раст хъуыддаджы фӕрцы+ та алыхуызон адӕм+ нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл, цӕмӕй цӕрой+. 19  Иу адӕймаг ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ+ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг коммӕгӕс+ кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ+ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ+. 20  Закъон+ та фӕзынд фӕстӕдӕр, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, адӕм ноджы фылдӕр тӕригъӕдтӕ кӕй аразынц+. Фӕлӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ+ куы сбирӕ сты, уӕд сын Хуыцау та ноджы стырдӕр хорзӕхӕй+ бахай кодта. 21  Цӕмӕн? Цӕмӕй, тӕригъӕд мӕлӕтимӕ+ иумӕ куыд уыд паддзах, афтӕ Хуыцауы стыр хорзӕх+ дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы паддзах уа ӕмӕ цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «лӕмӕгъ».