Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ЗӔДТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗУРЫ?

Зӕдтӕн сӕ бон куыд у махӕн ӕххуыс кӕнын?

Зӕдтӕн сӕ бон куыд у махӕн ӕххуыс кӕнын?

Иузӕрдион зӕдтӕ адӕмы хъуыддӕгтӕм сӕ хъус дарынц ӕмӕ тынг архайынц Йегъовӕйы фӕнд ӕххӕст кӕныныл. Хуыцау зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд зӕдтӕ «иумӕ фырцинӕй... зарыдысты, Хуыцауы фырттӕ иууылдӕр фырцинӕй... хъӕр кодтой» (Иов 38:4, 7). Зӕдты алкӕддӕр фӕндыд бамбарын, фидӕны тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ загъд уыд, уыдон куыд сӕххӕст уыдзысты, уый (1 Петры 1:11, 12).

Библийӕ бӕрӕг у, цӕмӕй-иу Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй-иу зӕдтӕ иуӕй-иу хатт Хуыцауы лӕггадгӕнджыты кӕй бахъахъхъӕдтой (Псалом 34:7). Зӕгъӕм:

  • Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ куы сӕфта, уӕд зӕдтӕ рӕстгӕнӕг Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕн баххуыс кодтой уырдыгӕй алидзынӕн (Райдиан 19:1, 15–26).

  • Рагон Вавилоны ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы судзгӕ пецы куы баппӕрстой, уӕд Хуыцау йӕ зӕды рарвыста ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фервӕзын кодта (Данел 3:19–28).

  • Рӕстгӕнӕг Данел ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕххормаг домбӕйттимӕ дзыхъхъы куы фӕци ӕмӕ удӕгасӕй куы баззад, уӕд загъта: «Мӕ Хуыцау йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй домбӕйтты комыл ныххӕцыдаид» (Данел 6:16, 22).

Зӕдтӕ алкӕддӕр ӕххуыс кодтой Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн

ЗӔДТӔ ӔХХУЫС КОДТОЙ ФЫЦЦАГ ЧЫРЫСТОН ӔМБЫРДӔН

Куы-иу хъуыд, уӕд-иу Хуыцауы ӕрвыст зӕдтӕ фыццаг чырыстон ӕмбырдӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауы фӕнд ӕххӕст кодтаид. Зӕгъӕм:

  • Зӕд ахӕстоны дуар бакодта ӕмӕ апостолты ракодта, цӕмӕй дарддӕр кувӕндоны хъусын кодтаиккой (Хъуыддӕгтӕ 5:17–21).

  • Зӕд хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппӕн загъта, цӕмӕй, Иерусалимӕй Газӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл цы фӕндаг цыд, ууыл ацыдаид ӕмӕ хъусын кодтаид, Иерусалиммӕ Хуыцауӕн кувынмӕ чи ’рцыд, уыцы ефиопаг хицауӕн (Хъуыддӕгтӕ 8:26–33).

  • Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ рӕстӕг куы ’рцыд, цӕмӕй, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдон чырыстӕттӕ суыдаиккой, уӕд зӕд ромаг ӕфсады хицау Корнилимӕ цӕстылуайӕны фӕзынд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй апостол Петры йӕ хӕдзармӕ фӕхуыдтаид (Хъуыддӕгтӕ 10:3–5).

  • Апостол Петр ахӕстоны куы бадт, уӕд ӕм зӕд фӕзынд ӕмӕ йӕ ракодта (Хъуыддӕгтӕ 12:1–11).

ЗӔДТӔН СӔ БОН КУЫД У МАХӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?

Раджы заманты-иу Хуыцау йӕ зӕдты уылты адӕмӕн диссаджы хуызы куыд баххуыс кодта, абон дӕр сын афтӕ кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Фӕлӕ Чырысти нӕ рӕстӕджы тыххӕй загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Зыдтай йӕ, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ ацы куыст зӕдты ӕххуысӕй кӕй кӕнынц?

Зӕдтӕ ӕххуыс кӕнынц хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынӕн

Раргомады чиныджы фыст ис, зӕдтӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй базоной Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Апостол Иоанн ныффыста: «Федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ – уымӕ уыд ӕнусон хорз хабар, цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн, ома алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн, хъусын кӕна цины хабар, ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: „Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд йӕ тӕрхоны сахат! Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!“» (Раргомад 14:6, 7). Нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕй бӕрӕг у, зӕдтӕ ӕгас дунейы дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй ӕххуыс кӕнынц. Ӕмӕ суанг иу тӕригъӕдджын дӕр куы ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайы, уӕддӕр «фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ» (Лукайы 15:10).

Хъусын кӕныны хъуыддаг куы фӕуа, уӕд цы уыдзӕн? Уӕд «уӕларвон ӕфсӕдтӕ», ома зӕдтӕ, паддзӕхты Паддзах Чырыстиимӕ иумӕ Хуыцауы знӕгтимӕ схӕцдзысты. Уыцы хабар Библи хоны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст», ома Армагеддон (Раргомад 16:14–16; 19:14–16). Уыцы хъомысджын зӕдтӕ, Хуыцау ацы дунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый сӕххӕст кӕндзысты, ӕмӕ афтӕмӕй Чырысти, «хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» йӕ маст райсдзӕн (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7, 8).

Уӕдӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, зӕдтӕ нӕм сӕ хъус кӕй дарынц. Уыдон тынг тыхсынц, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоныл. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ бирӕ хӕттыты спайда кӕны, цӕмӕй-иу йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бафидар кӕна ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕна (Дзуттӕгтӕм 1:14).

Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын: зӕххыл цы хорз хабар цӕуы хъуыстгонд, уымӕ байхъусдзӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрдзӕн ӕви нӕ. Ӕввахс дӕм чи цӕры, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ды дӕр Хуыцауы хъомысджын зӕдты ӕххуысӕй хайджын уай.