Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Израилӕгтӕн сӕ бон кӕй уыд ӕхсинӕг кӕнӕ бӕлон нывондӕн ӕрхӕссын, уый хорз цӕмӕй уыд?

МОИСЕЙЫ закъонмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссӕн уыд ӕхсинӕг дӕр ӕмӕ бӕлон дӕр. Нывӕндты тыххӕй закъӕтты алкӕмдӕр сӕ дыууӕйы кой дӕр вӕййы. Ӕмӕ-иу израилӕгтӕн сӕ бон уыд кӕнӕ ӕхсинӕг, кӕнӕ бӕлон нывондӕн ӕрхӕссын (Лев. 1:14; 12:8; 14:30). Уый хорз уымӕй уыд, ӕмӕ-иу ӕхсинӕг алкӕд ӕнцон нӕ уыд ссарын. Цымӕ цӕуылнӕ?

Ӕхсинӕг

Ӕхсинӕг Израилы вӕййы ӕрмӕстдӕр хъарм мӕйты. Октябры атӕхынц хъармдӕр бӕстӕтӕм ӕмӕ Израилмӕ фӕстӕмӕ ӕртӕхынц уалдзӕджы (Сол. з. 2:11, 12; Йер. 8:7). Уымӕ гӕсгӕ-иу рагон Израилы зымӕджы ӕхсинӕг зын уыдаид ссарын.

Бӕлон

Бӕлӕттӕ та хъармдӕр бӕстӕтӕм нӕ атӕхынц. Ӕмӕ-иу сӕ Израилы афӕдзы дӕргъы кӕцыфӕнды афон дӕр уыд ссарӕн. Уымӕй уӕлдай ма бӕлон схонӕн ис хӕдзарон маргъ. (Абар Иоанны 2:14, 16.) Иу чиныджы (Bible Plants and Animals) фыст ис: «Палестинӕйы алы горӕты дӕр ӕмӕ алы хъӕуы дӕр уыди бӕлӕттӕ. Алы хӕдзары дӕр уыди бӕлондӕттӕ. Уыдон уыдысты, къулы мидӕг чи уыд, ахӕм дзыхъхъытӕ». (Абар Исай 60:8.)

Бӕлон бӕлондоны

Куыд федтам, афтӕмӕй израилӕгтӕн сӕ бон уыд, афӕдзы дӕргъы кӕдфӕнды дӕр кӕй ссардтаиккой, ахӕм мӕргътӕ нывондӕн ӕрхӕссын. Уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй уарзта ӕмӕ, сӕ бон цы нӕ уыд, уый сӕ кӕй нӕ домдта.