Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау дыл тыхсы

Хуыцау дыл тыхсы

ХУЫЦАУ нын балӕвар кодта Библи, ӕмӕ дзы ис ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ. Библи медицинон энциклопеди нӕу, фӕлӕ йӕ бон вӕййы адӕймагӕн баххуыс кӕнын, зын уавӕры куы бахауы, тыхст хъуыдытӕ йӕ сӕ быны куы скӕнынц, йӕхимӕ куы ныхъхъусы кӕнӕ йе ’нӕниздзинад куы фӕцуды, уӕд.

Библи нын дзуры, Йегъовӕ a не Сфӕлдисӕг Хуыцау кӕй у. Уый нын куыд ӕмбары нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ не ’нкъарӕнтӕ, афтӕ ничи. Цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр цӕттӕ вӕййы махӕн баххуыс кӕнынмӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар Библийӕ дыууӕ скъуыддзагмӕ. Уыдон дын ныфсы хос фӕуыдзысты.

«Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (ПСАЛОМ 34:18).

«Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (ИСАЙ 41:13).

Фӕлӕ психикӕимӕ баст низтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны? Ууыл дзырд цӕуы иннӕ статьяты.

a Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).