Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъуаг чи ӕййӕфта, уыдонмӕ фӕкастысты

Хъуаг чи ӕййӕфта, уыдонмӕ фӕкастысты

НӔ ЭРӔЙЫ 49 азы Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн – «ӕмбырды цӕджындзтыл кӕй нымадтой, уыдон» – апостол Павелы ӕмӕ йе ’мбал Варнавӕйы арвыстой иннӕ адӕмтӕн хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Стӕй ма сын бафӕдзӕхстой, цӕмӕй, чырыстӕттӕй мӕгуыр чи уыд, уыдоны дӕр ма рох кодтаиккой (Гал. 2:9, 10). Цымӕ уый куыд бакодтой?

Павелы фыстӕджытӕй бӕрӕг у, уыцы хъуыддагмӕ йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый. Зӕгъӕм, Коринфы чырыстӕттӕм ныффыста: «Зӕгъын мӕ фӕнды, сыгъдӕджытӕн цы ӕхца ӕмбырд кӕнут, уый тыххӕй: Галатийы ӕмбырдтӕн куыд бафӕдзӕхстон, сымах дӕр афтӕ кӕнут. Алчидӕр-иу уӕ къуырийӕн йӕ фыццаг бон, цы йӕм ис, уымӕй хицӕнӕй сӕвӕрӕд, йӕ къух цас амоны, уыйбӕрц, цӕмӕй уӕм куы ’рцӕуон, уӕд уын сӕ ма хъӕуа ӕмбырд кӕнын. Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд, фыстӕджыты кӕй тыххӕй ныффыссат, ӕууӕнкджын сты, зӕгъгӕ, уыдоны арвитдзынӕн, цӕмӕй уын уӕ рӕдау лӕвар Иерусалиммӕ фӕхӕццӕ кӕной» (1 Кор. 16:1–3).

Ӕхца цӕмӕн ӕмбырд кӕнынц, уый Павел коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы ногӕй бамбарын кодта: «Ныртӕккӕ уыдон хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм, бирӕ уӕм цы ис, уымӕй фӕкӕсут» (2 Кор. 8:12–15).

Павел н. э. 56 азмӕ ’ввахс ромаг чырыстӕттӕм куы ныффыста, уӕдмӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕхца ӕмбырд фесты. Афтӕ сӕм ныффыста: «Ныр та цӕуинаг дӕн Иерусалиммӕ ӕфсымӕртӕн балӕггад кӕнынмӕ. Македонийы ӕмӕ Ахайы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ исбонӕй зӕрдиагӕй фӕхай кодтой, Иерусалимы ӕфсымӕртӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн» (Ром. 15:25, 26). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Павел уыцы хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодта. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхт ӕмӕ йӕ уым куы ’рцахстой, уый фӕстӕ ромаг хицау Феликсӕн загъта: «Ӕз... ӕрцыдтӕн, цӕмӕй мӕ адӕмӕн ӕхцайӕ баххуыс кодтаин ӕмӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ ӕрхастаин» (Хъуыд. 24:17).

Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ цы зӕрдӕйӕ архайдтой, уый бӕрӕг у, апостол Павел македойнӕгтӕй цы загъта, уымӕй: «Сӕхӕдӕг нын зӕрдиагӕй лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм». Павел коринфӕгты дӕр разӕнгард кодта македойнӕгты бафӕзмынмӕ ӕмӕ ныффыста: «Алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Ӕмбырдтӕ ахӕм рӕдау цӕмӕн уыдысты? Фӕндыди сӕ, цӕмӕй «сыгъдӕджытӕ дӕр парахатӕй райстаиккой, цы хъуаг сты, уый, ӕмӕ ма уыцы лӕггады фӕрцы бирӕтӕ Хуыцауӕн дӕр тынг арфӕ кодтаиккой» (2 Кор. 8:4; 9:7, 12). Абон мах дӕр уый фӕнды. Ӕмӕ, рӕдау кӕй стӕм ӕмӕ кӕй ницы ӕвгъау кӕнӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ Хуыцау ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. Йегъовӕйы арфӕдзинад та адӕймаджы кӕны хъӕздыг (Ӕмб. 10:22).

ЦЫ НЫСАН КӔНЫ ТӔРИГЪӔД КӔНЫН

Искӕмӕн тӕригъӕд кӕнын нысан кӕны, чидӕр кӕйдӕр зын кӕй ӕмбары, йӕ зӕрдӕ йыл кӕй риссы, стӕй йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зын фӕрогдӕр кӕна. «Тӕригъӕд кӕнын»-мӕ цы дзуттаг дзырдтӕ амонынц, уыдонӕй иу у мивдисӕг хама́л (Рац. 2:6; Мал. 3:17). Грекъаг мивдисӕг ойкте́йро нысан кӕны, чидӕр кӕмӕндӕр кӕй тӕригъӕд кӕны, уый равдисын. Номдар ойктирмо́с та амоны зӕрдӕйы ӕнкъарӕнмӕ, кӕйдӕр зын дӕ зӕрдӕмӕ арф куы исай, уымӕ (Ром. 9:15; 12:1; 2 Кор. 1:3; Фил. 2:1; Кол. 3:12). Стӕй ма грекъаг дзырд спла́нхна дӕр («тъӕнгтӕ» кӕнӕ «хуылфыдзаумӕттӕ») иуӕй-иу хатт фӕамоны искӕмӕн тӕригъӕд кӕнынмӕ (1 Иоан. 3:17).

Тӕригъӕд кӕнын Йегъовӕйы хуызӕн ничи зоны. Уый хорз зыны, израилӕгтӕн куыд уыди, уымӕй. Египеты куыд хъизӕмар кодтой, ууыл йӕ зӕрдӕ ӕнӕуи рисгӕ нӕ кодта, фӕлӕ сӕ ӕппынфӕстаг се ’фхӕрджыты къухӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сыл уый фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры дӕр тыхсти, уыди сӕ фарсмӕ (Ис. 63:7–9). Зӕрдӕвӕрд зӕххыл цӕргӕйӕ та-иу ыл кӕд сӕ зӕрдӕ сивтой ӕмӕ-иу се знӕгты къухмӕ бахаудысты, уӕддӕр-иу сӕ фехъуыста, ӕххуысмӕ йӕм куы дзынӕзтой, уӕд ӕмӕ-иу сӕ фервӕзын кодта (Тӕрх. 2:11–19).

Фӕлӕ израилӕгтӕ фӕстагмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтыл фӕсмон дӕр нал кодтой. Алы ран дӕр куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн, сӕ гуымирыты суанг Йегъовӕйы кувӕндонмӕ дӕр бахастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фӕчъизи кодтой. Адӕм пехуымпартӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой. Ӕмӕ Иунӕг Стыр Хуыцауӕн йӕ бон нал уыд, ӕмӕ сын дарддӕр тӕригъӕд кодтаид. Гъемӕ сӕ паддзах Навуходоносоры къухмӕ радта. Афтӕмӕй сӕххӕст кодта, уый размӕ сын пехуымпарты уылты цы тӕрхоны тыххӕй фехъусын кодта, уый (2 Аз. 36:15–17; Йер. 13:14; 21:7; Йез. 5:11; 8:17, 18).

Тӕригъӕд кӕнын кӕд нӕ фӕхъӕуы. Йегъовӕйы хорз чи базыдта, уыдонӕй алчидӕр архайы, цӕмӕй уа уыйау тӕригъӕдгӕнаг, уыйау иннӕты зын ӕмбара (Еф. 4:32–5:1). Фӕлӕ иуӕй-иу хатт раст нӕ вӕййы искӕмӕн тӕригъӕд кӕнын. Кӕд адӕймаг йе ’взӕр митӕ нӕ уадзы ӕмӕ Йегъовӕйы раст закъӕттӕ зонгӕ-зонын халы, уӕд раст нӕ уаид, куы йын тӕригъӕд кӕниккам ӕмӕ йӕм йӕ миты тыххӕй цы ӕфхӕрд ӕмбӕлы, уымӕй йӕ бахизыныл куы архаиккам (Дык. з. 13:6–11; Дзут. 10:28).

Искӕй зондмӕ куы байхъусай ӕмӕ, кӕмӕн не ’мбӕлы, уымӕн куы фӕтӕригъӕд кӕнай, уӕд уый уыдзӕн Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ ӕмӕ хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Уый бӕрӕг у паддзах Саулы хабарӕй. Саулы рӕстӕджы хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Хуыцау амаликӕгтӕн кӕй рахаста, уыцы тӕрхон. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд семӕ фыццаг ацы адӕм схӕцыдысты. Гъемӕ Саулӕн загъд уыд, ма-иу сын фӕтӕригъӕд кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Саул йӕ адӕмы зондмӕ байхъуыста ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кодта. Уый тыххӕй Йегъовӕ загъта, Саул паддзах нал уыдзӕн, зӕгъгӕ (1 Сам. 15:2–24). Уӕдӕ цӕмӕй адӕймагыл Саулы рӕдыд ма ’рцӕуа ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр фидарӕй ӕууӕнда, Йегъовӕйы закъӕттӕ раст кӕй сты, ууыл ӕмӕ йыл цыфӕнды уавӕрты дӕр иузӕрдион уа.