Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз цӕттӕ зиу бирӕ тыллӕг ӕрхаста

Хорз цӕттӕ зиу бирӕ тыллӕг ӕрхаста

Зынгзӕрдӕ ӕрыгон хъусынгӕнӕг Марийӕ Исабель цӕры горӕт Сан-Бернардойы, Чилийы (Хуссар Америкӕ). Марийӕйы бинонтӕ сты мапуче адӕмыхаттӕй. Ӕгас бинонтӕй дӕр зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй мапуче ӕвзагыл ӕмбырд фӕзындаид.

Куы сын фехъусын кодтой, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр мапуче ӕвзагыл дӕр кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ се ’взагыл 2 000 хуынды гӕххӕтты байуарын кӕй хъӕудзӕн, уӕд Марийӕ Исабель хъуыды кӕнын райдыдта, уымӕн та йӕ бон цы уыдзӕн саразын. Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, иннӕ ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ-иу се ’мкъласонтӕн ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕн ӕнтыстджынӕй кӕй хъусын кодтой, уый. Стӕй йӕ ныййарджытимӕ аныхас кодта ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй ахъуыды кӕна, скъолайы хуынды гӕххӕттытӕ куыд дӕтдзӕн, ууыл. Цымӕ цы ’рхъуыды кодта?

Фыццаг уал Марийӕ Исабель скъолайы администрацийӕ бар ракуырдта, цӕмӕй скъолайы бахизӕны хуынды гӕххӕтт бакодтаид. Уыдон ын бар радтой ӕмӕ ма дзы ӕппӕлгӕ дӕр ракодтой. Иу райсом ма скъолайы директор линейкӕйы рӕстӕг микрофонӕй фехъусын кодта хуынды гӕххӕттыты тыххӕй.

Уый фӕстӕ Марийӕ Исабель ахуыргӕнджыты бафарста, цӕмӕй алы къласмӕ дӕр бацӕуа ӕмӕ фӕхона, мапуче адӕмыхаттӕй дзы чи ис, уыцы сывӕллӕтты. Ахуыргӕнджытӕ йын бар радтой. Марийӕ Исабель загъта: «Ӕз хъуыды кодтон, ӕгас скъолайы дӕр мапуче адӕмыхаттӕй кӕд уа иу-10–15 адӕймаджы. Фӕлӕ уыдысты бирӕ фылдӕр – байуӕрстон 150 хуынды гӕххӕтты!»

«УЫЙ ӔНХЪӔЛ УЫД, СТЫР АДӔЙМАГ ӔМ КӔЙ РАЦӔУДЗӔН»

Иу сылгоймаг скъолайы бахизӕны хуынды гӕххӕтт бакаст ӕмӕ бафарста, уый фӕдыл йӕ бон кӕимӕ у аныхас кӕнын. Йӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, 10-аздзыд чызг ӕм куы рацыд, уӕд! «Уый ӕнхъӕл уыд, стыр адӕймаг ӕм кӕй рацӕудзӕн»,– худгӕйӕ дзуры Марийӕ Исабель. Хуынды гӕххӕтт ын радта ӕмӕ йын Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй цыбыртӕй радзырдта. Стӕй уыцы сылгоймаджы адрис райста, цӕмӕй йӕм йӕ ныййарджытимӕ бацыдаид ӕмӕ йын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр радзырдтаид. Мапуче ӕвзагыл чи хъусын кодта, уыцы 20 адӕймаджы тынг цин кодтой – Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыдысты уыцы сылгоймаг ӕмӕ ма ноджыдӕр 26 адӕймаджы мапуче адӕмыхаттӕй. Абон дзы ис хъусынгӕнджыты къорд нӕ, фӕлӕ фылдӕрӕй-фылдӕр чи кӕны, ахӕм ӕмбырд!

Цасфӕнды дыл ма цӕуа, дӕуӕн дӕр дӕ бон у, кӕимӕ ахуыр кӕныс кӕнӕ кӕимӕ кусыс, уыдоны Ӕрымысӕн изӕрмӕ, ӕмбырды раныхасмӕ кӕнӕ облӕстон конгресмӕ хонын. Дӕ бон у нӕ публикациты бацагурын, ацы хъуыддаджы иннӕ хъусынгӕнджытӕ ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдысты, уый фӕдыл хорз цаутӕ. Стӕй ма дӕ бон у Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнай (Лук. 11:13). Хорз цӕттӕ куы уай, уӕд, ӕнхъӕл куыд нӕ дӕ, афтӕ бирӕ дын бантысдзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ ныфсыл ныфс ӕфтдзӕн.