Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат

Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат

«Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕрдзӕни» (ИОАН. 2:17).

ЗАРДЖЫТӔ: 127, 118

1, 2. а) Раджы заманты Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕм куывтой? б) Йегъовӕйӕн Иерусалимы цы кувӕндон уыди, уымӕ Йесо цы зӕрдӕ дардта? в) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ЙЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр уыди, сӕ Хуыцауӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ. Зӕгъӕм, Авел Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ куы хаста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сарӕзта нывондхӕссӕн (Райд. 4:3, 4). Ной, Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ Моисей дӕр арӕзтой нывондхӕссӕнтӕ (Райд. 8:20; 12:7; 26:25; 35:1; Рац. 17:15). Израилӕгтӕ та Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сарӕзтой цатыр (Рац. 25:8). Фӕстӕдӕр та йын сарӕзтой кувӕндон (1 Пад. 8:27, 29). Дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ’рыздӕхтысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмбырд кодтой ӕмбырдгӕнӕнты (Мар. 6:2; Иоан. 18:20; Хъуыд. 15:21). Фыццаг чырыстӕттӕ та ӕмбырд кодтой хӕдзӕртты (Хъуыд. 12:12; 1 Кор. 16:19). Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы адӕм ахуыр кӕнынц ӕмӕ Хуыцауӕн кувынц Паддзахады залты – ӕгас зӕххыл дӕр сты дӕсгай минтӕ.

2 Йегъовӕйӕн Иерусалимы цы кувӕндон уыди, уымӕн Йесо тынг аргъ кодта. Уыцы кувӕндон куыд тынг уарзта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕры» (Пс. 69:9; Иоан. 2:17). Паддзахады зал, Иерусалимы цы кувӕндон уыд, уыйау «Йегъовӕйы хӕдзар» схонӕн нӕй (2 Аз. 5:13; 33:4). Фӕлӕ уӕддӕр уый у, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат, ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрдмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ Паддзахады залты нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, стӕй сӕм куыд хъуамӕ зилӕм ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн ӕхцайӕ куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм *.

НЕ ’МБЫРДТӔН АРГЪ КӔНӔМ

3–5. Паддзахады залтӕ цӕмӕн хъӕуынц ӕмӕ не ’мбырдтӕм цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

3 Паддзахады зал у, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн бакувынмӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынат. Не ’мбырдтӕ нын сты Хуыцауы лӕвар ӕмӕ йӕм уыдоны фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ӕмбырдты нын йӕ организаци разамынд дӕтты ӕмӕ нӕ фидар кӕны. Ӕмбырдтӕм чи ’рбацӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт фӕхонынц. Ӕмӕ нын алы къуыри дӕр «Йегъовӕйы фынгӕй» хӕрыны фадат кӕй вӕййы, уымӕ хъуамӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы кӕсӕм (1 Кор. 10:21).

4 Хуыцауӕн кӕм кувӕм ӕмӕ кӕрӕдзи кӕм фидар кӕнӕм, уыцы ӕмбырдтӕм цӕуын тынг ахсджиаг у. Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ апостол Павелы уылты зӕгъы, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.) Уӕдӕ исты хабар ма ’рцӕуа, ӕндӕр ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕмбырдты тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, нӕхи сӕм куы цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд (Пс. 22:22).

5 Ӕмбырдты нӕхи куыд фӕдарӕм ӕмӕ Паддзахады залмӕ куыд зилӕм, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйӕн кӕй кад кӕнӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ уагахаст Йегъовӕйы номӕн кад хӕсса. (Абар 1 Паддзӕхты 8:17.)

6. Паддзахады залты тыххӕй ӕмӕ дзы цы адӕм вӕййы, уыдоны тыххӕй иуӕй-иутӕ цы фӕзӕгъынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

6 Нӕ Паддзахады залӕн куы фӕаргъ кӕнӕм, уӕд уый иннӕ адӕм дӕр бафиппайынц. Зӕгъӕм, Турцийы иу нӕлгоймаг загъта: «Паддзахады зал куыд сыгъдӕг ӕмӕ куыд аив у, уый мӕ дисы бафтыдта. Цы адӕм дзы уыди, уыдон дӕр уыдысты аив конд, иууылдӕр сӕ мидбылты худтысты ӕмӕ мыл тынг бацин кодтой. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди». Уыцы нӕлгоймаг ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райста. Индонезийы та иу горӕты ӕфсымӕртӕ Паддзахады зал куы сарӕзтой, уӕд сӕ ног зал фенынмӕ фӕхуыдтой сыхӕгты, мэры ӕмӕ ӕндӕр хицӕутты. Мэрӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди, зал куыд бӕстон ӕмӕ куыд рӕсугъд арӕзт у, уый, стӕй йын йӕ кӕрт алыхуызон дидинджытӕй куыд срӕсугъд кодтой, уый дӕр, ӕмӕ загъта: «Ацы залы сыгъдӕгдзинадӕй бӕрӕг у, ӕцӕг уырнӕг адӕм кӕй стут, уый».

Нӕхи куыд дарӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн кад кӕнӕм ӕви нӕ (кӕс 7, 8 абзацтӕ)

7, 8. Паддзахады залы куы вӕййӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

7 Ӕмбырдтӕм нӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг хоны, ӕмӕ, куыд конд вӕййӕм ӕмӕ нӕхи куыд фӕдарӕм, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй йын кад кӕнӕм. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Паддзахады залы цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы хъуыддаджы иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕгӕр карз вӕййынц. Чидӕртӕ та ӕмбырдмӕ ӕнӕпълан кӕндтытӕй ӕрбацӕуынц, стӕй сӕхи ӕгӕр уӕгъдибар фӕдарынц. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгты хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ уазджытӕн дӕр ӕхсызгон уа Паддзахады залмӕ ӕрбацӕуын. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’мбырдты кад дӕлӕмӕ кӕнӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдтӕм куыдфӕндыйы кондӕй нӕ фӕцӕуӕм, фембӕлды рӕстӕг СМС-тӕ нӕ фӕфыссӕм, нӕ фӕныхас кӕнӕм, стӕй хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм. Ныййарджытӕ та хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕной, Паддзахады залы хъазын ӕмӕ ралидз-балидз кӕнын кӕй не ’мбӕлы (Еккл. 3:1).

8 Йесо Хуыцауы кувӕндоны уӕйгӕнджыты куы федта, уӕд смӕсты, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ратардта (Иоан. 2:13–17). Нӕ Паддзахады зал дӕр у, Йегъовӕйӕн кӕм фӕкувӕм ӕмӕ нӕ кӕм фӕахуыр кӕны, ахӕм бынат. Уӕдӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтӕ нӕ лӕггадмӕ куы нӕ хауой, уӕд сӕ уым кӕнын не ’мбӕлы. (Абар Неемийы 13:7, 8.)

ПАДДЗАХАДЫ ЗАЛТӔ АРАЗЫНӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ

9, 10. а) Йегъовӕйы адӕм Паддзахады залтӕ куыд фӕаразынц ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы цы бантыст? б) Паддзахады зал саразыны фӕрӕзтӕ кӕмӕ нӕй, уыцы ӕмбырдтӕн стыр ӕххуыс цавӕр хъуыддаг у?

9 Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы адӕм стыр фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй Паддзахады залтӕ арӕзт цӕуой. Барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ проекттӕ скӕнынц, залтӕ фӕаразынц ӕмӕ сӕ фӕцалцӕг кӕнынц. Нӕ организаци ма скодта сӕрмагонд программӕ, цӕмӕй Паддзахады залтӕ арӕзт цӕуой мӕгуыр бӕстӕты дӕр. Ӕмӕ 1999 азы 1 ноябрӕй абоны онг ӕгас дунейы дӕр арӕзт ӕрцыд 28 000 рӕсугъд Паддзахады залӕй фылдӕр. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстаг 15 азы дӕргъы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы бон дӕр арӕзт цыди фондз залы!

10 Паддзахады залтӕ аразын кӕм фӕхъӕуы, уырдӕм Йегъовӕйы организаци арвиты барвӕндон лӕггадгӕнджыты ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн мысайнӕгтӕй дӕр баххуыс кӕны. Ӕмӕ уый у Библийы фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, бирӕ кӕмӕ ис, уыдон фӕкӕсӕнт, хъуаг чи ӕййафы, уыдонмӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 8:13–15.) Уый фӕрцы, сӕхи тыхтӕй зал саразын кӕмӕн никуы бантыстаид, ахӕм ӕмбырдтӕн фӕзынди рӕсугъд Паддзахады залтӕ.

11. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сӕ ног Паддзахады залы тыххӕй цы фӕзӕгъынц ӕмӕ ды та уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

11 Коста-Рикӕйӕ иу ӕмбырд ныффыста: «Нӕ Паддзахады залы раз куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ фын уынӕм! Уырнгӕ дӕр нӕ нӕ кӕны. Нӕ рӕсугъд зал суанг лыстӕг хабӕртты онг ӕрмӕстдӕр аст бонмӕ фӕци арӕзт! Уымӕн гӕнӕн уыди Йегъовӕйы фӕрцы, йӕ организаци цы куыст кӕны, уый фӕрцы ӕмӕ нӕ зынаргъ ӕфсымӕрты ӕххуысы фӕрцы. Нӕ кувӕндон ӕцӕгдӕр у, Йегъовӕ нын кӕй радта, уыцы зынаргъ лӕвар. Нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй!» Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ Йегъовӕйӕ йӕ лӕвӕртты тыххӕй куыд бузныг сты, уый хъусын махӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы. Мах дӕр фӕцин кӕнӕм, дунейы алы бӕстӕты не ’фсымӕртӕн сӕхи Паддзахады залтӕ кӕй фӕзыны, ууыл. Бӕрӕг у, уыцы хъуыддагӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ, куыддӕр Паддзахады зал арӕзт ӕрцӕуы, афтӕ ӕмбырдтӕм фылдӕр адӕм цӕуын райдайы ӕмӕ сӕ нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы тыххӕй базонын бафӕнды (Пс. 127:1).

12. Дӕ бон куыд у Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын?

12 Дӕуӕн та дӕ бон куыд у Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын? Чи зоны, дӕ бон у барвӕндон кусӕгӕй балӕггад кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын. Уыцы хъуыддагӕн, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй куы феххуыс кӕнӕм, уӕд тынг фӕцин кӕнӕм. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауы адӕм рагзаманты дӕр уыцы хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй кӕй лӕвӕрдтой, ӕмӕ абон мах дӕр афтӕ кӕнӕм (Рац. 25:2; 2 Кор. 9:7).

НӔ ПАДДЗАХАДЫ ЗАЛ СЫГЪДӔГ ДАРӔМ

13, 14. Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕй у бӕрӕг, нӕ Паддзахады зал сыгъдӕг ӕмӕ аив кӕй хъуамӕ уа?

13 Мах лӕггад кӕнӕм сыгъдӕг Хуыцауӕн, уаг ӕмӕ ӕгъдау чи уарзы, уыцы Хуыцауӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Паддзахады зал дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ аив. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40.) Стӕй ма нӕ цӕмӕй Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрмӕст нӕ лӕггад, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ма уой сыгъдӕг, фӕлӕ нӕ буар дӕр (Рарг. 19:8).

14 Нӕ Паддзахады зал сыгъдӕг ӕмӕ аив куы уа, уӕд адӕмы не ’мбырдтӕм хонын не ’фсӕрмы кӕндзыстӕм. Куы ’рбацӕуой ӕмӕ нын нӕ зал куы феной, уӕд ӕй бамбардзысты, адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕй кӕнӕм. Бамбардзысты, сыгъдӕг Хуыцауӕн, тагъд рӕстӕджы ӕгас зӕххыл дӕр рӕсугъд дзӕнӕт чи скӕндзӕн, уымӕн, кӕй лӕггад кӕнӕм (Ис. 6:1–3; Рарг. 11:18).

15, 16. а) Паддзахады залмӕ зилын алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр уый ахсджиаг цӕмӕн у? б) Уе ’мбырды цы арӕзт цӕуы, цӕмӕй уӕ Паддзахады зал ӕфснайд уа? Махӕй алкӕуыл дӕр цавӕр кадджын хӕс ис?

15 Сыгъдӕгдзинадмӕ адӕм иухуызон цӕстӕй нӕ кӕсынц. Арӕх уый баст вӕййы, цы уавӕрты схъомыл сты, ууыл. Чидӕртӕ та цӕрынц, тынг рыг кӕм вӕййы, ахӕм ран кӕнӕ, ӕвзӕр фӕндӕгтӕ кӕм ис ӕмӕ уый тыххӕй чъизи ӕмӕ цъыф кӕм вӕййы, уым. Стӕй кӕмдӕрты та дон нӕ вӕййы йе та дзы сапӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ зын ссарӕн у. Фӕлӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ нӕ алыварс адӕм сыгъдӕгдзинадмӕ куыдфӕнды ма кӕсой, уӕддӕр хъуамӕ нӕ Паддзахады залмӕ зилӕм, цӕмӕй сыгъдӕг ӕмӕ аив уа. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат (Дык. з. 23:14).

16 Цӕмӕй нӕ Паддзахады зал алкӕддӕр сыгъдӕг уа, уый тыххӕй алцыдӕр хъӕуы пълан кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ график скӕной ӕмӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, ӕфснайынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый фаг ис ӕви нӕ, уымӕ. Стӕй ма хъуамӕ сӕ хъус дарой, зал ӕфснайд куыд цӕуы, уымӕ дӕр. Цыдӕртӕ фӕхъӕуы алы ӕмбырды фӕстӕ дӕр ӕфснайын, цавӕрдӕр куыстытӕ та афтӕ арӕх кӕнын нӕ фӕхъӕуы, ӕмӕ уыдӕттӕй рохуаты хъуамӕ мацы зайа. Ӕмбырды алкӕуыл дӕр ис уыцы кадджын хӕс, цӕмӕй Паддзахады зал ӕфснайынӕн ӕххуыс кӕна.

НӔ ПАДДЗАХАДЫ ЗАЛМӔ ЗИЛӔМ

17, 18. а) Рагзаманты Йегъовӕйы адӕм кувӕндонмӕ куыд зылдысты, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Нӕ Паддзахады залмӕ цӕмӕн хъуамӕ зилӕм?

17 Ахсджиаг ма у, цӕмӕй-иу нӕ Паддзахады зал, куы хъӕуа, уӕд цалцӕг дӕр бакӕнӕм. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ рагзаманты дӕр афтӕ кодтой. Зӕгъӕм, Иудӕйы паддзах Иоас сауджынтӕн загъта, цӕмӕй, адӕм кувӕндонӕн мысайнагӕн цы ’хца лӕвӕрдтой, уымӕй цалцӕг кодтаиккой, «кувӕндоны цалцӕггӕнинаг цы уыдаид, уый» (2 Пад. 12:4, 5). Уымӕй 200 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд паддзах Иоси дӕр кувӕндоны мысайнӕгты фӕрцы Хуыцауы хӕдзар сцалцӕг кодта. (Бакӕс 2 Азфыстыты 34:9–11.)

18 Иуӕй-иу филиалтӕ бафиппайдтой, сӕ бӕстӕйы адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ӕмӕ сӕ мигӕнӕнтӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ зилынц. Афтӕ, чи зоны, уымӕн у, ӕмӕ уыцы бӕстӕты бирӕтӕ ахӕм куыстытӕ кӕнын нӕ зонынц йе та сӕм уый фаг ӕхца нӕй. Фӕлӕ мах нӕ Паддзахады зал афоныл куы нӕ цалцӕг кӕнӕм, уӕд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцӕудзӕн. Уый адӕм дӕр бафиппайдзысты ӕмӕ уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хорзы кой нӕ кӕндзысты. Фӕлӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, цӕмӕй нӕ Паддзахады зал хорз уавӕры уа, уӕд Йегъовӕйы дӕр кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ не ’фсымӕрты мысайнӕгтӕ дӕр фӕстауӕрц кӕндзыстӕм.

Нӕ Паддзахады залмӕ хъуамӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ зилӕм (кӕс 16, 18 абзацтӕ)

19. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕйӕн кӕм кувыс, уыцы бынатӕн кӕй аргъ кӕныс?

19 Паддзахады зал у, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой, ахӕм агъуыст. Уый цавӕрдӕр адӕймаджы кӕнӕ кӕцыдӕр ӕмбырды агъуыст нӕу, залы документты цыфӕнды фыст ма уа, уӕддӕр. Ацы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй нын Библийы фыст уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынатмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Йегъовӕйӕн куы кад кӕнӕм, уӕд не ’мбырдтӕн дӕр ӕмӕ нӕ Паддзахады залӕн дӕр аргъ кӕндзыстӕм. Стӕй Паддзахады залтӕ аразынӕн дӕр мысайнӕгтӕ ӕхсызгонӕй дӕтдзыстӕм ӕмӕ сӕм куыд ӕмбӕлы, афтӕ зилдзыстӕм. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, мах дӕр Йесойау, Йегъовӕйӕн кӕм кувӕм, уыцы бынатыл кӕй мӕт кӕнӕм ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм (Иоан. 2:17).

^ 2 абз. Ацы статьяйы дзырд цӕуы Паддзахады залтыл, фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ӕвзӕрст цӕуы, уыдон хауынц Конгрессты залтӕм дӕр ӕмӕ ма Йегъовӕйӕн кувынӕн кӕм ӕрӕмбырд вӕййӕм, ӕндӕр ахӕм бынӕттӕм дӕр.