Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы нын дзуры Чырысти

Ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй

Ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй

Хуыцауӕн ном ис?

Йесо Чырысти ахуыр кодта, Хуыцауӕн ном кӕй ис, ууыл: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном“» (Матфейы 6:9). Библи дзуры, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у (Псалом 83:18). Йесо йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй загъта: «Ӕз сын дӕ ном раргом кодтон» (Иоанны 17:26).

Чи у Йегъовӕ?

Чырысти Йегъовӕйы хуыдта «иунӕг ӕцӕг Хуыцау», уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Сфӕлдисӕг у (Иоанны 17:3). Йесо загъта: «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста?» (Матфейы 19:4). Стӕй ма загъта: «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ Уд» (Иоанны 4:24). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу Хуыцауы фенын (Рацыд 33:17–20).

Хуыцау нын цы фӕдзӕхсы?

Чырыстийы иу лӕг куы бафарста, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд ын загъта: «Фыццаг фӕдзӕхст у ахӕм: „Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ“. Дыккаг фӕдзӕхст та у ахӕм: „Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр“» (Марчы 12:28–31).

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

Йесо загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын». Уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? «Аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ» (Иоанны 14:31). Стӕй ма загъта: «Ӕз алкӕддӕр, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоанны 8:29). Мах дӕр Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, хуыздӕр ӕй куы базонӕм, уӕд. Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй куы куывта, уӕд загъта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» (Иоанны 17:3; 1 Тимофеймӕ 2:4).

Нӕ бон куыд у Хуыцауы базонын?

Хуыцауы базонӕн ис, цы сфӕлдыста, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд. Зӕгъӕм, Чырысти загъта: «Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» Ацы цӕвитонӕй нын Йесо цы ӕмбарын кодта? Цардыл ӕгӕр кӕй мӕт кӕнӕм, уый нӕ хъуамӕ ма бакъуылымпы кӕна Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Матфейы 6:26–33).

Цӕмӕй Йегъовӕйы базонӕм, уый тыххӕй нын ӕппӕты хуыздӕр баххуыс кӕндзӕн, йӕ Ныхас Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд. Йесо Чырысти Фыстад хуыдта «Хуыцауы ныхас» (Лукайы 8:21). Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас у ӕцӕгдзинад» (Иоанны 17:17; 2 Петры 1:20, 21).

Чырысти адӕмӕн ӕххуыс кодта Йегъовӕйы базонынӕн. Йесойы тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» (Лукайы 24:32). Цӕмӕй Хуыцауы базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ нӕ фӕнда ахуыр кӕнын. Чырысти загъта: «Куы нӕ фӕиват ӕмӕ гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ суат, уӕд уӕларвон паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут» (Матфейы 18:3).

Хуыцауы куы базонӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм?

Мах фӕнды зонын, цӕмӕн цӕрӕм, уый ӕмӕ нын ӕй Хуыцау ӕмбарын кӕны. Чырысти загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары» (Матфейы 5:3). Йегъовӕ нын амоны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг. «Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!»– загъта Йесо (Лукайы 11:28; Исай 11:9).

Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 1 сӕр

[Ныв 16 фарсыл]

«Ӕз сын дӕ ном раргом кодтон» (Иоанны 17:26)

[Нывтӕ 16, 17 фарсыл]

Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон у базонын, цы сфӕлдыста, уымӕй ӕмӕ Библийӕ