Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти Хуыцау у?

Йесо Чырысти Хуыцау у?

Йесо Чырысти Хуыцау у?

Арӕх фӕзӕгъынц:

▪ «Чырысти Хуыцау у».

▪ «Чырысти уыд Хуыцау, фӕлӕ адӕймаджы буары».

Чырысти та цы загъта?

▪ «Куы мӕ уарзиккат, уӕд цин кӕниккат, мӕ Фыдмӕ кӕй цӕуын, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28). Йесо йӕхи йӕ Фыды ӕмсӕр никуы ӕвӕрдта.

▪ «Цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ» (Иоанны 20:17). Йесо йӕхи Хуыцау нӕ хуыдта. Хуыцауы тыххӕй цы дзырдта, уымӕй бӕрӕг уыд, Хуыцау ӕндӕр чидӕр кӕй у.

▪ «Ӕз мӕхи фӕндӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ мын мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый» (Иоанны 12:49). Йесо йӕхи зондӕй нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ йын йӕ Фыд куыд амыдта, афтӕ.

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ дзырдта, Хуыцауы Фырт кӕй у, йӕхи Хуыцау нӕ хуыдта. Кӕд Йесо Хуыцау уыд, уӕд кӕмӕ куывта, зӕххыл куы уыд, уӕд? (Матфейы 14:23; 26:26–29). Цыма кӕимӕдӕр ныхас кӕны, ахӕм ӕфсон нӕ кодта.

Чырыстийӕн йӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы куы балӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын йӕ Паддзахады бынат скӕна, уӕд сын загъта: «Мӕ рахиз фарс ӕмӕ мӕ галиу фарс чи ӕрбаддзӕн, уый мӕнӕй кӕнгӕ нӕу. Уыцы бынӕтты ӕрбаддзысты, мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон» (Матфейы 20:23). Уый бар ын нӕй, куы загъта, уӕд цымӕ сайгӕ кодта? Нӕ сайдта. Сӕрныллӕгӕй загъта, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссыны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй ис. Стӕй ма Чырысти загъта, иуӕй-иу хабӕрттӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ зӕдтӕ дӕр кӕй нӕ зонынц, зоны сӕ ӕрмӕстдӕр йӕ Фыд (Марчы 13:32).

Чырысти зӕххыл куы царди, ӕрмӕстдӕр уӕд уыди Хуыцауӕй дӕлдӕр? Нӕ. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй суанг йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасдзинады фӕстӕ дӕр Чырысти уыд Хуыцауы дӕлбар. Апостол Павел нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Библийы фыст ис, фидӕны Хуыцау «ӕппӕт дӕр куы бакӕна йӕ бар, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ къӕхты бын чи ӕрӕвӕрдта, уый бар, цӕмӕй Хуыцау уа алкӕмӕн дӕр алцыдӕр» (1 Коринфӕгтӕм 15:28).

Бӕрӕг у, Чырысти Хуыцау кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ Фыдӕй дзырдта, «мӕ Хуыцау», зӕгъгӕ (Раргомад 3:2, 12; 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4) *.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 201–204 фф. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

Чырысти загъта, иуӕй-иу хабӕрттӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ зӕдтӕ дӕр кӕй нӕ зонынц, зоны сӕ ӕрмӕстдӕр йӕ Фыд