Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ!

Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ!

ИСЧИ дӕ куы бафӕрсид, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый иу ныхасӕй куыд зӕгъис, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис? Н. э. размӕ 8 ӕнусы пехуымпар Исай цӕстылуайӕны федта, зӕдтӕ Йегъовӕ Хуыцауы куыд кадджын кодтой ӕмӕ йӕ сыгъдӕг Хуыцау куыд хуыдтой, уый. Исай цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн кад дӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Исайы 6:1–3 стихтӕ кӕсгӕйӕ-ма хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн.

Исай цы федта? «Ӕз федтон Йегъовӕйы. Уый бадти бӕрзонд ӕмӕ кадджын паддзахбадӕныл»,– фыссы Исай (1 стих). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Исай Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы нӕ федта. Адӕймагӕн йӕ бон нӕу, уӕлӕрвты чи цӕры, уыдоны фенын. Библийы дӕр уый тыххӕй фыст ис: «Адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта» (Иоанны 1:18). Исай цы федта, уый уыди цӕстылуайӕн *. Фӕлӕ йӕм афтӕ кӕй фӕкаст, цыма ӕцӕгдӕр уӕлӕрвты ис ӕмӕ Йегъовӕйы уыны, уый тыххӕй дзы тас бацыд.

Уый фӕстӕ Исай цӕстылуайӕны цы диссаг федта, уый ӕндӕр ничи федта. Исай фыссы: «[Йегъовӕйы] алыварс лӕууыдысты серафимтӕ. Алкӕцыйӕн дӕр дзы уыди ӕхсӕз базыры. Дыууӕ базырӕй сӕ цӕсгӕмттӕ ӕмбӕрзтой, дыууӕ базырӕй – сӕ къӕхтӕ, дыууӕ базырӕй та кодтой тӕхгӕ» (2 стих). Серафимтӕ сты, бӕрзонд бынат чи ахсы, ахӕм зӕдтӕ. Ӕмӕ Библийы фысджытӕй сӕ кой кӕны ӕрмӕстдӕр Исай. Серафимтӕ алкӕддӕр цӕттӕйӕ лӕууынц, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕной. Сӕ цӕсгӕмттӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ӕмбӕрзт кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕфсӕрмы кӕнынц ӕмӕ йын стыр кад кӕнынц ӕмӕ стыр кадыл нымайынц, йӕ разы лӕууыны бары сын кӕй ис, уымӕн.

Исайы тас бацыд, цы федта, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма цы фехъуыста, уый тыххӕй дӕр. Уӕлӕрвты серафимты хор зарӕджы сӕ хъӕлӕстӕ бӕрзонд систой. Исай фыссы: «Уыдон кӕрӕдзийӕн хъӕрӕй дзырдтой: „Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ!“» (3 стих). Дзырд «сыгъдӕг» цы рагон дзуттаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уымӕн ис алыхуызон нысаниуджытӕ, ӕмӕ сӕ иу у, тӕригъӕдыл нымад цы у, уымӕй дард лӕууын ӕмӕ дзы хи сыгъдӕг дарын. Серафимтӕ заргӕйӕ ӕртӕ хатты «сыгъдӕг» кӕй загътой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕгдзинадӕн ӕмбал нӕй (Раргомад 4:8). Сыгъдӕгдзинад ӕвдисы, цавӕр Хуыцау у, уый. Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр у сыгъдӕг, табуйаг ӕмӕ ӕнӕфау.

Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уый кӕй зонӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йӕм баввахс уӕм. Цӕмӕн? Йегъовӕ нӕу зӕххон гӕртамхор ӕмӕ ӕгъатыр хицӕутты хуызӕн, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕдыл нымад цы у, уымӕй дард лӕууы. Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ алы хатт дӕр уыдзӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм Фыд, рӕстаг Хицау ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг. Уӕдӕ нӕ фидарӕй уырнӕд, сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕ нӕ кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн, ууыл.

Декабры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын

Исай 1–23

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. «Фыстады ӕмбарынад»-ы фыст ис: «Хуыцау-иу адӕймагӕн хъалӕй цӕстылуайӕн куы равдыста, уӕд-иу йӕ зонды баззад. Ӕмӕ-иу ӕй уый фӕстӕ адӕймаг ӕрхъуыды кодта ӕмӕ-иу ӕй йӕхи ныхӕстӕй бамбарын кодта кӕнӕ ныффыста» (Insight on the Scriptures). Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 26 фарсыл]

Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм