Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Армагеддоны хӕст кӕд райдайдзӕн?

Армагеддоны хӕст кӕд райдайдзӕн?

«Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй... Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм» (РАРГОМАД 7:9, 14).

АРМАГЕДДОНЫ хӕстмӕ бирӕ нал хъӕуы. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Абон ӕгас зӕххыл дӕр ис, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ, Библи ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармы тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм адӕм. Хуыцауы фӕрцы милуангай адӕм ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй цӕрынц ӕмвӕнд-ӕмзондӕй ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзынц. Уыдон сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Иоанны 13:35).

Хуыцауы адӕм сӕхицӕн сабырӕй цӕрынц, ӕмӕ афтӕ зыны, цыма сӕ сӕрыл чи рахӕца, уый дӕр сын нӕй. Ӕмӕ тагъд Хӕйрӕг йе ’ппӕт ӕфсӕдтӕ, ома ӕгас дунейы дӕр йӕ зондыл чи цӕуы, уыдоны, ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ уыцы сабыр адӕмы ныхмӕ ракӕндзӕн (Йезекил 38:8–12; Раргомад 16:13, 14, 16). Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм? Библийы фыст ис бӕлвырд хабӕртты тыххӕй, ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон у базонын, Армагеддоны хӕст кӕд райдайдзӕн, уый. Уыцы хабӕрттӕй бирӕтӕ ныридӕгӕн дӕр ӕххӕст кӕнынц.

Дӕ цӕстыты раз чи ӕххӕст кӕны, уыцы хабӕрттӕ

Йесо Чырыстийы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, адӕм куыд базондзысты, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый», зӕгъгӕ (Матфейы 24:3). Чырысти сын загъта, кӕй ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ «иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан» (Матфейы 24:7, 8). Апостол Павел уыцы рӕстӕг схуыдта «фӕстаг бонтӕ» ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, уӕд скӕндзӕн «тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тимофеймӕ 3:1). Ацы хабӕрттӕ абон нӕхи цӕстӕй нӕ уынӕм?

Цымӕ «фӕстаг бонты» ахӕм уӕззау рӕстӕг цӕмӕн хъуамӕ уыдаид? Апостол Иоанн бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уӕларвӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕмӕ сӕ бар ӕрмӕстдӕр зӕххыл цӕудзӕн. Стӕй ма загъта, уыцы рӕстӕг Хӕйрӕг «тынг мӕсты» кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зондзӕн, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Раргомад 12:7–12). Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхӕдӕг дӕр уыныс, абон адӕмӕй дӕр бирӕтӕ Хӕйрӕгау мӕстыгӕр ӕмӕ ӕгъатыр кӕй сты. Ӕмӕ хабар афтӕ ӕрмӕст кӕмдӕр иу ран нӕу, фӕлӕ ӕгас дунейы дӕр.

Чырысти ма загъта, уыцы уӕззау рӕстӕг кӕй цӕудзӕн, уымӕй размӕ чи никуыма цыд, ахӕм куыст. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕнынц 235 бӕстӕйӕ фылдӕры 500 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыдон мыхуыр кӕнынц Библи ӕмбарынгӕнӕн журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!», ӕмӕ уыцы журналтӕ куыд парахат сты, афтӕ иу журнал дӕр нӕ. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи дӕр ратӕлмац кодтой иу-100 ӕвзагмӕ. Уыцы куыст кӕнынц барвӕндӕй, уый тыххӕй сын ӕхца нӕ фидынц. Стӕй уыцы куыст ӕнӕхъӕнӕй дӕр цӕуы мысайнӕгты фӕрцы. Цымӕ ацы стыр куыст ӕгас зӕххыл дӕр кӕй цӕуы, уымӕй Чырыстийы ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕнынц?

Библийы ма фыст ис, Армагеддоны хӕдразмӕ цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоны тыххӕй дӕр. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, тагъд дӕхи цӕстӕй кӕй фендзынӕ, ӕртӕ ахӕм хабармӕ.

Тагъд дӕхи цӕстӕй кӕй фендзынӕ, уыцы хабӕрттӕ

1-аг хабар. Библийы фыст ис, дунейы хицӕуттӕ стыр дзыхӕй кӕй дзурдзысты, зӕгъгӕ, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр стыр бӕллӕхтӕ ис, уыдонӕн ныр кӕрон скӕндзысты. Фӕлӕ уый хӕдфӕстӕ цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонмӕ гӕсгӕ зынтӕй уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ адӕмӕн сабыр цард скодта (1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–3).

2-аг хабар. Стӕй алыхуызон хицауӕдтӕ сӕхи ныццӕвдзысты, дунейы цыдӕриддӕр динтӕ ис, уыдоныл. Библийы хицауӕдтӕ ӕвдыст цӕуынц сырды хуызы, дунейы цы мӕнг динтӕ ис, уыдон та – сырдыл чи бады, ахӕм хӕтаг сылгоймаджы хуызы (Раргомад 17:3, 15–18). Ӕмӕ йӕ уыцы сырд йӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн, афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕнд. Уый фесафдзӕн мӕнг динтӕ – афтӕ чи дзуры, мах Хуыцауы номӕй архайӕм, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕй та йын йӕ ном чи худинаг кӕны, уыцы динтӕ иууылдӕр.

Уыцы диссаджы хабӕрттӕ куыд цӕудзысты, уый тыххӕй апостол Иоанн ныффыста: «Цы дӕс сыкъайы ӕмӕ сырды федтай, уыдон хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты бавӕрдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын» (Раргомад 17:16, 17).

3-аг хабар. Мӕнг динтӕй иу дӕр куы нал баззайа, уӕд Хӕйрӕг, йӕ зондыл чи цӕуы, уыцы хицауӕдты ӕмӕ се ’фсӕдты Йегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ ракӕндзӕн. (Раргомад 7:14; Матфейы 24:21).

Ацы хабӕрттӕ дӕуӕн цӕуыл дзурӕг сты?

Кӕд Библи лӕмбынӕг никуы иртӕстай, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ гыццыл раздӕр цы хабӕртты кой кодтам, уыдон никуы ӕрцӕудзысты. Фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Библийы цыдӕриддӕр фыст ис, уый лыстӕг хабӕртты онг кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг тынг хӕстӕг кӕй у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Библийы цы хабӕрттӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй бирӕтӕ ныридӕгӕн сӕххӕст сты *.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фидарӕй уырны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ» бирӕ кӕй нал хъӕуы. Нӕ дӕ фӕндид базонын, уый сӕ афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырны ӕмӕ дӕ уыцы хабарӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы, уый? Уӕдӕ иу гыццыл рӕстӕг ссар ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ аныхас кӕн, цӕмӕй дын бамбарын кӕной, Библимӕ гӕсгӕ дӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ды дӕр уай, Йегъовӕ Хуыцау кӕй хъахъхъӕны, уыцы адӕмы ’хсӕн (Раргомад 16:14). Цы базонай, уый фӕрцы дын фӕзындзӕн ныфс ӕмӕ фидӕнӕй нал тӕрсдзынӕ.

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Библийы фыст хабӕрттӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 2-аг ӕмӕ 9-ӕм сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

Цымӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕй Библийы фыст ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕнынц?