Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ политикӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ политикӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

ӔЦӔГ чырыстӕттӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыдон сты Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ. Чырысти та йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕз... нӕ дӕн ацы дунейӕ». Стӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр загъта: «Сымах... ацы дунейӕ не стут» (Иоанны 15:19; 17:14). Цӕй ӕмӕ базонӕм, чырыстӕттӕ политикӕйы хъуыддӕгты цӕуылнӕ хъуамӕ архайой, уый.

1. Адӕймагӕн йӕ бон алцыдӕр нӕу. Библийы фыст ис, адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу, стӕй сын уый бар дӕр кӕй нӕй, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд дӕттой. Пехуымпар Йереми ныффыста: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).

Адӕймагӕн йӕ бон маргъау тӕхын куыд нӕу, афтӕ йӕ бон нӕу йӕхицӕн разамынд дӕттын дӕр. Хицӕуттӕн сӕ бар алцӕуылдӕр кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй историк Дэвид Фромкин загъта: «Хицӕуттӕ сты адӕймӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ арӕх рӕдийынц, стӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр бӕрӕг нӕу, ӕмӕ сӕ бартӕ дӕр ӕгӕрон не сты» (The Question of Government). Уӕдӕ нӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, уӕ зӕрдӕ адӕмыл ма дарут, зӕгъгӕ (Псалом 146:3).

2. Хицӕуттыл цӕуы фыдгӕнӕг тыхты бар. Хӕйрӕг Йесойӕн ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд ын Йесо афтӕ нӕ загъта, дӕ бар сыл куы нӕ цӕуы, уӕд мын сӕ куыд дӕттыс, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр Чырысти йӕхӕдӕг загъта, Хӕйрӕг «ацы дунейы хицау» кӕй у. Цалдӕр азы фӕстӕ та апостол Павел Хӕйрӕджы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый у «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (Иоанны 14:30; 2 Коринфӕгтӕм 4:4). Павел чырыстӕттӕм ныффыста: «Нӕ тох [у]... хицауӕдты ныхмӕ, сӕргълӕуджыты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12). Адӕмӕн ӕй сӕ фылдӕр зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, фӕлӕ ацы дунейы ӕцӕг хицӕуттӕ сты фыдгӕнӕг тыхтӕ. Кӕд хабар афтӕ у, уӕд политикӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл: денджызы стыр уылӕнтӕ гыццыл бӕлӕгътӕ куыд фӕраппар-баппар кӕнынц, ӕмӕ наудзаутӕн сӕ бон куыд ницы вӕййы, афтӕ фыдгӕнӕг тыхтӕ дӕр хицауӕдтӕй хъазынц, ӕмӕ хицауадӕн сӕ ныхмӕ сӕ бон ницы у. Уыцы фыдгӕнӕг тыхтӕн сӕ нысан у, цӕмӕй адӕмы ӕвзӕрдзинадыл бафтауой ӕмӕ зӕххы цӕрджытӕ иууылдӕр хъизӕмар кӕной (Раргомад 12:12). Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн йӕ бон баххуыс кӕнын у, Хӕйрӕгӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй тыхджындӕр чи у, ӕрмӕстдӕр уымӕн. Ӕмӕ уый та у Хуыцау Йегъовӕ (Псалом 83:18; Йереми 10:7, 10).

3. Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ сӕ зӕрдӕ дарынц ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадыл. Чырысти дӕр ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр зыдтой, Хуыцау йӕ рӕстӕджы уӕлӕрвты кӕй ӕрфидар кӕндзӕн, йӕ бар зӕххыл кӕмӕн цӕудзӕн, ахӕм хицауад. Библи уыцы хицауад хоны Хуыцауы Паддзахад, стӕй дзы фыст ис, паддзахӕй дзы ӕвӕрд кӕй ӕрцыд Йесо Чырысти (Раргомад 11:15). Хуыцауы Паддзахад алы адӕймаджы цардмӕ дӕр бар дары, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ Чырысти адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу сын се ’ргом сӕйраджыдӕр здӕхта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ» (Лукайы 4:43). Уымӕй уӕлдай ма йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уыдзӕн зӕххыл дӕр, уӕлӕрвты куыд сӕххӕст ис, афтӕ (Матфейы 6:9, 10).

Уӕдӕ цымӕ зӕххон хицауӕдтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕгас дунейы» хицауӕдтӕ фесӕфдзысты (Раргомад 16:14; 19:19–21). Уӕдӕ, кӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уырны, тагъд Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдты кӕй фесафдзӕн, уӕд ын политикӕимӕ иумӕйагӕй хъуамӕ мацы уа. Фӕлӕ кӕд, тӕрхон хаст кӕмӕн ӕрцыд, уыцы хицауӕдты фарс хӕцы, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕуы Хуыцауы ныхмӕ.

Кӕд Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ политикӕйӕ дард лӕууынц, уӕд, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ницы аразынц, цӕмӕй адӕмы цард хуыздӕрырдӕм фӕива? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы дуне политикӕйы руаджы фӕивыныл нӕ архайынц, фӕлӕ сты Хуыцауы Паддзахады фарс