Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Тынг мӕ фӕндыд, сауджын суыдаин, уый»

«Тынг мӕ фӕндыд, сауджын суыдаин, уый»
  • РАЙГУЫРД: 1957 АЗ

  • БӔСТӔ: МЕКСИКӔ

  • РАЗДӔР: АХУЫР КОДТА СЕМИНАРИЙЫ; УЫД ФЫДЗОНД

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн иу гыццыл горӕт Тескокойы. Уыцы рӕстӕг дзы фӕндӕгтӕ ӕвзӕр уыдысты ӕмӕ уынгты фыррыгӕй ӕцӕуӕнтӕ нӕ уыд. Арӕх-иу уыд фенӕн, хӕстӕгдӕр хъӕутӕй-иу адӕм сӕ уӕййӕгтӕ хӕрджытыл горӕтмӕ куыд ластой, уый. Нӕ бинонтӕ тынг мӕгуыр цардысты, фараст сывӕллонӕй ӕз уыдтӕн ӕвдӕм. Бинонты фӕдарыны тыххӕй мӕ фыд цалцӕг кодта гуарачи (хуымӕтӕг сандалитӕ). Авд азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыд амард. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ма мад уӕззау фыдӕбон кодта, цӕмӕй нын бахӕрынӕн исты уыдаид.

Мӕ мадыфыд цагъта скрипкӕйыл ӕмӕ уыд оркестры дирижёр. Уыцы оркестр цагъта, аргъуанты кӕй фӕцӕгъдынц, ахӕм музыкӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ бинонтӕ иууылдӕр цагътой музыкалон инструменттыл. Мӕ мад зарыд аргъуаны, мӕ мадыфсымӕр та зарыд оперӕйы ӕмӕ цагъта пианинойыл. Не ’ппӕт дӕр фидар хӕст уыдыстӕм нӕ диныл – гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд аргъуаны сауджынӕн лӕггад кодтон ӕмӕ бӕллыдтӕн, цӕмӕй католикон миссионер суыдаин. Уыцы рӕстӕг ма тынг уарзтон кинотӕ каратэйы тыххӕй дӕр, ӕмӕ сӕм цас фылдӕр кастӕн, уыйас фыдзонддӕр кодтон.

Ӕз бацыдтӕн Пуэблӕйы дины скъоламӕ. Уыцы скъола уыд семинарийы хуызӕн. Мӕ нысан уыд, цӕмӕй католикон аргъуаны сауджын суыдаин. Фӕлӕ фӕстаг аз куы ахуыр кодтон, уӕд католикон аргъуанӕй фыдӕнхъӕл фӕдӕн. Иу ӕрыгон сылгоймаг-моладзаны тынг фӕндыд, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаин. Мӕхиуыл фӕхӕцын бафӕрӕзтон, фӕлӕ мӕм ус ракурыны фӕнд фӕзынд. Уымӕй уӕлдай ма уыдтон, иуӕй-иу сауджынтӕ адӕмы цӕстмӕ сӕхи иухуызон кӕй ӕвдыстой, афтӕмӕй та бынтон ӕндӕрхуызон кӕй уыдысты. Сауджын суыдаин, уый мӕ фӕстагмӕ ӕппындӕр нал фӕндыд.

Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд аргъуаны сауджынӕн лӕггад кодтон ӕмӕ бӕллыдтӕн, цӕмӕй католикон миссионер суыдаин, фӕлӕ ма тынг уарзтон кинотӕ каратэйы тыххӕй дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сфыдзонд дӕн

Уӕд ӕз сфӕнд кодтон Мехикойы Националон музыкалон консерваторимӕ бацӕуын. Каст ӕй куы фӕдӕн, уӕд ус ракуырдтон ӕмӕ нын цыбыр рӕстӕгмӕ цыппар сывӕллоны райгуырд. Цӕмӕй мӕ бинонты фӕдардтаин, уый тыххӕй-иу католикон аргъуаны мессӕйы рӕстӕджы зарыдтӕн.

Ӕппӕты райдианӕй дӕр мӕ бинойнагимӕ нӕ фидыдтам. Ӕдзух-иу хыл кодтам, тынгдӕр та, кӕрӕдзийыл ӕнӕууӕнк кӕй кодтам, уый тыххӕй. Фыццаг уал-иу дзыхыныхасӕй кӕрӕдзийӕн хорз фестӕм, стӕй-иу кӕрӕдзимӕ къухӕй дӕр бавнӕлдтам. 13 азы иумӕ фӕцардыстӕм, стӕй цасдӕр рӕстӕг хицӕнтӕй ацардыстӕм ӕмӕ фӕстагмӕ ахицӕн стӕм.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ фембӕлдтӕн, мӕ усимӕ ма куы цардтӕн, уӕд. Дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны нын нӕ дуар ӕрбахостой ӕмӕ нын загътой, немӕ сӕ Библийыл аныхас кӕнын кӕй фӕнды. Ӕз ӕнхъӕлдтон, дины тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй зонын, ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй сын равдыстаин, раст кӕй не сты. Лӕвӕрдтон сӕм, мӕнмӕ гӕсгӕ, дзуапп кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм зын фарстатӕ. Фӕлӕ мын уыдон мӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ. Уый мӕм тынг диссаг фӕкаст. Куыд гыццыл зонын, уый ӕмбарын райдыдтон. Фӕлӕ мӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм тынг тызмӕг цӕстӕй каст, мӕнӕн та-иу рӕстӕг ӕппындӕр нӕ уыд, ӕмӕ нӕм уый тыххӕй нал цыдысты.

Фондз азы фӕстӕ та ногӕй сӕмбӕлдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл. Уӕд цардтӕн ӕндӕр сылгоймагимӕ, Эльвирӕимӕ. Эльвирӕ сӕ ныхмӕ нӕ уыд, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ Библи ӕнӕ къуылымпыйӕ ахуыр кӕнын ӕнцондӕр уыди. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр цалдӕр азы бахъуыд, цӕмӕй мӕ цард аивтаин.

Ӕз ӕй бамбӕрстон, кӕд мӕ фӕнды Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, уӕд хъуамӕ мӕ царды цыдӕртӕ цӕхгӕр аивон. Фыццаг мӕ хъуыд мӕ куыст ныууадзын, ома католикон аргъуаны хъуамӕ мауал зарыдаин. Уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ мӕ хъуыд ӕндӕр куыст ссарын (Раргомад 18:4). Стӕй ма Эльвирӕимӕ хъуамӕ закъонмӕ гӕсгӕ нӕ къухтӕ ӕрфыстаиккам.

Фӕлӕ мын ӕппӕты зындӕр уыд, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаин. Уыцы хъуыддаджы мын уӕлдай тынгдӕр баххуыс кодтой дыууӕ стихы Библийӕ. Иу дзы у Псалом 11:5 стих, уым фыст ис, Йегъовӕ фыддзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны. Иннӕ та у 1 Петры 3:7 стих, уымӕй та бамбӕрстон, кӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕ хъуса, уӕд хъуамӕ мӕ бинойнагӕн аргъ кӕнон. Ацы стихтыл кӕй хъуыды кодтон ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй кӕй куывтон, уый фӕрцы сабыргай мӕхиуыл хӕцын сахуыр дӕн.

Библийӕ бамбӕрстон, кӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕ хъуса, уӕд хъуамӕ мӕ бинойнагӕн аргъ кӕнон

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Абон мӕ бинонты цардӕй райгонд дӕн. Мӕ фыццаг усӕй мын цы фырттӕ ис, уыдонимӕ хӕларӕй цӕрыныл архайын. Стӕй архайын, цӕмӕй мӕ абоны бинонтӕн сӕ уырнындзинад фидар уа.

Гыццылӕй мӕ тынг фӕндыд, сауджын суыдаин, уый, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаин. Ныр ӕй ӕмбарын, цӕмӕн цӕрын, уый. Мӕ бинонты дарын, музыкӕйы уроктӕ кӕй дӕттын, уый фӕрцы. Ӕз бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, ахӕм фӕразондзинад мӕм кӕй равдыста ӕмӕ мын фадат кӕй радта, цӕмӕй мӕ удыхъӕд аивтаин, кӕннод ма абон дӕр раздӕрау фыдзонд адӕймаг уаин.