Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фенын?

Дӕ бон у ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фенын?

«ХУЫЦАУ у ӕнӕуынгӕ» – адӕймагӕн ӕй йӕ бон фенын нӕу (Иоанны 4:24). Фӕлӕ Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй иуӕй-иу адӕм, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы федтой (Дзуттӕгтӕм 11:27). Уымӕн гӕнӕн куыд ис? «Цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» дӕ бон фенын у? (Колоссӕгтӕм 1:15).

Нӕ уавӕр-ма абарӕм, куырмӕй чи райгуырд, ахӕм адӕймаджы уавӕримӕ. Цымӕ куырм кӕй у, уый тыххӕй, йӕ алыварс цы цӕуы, уыдӕттӕн ӕппындӕр ницы ӕмбары? Уый афтӕ нӕу. Куырм адӕймаг кӕд цӕстӕй нӕ уыны, уӕддӕр ӕндӕр цыдӕр хуызы йӕ бон у бамбарын, йӕ алыварс чи ис, цы ис ӕмӕ цытӕ цӕуы, уый. «Адӕймаг цӕстӕй нӕ уыны, фӕлӕ зондӕй»,– загъта иу куырм нӕлгоймаг.

Уӕдӕ кӕд ды дӕр Хуыцауы цӕстӕй нӕ уыныс, уӕддӕр ӕй дӕ бон у уынын «зӕрдӕйы цӕстытӕй» (Ефесӕгтӕм 1:18). Ӕркӕсӕм, уымӕн цавӕр ӕртӕ фадаты ис, уыдонмӕ.

«ДУНЕ КУЫ СФӔЛДЫСТА, УӔДӔЙ НЫРМӔ ИРДӔЙ ЗЫНЫНЦ»

Куырм адӕймаг арӕх хъусӕй хуыздӕр хъусын райдайы, стӕй уырдзӕй дӕр ноджы хуыздӕр райдайы сгарын. Уӕдӕ дӕуӕн дӕр дӕ курдиӕтты фӕрцы дӕ бон у дӕ алыварс дуне иртасын, ӕмӕ афтӕмӕй базонын, чи йӕ сфӕлдыста, уыцы ӕнӕуынгӕ Хуыцауы. «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (Ромӕгтӕм 1:20).

Ахъуыды-ма кӕнӕм нӕ иумӕйаг «хӕдзарыл» – зӕххыл. Хуыцау ӕй сфӕлдыста адӕмӕн, ӕмӕ афтӕ диссаджы конд у, ӕмӕ нын цард стыр циндзинад хӕссы. Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, рог дымгӕйы уддзӕф ныл куы андзӕвы, хурмӕ нӕхи куы фӕтавӕм, хӕрзад дыргътӕ куы фӕхӕрӕм кӕнӕ мӕргъты хъӕлдзӕг цъыбар-цъыбурмӕ куы фӕхъусӕм! Цымӕ ӕппӕт уыцы лӕвӕрттӕ ууыл дзурӕг не сты, не Сфӕлдисӕг ныл тынг кӕй тыхсы, стӕй тынг фӕлмӕн ӕмӕ рӕдау кӕй у?

Цы уыныс, уыдӕттӕй Хуыцауы тыххӕй дӕ бон цы у базонын? Уӕлӕрвтӕ дзурӕг сты Хуыцауы хъаруйыл. Ӕрӕджы ахуыргӕндтӕ раиртӕстой, галактикӕтӕ кӕрӕдзийӕ дардӕй-дарддӕр кӕй кӕнынц. Ӕхсӕвыгон арвмӕ куы скӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цымӕ галактикӕтӕ кӕрӕдзийӕ дардӕй-дарддӕр кӕй хъаруйы фӕрцы кӕнынц?» Библи нын дзуры, Сфӕлдисӕг «стыр хъаруйы» хицау кӕй у (Исай 40:26). Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдон нын ӕвдисынц, «Ӕппӕтхъомысджын» кӕй у ӕмӕ «йӕ тыхӕн ӕмбал [кӕй] нӕй» (Иов 37:23).

УЫЙ НЫН «БАМБАРЫН КОДТА, ЧИ У, УЫЙ»

Йӕ дыууӕ сывӕллоны цӕстӕй ӕвзӕр кӕмӕн уынынц, иу ахӕм сылгоймаг загъта: «Сӕйраджыдӕр сӕ ахуыр кӕнын, кӕй сын дзурын, уый фӕрцы. Цыдӕриддӕр уыныс ӕмӕ хъусыс, уый сын дзур ӕмӕ сын алцыдӕр ӕмбарын кӕнынмӕ цӕттӕ у. Ды дӕ сӕ цӕстытӕ». Афтӕ у нӕ хабар махӕн дӕр. Кӕд «адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта», уӕддӕр, «Фыдмӕ, цыма йӕ риуыл йӕхи бакъул кодта, афтӕ хӕстӕг чи у, уыцы иунӕг хъӕбул [Йесо] нын бамбарын кодта, чи у, уый» (Иоанны 1:18). Хуыцау фыццаг кӕй сфӕлдыста ӕмӕ йӕ иунӕггуырд Фырт чи у, уый, Йесо Чырысти, махӕн сси, арвмӕ кӕмӕй кӕсӕм, уыцы «цӕстытӕ». Уымӕй хуыздӕр нын ӕнӕуынгӕ Хуыцауы тыххӕй ничи радзурдзӕн.

Йесо йӕ Фыдимӕ уыд миллиардгай азтӕ, ӕмӕ йӕ Фыды тыххӕй цы загъта, уыдӕттӕй иу-цалдӕр хъуыдымӕ ӕркӕсӕм.

  • Хуыцау ӕвӕллайгӕйӕ фыдӕбон кӕны. «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны» (Иоанны 5:17).

  • Хуыцау зоны, цы нӕ хъӕуы, уый. «Уӕ уӕларвон Фыд, кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый» (Матфейы 6:8).

  •  Хуыцау ныл зӕрдиагӕй тыхсы. «Уӕ уӕларвон Фыд... йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матфейы 5:45).

  • Хуыцауӕн махӕй алчидӕр зынаргъ у. «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29–31).

ӔНӔУЫНГӔ ХУЫЦАУЫ ХУЫЗӔН ЧИ УЫД, УЫЦЫ АДӔЙМАГ

Куырм адӕм арӕх цыдӕртӕ куыд фембарынц, уый фӕхицӕн кӕны, цӕстӕй чи уыны, уыдон сӕ куыд фембарынц, уымӕй. Куырм адӕймаг аууон хоны, хур кӕдӕм нӕ кӕсы, ахӕм бынат нӕ, фӕлӕ, хуры тӕвд кӕдӕм нӕ хӕццӕ кӕны, ахӕм сатӕг бынат. Уӕдӕ саугуырм адӕймаг аууон кӕнӕ хуры рухс куыд нӕ уыны, афтӕ махӕн та ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй нӕ бон нӕу бамбарын, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй зӕххыл райгуырдаид, миниуджытӕй дӕр ӕмӕ удыхъӕдӕй дӕр йӕхи хуызӕн чи уыд, ахӕм адӕймаг.

Уыцы адӕймаг уыд Йесо (Филиппӕгтӕм 2:7). Йесо йӕ Фыды тыххӕй ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма ӕвдисгӕ дӕр ракодта, йӕ Фыд цавӕр Хуыцау у, уый. Йӕ ахуыргӕнинаг Филипп ын иухатт загъта: «Хицау, фенын-ма нын кӕн Фыды». Ӕмӕ йын уӕд Йесо дзуапп радта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоанны 14:8, 9). Чырыстийы хъуыддӕгты фӕрцы дӕ бон куыд у Фыды «фенын»?

Йесо уыди фӕлмӕн, сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йемӕ ӕнцон уыди (Матфейы 11:28–30). Адӕм ӕй бирӕ уарзтой, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ ног хъарутӕ бауагъта. Чырысти иннӕты рыст ӕмбӕрста ӕмӕ-иу сын сӕ циныл цин кодта (Лукайы 10:17, 21; Иоанны 11:32–35). Библийы Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ куы фӕкӕсыс кӕнӕ сӕм куы фӕхъусыс, уӕд-иу хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Йесо адӕмӕн куыд уыди, ууыл-иу куы хъуыды кӕнай, уӕд Хуыцауы диссаджы удыхъӕд хуыздӕр «уындзынӕ» ӕмӕ йӕм тынгдӕр баввахс уыдзынӕ.

ХИЦӔН ХӔЙТТӔЙ РАУАЙЫ ӔНӔХЪӔН НЫВ

Куырм адӕймаг исты куыд базоны, уый тыххӕй иу фыссӕг загъта, зӕгъгӕ, ахӕм адӕймаг истӕй тыххӕй информаци фембырд кӕны хайгай (зӕгъӕм, кӕй йӕм бавналы, кӕй йӕм басмуды кӕнӕ йӕм кӕй байхъусы, уый фӕрцы ӕмӕ афтӕ дарддӕр), стӕй уыцы хӕйттӕ хъуамӕ куыддӕр иумӕ сбӕтта. Уӕдӕ ды дӕр Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕм куы кӕсай, Йесо йӕ Фыды тыххӕй цы загъта, уыдӕттӕ куы кӕсай ӕмӕ йӕ Фыды миниуджытӕ йӕ удыхъӕды куыд ирдӕй зындысты, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд, Йегъовӕ куыд рӕсугъд у, уый «фендзынӕ» ӕмӕ бамбардзынӕ, удӕгас Хуыцау кӕй у.

Афтӕ бакодта раджы заманты цӕрӕг нӕлгоймаг Иов дӕр. Фыццаг Иов «дзырдта, фӕлӕ не ’мбӕрста» (Иов 42:3). Фӕлӕ Хуыцау цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдӕттыл куы фӕхъуыды кодта, уӕд загъта: «Ӕз дын дӕ кой хъуыстон, фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй» (Иов 42:5).

Йегъовӕйы куы агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ

Ды дӕр уый дӕхиуыл бавзардзынӕ. «[Йегъовӕйы] куы... агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ» (1 Азфыстыты 28:9). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕнӕуынгӕ Хуыцауы ссарай.