Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Динтӕ иууылдӕр Хуыцауӕй сты?

Ног хабӕрттӕм хъусгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдтай, хатт ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дины номыл кӕй фӕаразынц. Фӕлӕ динтӕ се ’ппӕт ӕцӕг Хуыцауӕй не сты (Матфейы 7:15). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуынц рӕдыд фӕндагыл, сӕхӕдӕг дӕр ӕй не ’мбарынц, афтӕмӕй. (Бакӕс 1 Иоанны 5:19.)

Фӕлӕ Хуыцау уыны, хорздзинад ӕмӕ рӕстдзинад чи уарзы, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы (Иоанны 4:23). Ахӕм адӕмы Хуыцау хоны, цӕмӕй йӕ Ныхас Библийӕ рӕстдзинад базоной. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:3–5.)

Куыд ис раст дин базонӕн?

Йегъовӕ Хуыцау, алыхуызон динтыл хӕст чи уыд, ахӕм адӕмы кӕрӕдзийыл бӕтты, рӕстдзинад сын кӕй ӕргом кӕны ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи уарзын кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы (Михей 4:2, 3). Уӕдӕ дин раст у ӕви нӕ, уый базонӕн ис, уыцы диныл хӕст адӕм кӕрӕдзийы уарзынц ӕви нӕ, уымӕй. (Бакӕс Иоанны 13:35.)

Йегъовӕ алыхуызон адӕмы кӕрӕдзийыл бӕтты раст дины фӕрцы (Псалом 133:1)

Раст диныл хӕст адӕм ӕууӕндынц Библийыл ӕмӕ сӕ цард аразынц йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (2 Тимофеймӕ 3:16). Стӕй ма Хуыцауы ном дӕр кадджын кӕнынц (Псалом 83:18). Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн дзурынц, хорз цард сын Хуыцауы Паддзахад йеддӕмӕ кӕй ничи скӕндзӕн (Данел 2:44). Уыдонӕн дӕр Чырыстийау «сӕ рухс... кӕлы», ома, иннӕтӕн хорздзинад кӕй аразынц, уымӕй бӕрӕг дарынц (Матфейы 5:16). Ӕцӕг чырыстӕтты ма уымӕй ис базонӕн, адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм кӕй ӕрбацӕуынц, цӕмӕй-иу сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар радзурой. (Бакӕс Матфейы 24:14; Хъуыддӕгтӕ 5:42; 20:20.)