Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ СТЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ?

Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

Адӕм нӕ, ӕвӕццӕгӕн, сӕйраджыдӕр базонынц, алы ран дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй – хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты, стӕй сыл кӕмфӕнды ма фембӕлӕм, уым. Афтӕ цӕмӕн кӕнӕм?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй кад кӕнынц Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын адӕмӕн йӕ ном ӕргом кӕнынц (Дзуттӕгтӕм 13:15). Афтӕмӕй ма ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст дӕр: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матфейы 28:19, 20).

Уымӕй уӕлдай мах уарзӕм иннӕты дӕр (Матфейы 22:39). Мах ӕй зонӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн йӕхи дин кӕй ис ӕмӕ, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый алчи йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ айсы. Фӕлӕ ма уый дӕр зонӕм, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ цард кӕнгӕ у, Библийы цы фыст ис, уымӕй. Ӕмӕ уый тыххӕй мах дӕр фыццаг чырыстӕттау «ӕппынӕдзух амонӕм ӕмӕ хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй, Йесойы тыххӕй хорз хабар» (Хъуыддӕгтӕ 5:41, 42).

Социолог Антонио Кова Мадуро загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг архайынц ӕмӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц... цӕмӕй сыгъдӕг фыстытӕ фӕхӕццӕ уой суанг зӕххы алы кӕрӕттӕм дӕр» (газет «Универсаль», Венесуэлӕ).

Нӕ литературӕ нын чи кӕсы, уыдонӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не сты. Ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй милуантӕ хӕст сты ӕндӕр динтыл. Фӕлӕ уыдон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бузныг сты, кӕй сӕм бацӕуынц, уый тыххӕй.

Кӕд дӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕндӕр фарстатӕ ис, уӕд:

  • бафӕрс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй;

  • бацу нӕ сайтмӕ;

  • бацу не ’мбырдтӕй кӕцыфӕндымӕ дӕр, ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы, стӕй нын алкӕй ӕрбацыд дӕр тынг ӕхсызгон вӕййы.