Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ХӔСТЫТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

Фыццаг ӕнусы Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй касти

Фыццаг ӕнусы Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй касти

Адӕм уыдысты ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ дӕр сӕ рагфыдӕлтау ӕдзух Хуыцаумӕ куывтой, цӕмӕй сӕ ссӕрибар кодтаид – ацы хатт та Ромы паддзахады ӕфсондзы бынӕй. Фӕстӕдӕр фехъуыстой Йесо Чырыстийы тыххӕй. Цымӕ уый уыдзӕн зӕрдӕвӕрд Мессийӕ? Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕтӕ афтӕ ӕнхъӕл кӕй уыдысты, ӕмӕ Йесо у, Израилы Ромы ӕфхӕрджытӕй «чи хъуамӕ ссӕрибар кӕна, уыцы адӕймаг» (Лукайы 24:21). Фӕлӕ кӕд сӕрибардзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕддӕр сӕм нӕ эрӕйы 70 азы Ромы ӕфсад ӕрбацыд, ӕмӕ Иерусалим ӕмӕ йын йӕ кувӕндон ныппырх кодта.

Цымӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад? Хуыцау раздӕрау дзуттӕгты сӕрыл цӕуылнӕуал тох кодта? Кӕнӕ та сын сӕхицӕн цӕуылнӕ загъта, цӕмӕй ромӕгтимӕ схӕцыдаиккой ӕмӕ сын сӕ уӕззау ӕфсондз се ’ккойӕ аппӕрстаиккой? Мыййаг, Хуыцау хӕстытӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта? Нӕ. Фӕлӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта дзуттӕгтӕм. Уыдон Хуыцауы Фырт Йесойы Мессийӕйыл нӕ банымадтой (Хъуыддӕгтӕ 2:36). Ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм нал уыдысты (Матфейы 23:37, 38).

Хуыцау дзуттӕгты ӕмӕ, цы Зӕрдӕвӕрд зӕххыл цардысты, уый нал хъахъхъӕдта. Дзуттӕгтӕ фидарӕй нал загътаиккой, Хуыцау нӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕны кӕнӕ нӕ сӕрыл тох кӕны, зӕгъгӕ. Йесо Чырысти куыд загъта, афтӕ Израилы адӕм Хуыцауы хорзӕх фесӕфтой. Уыцы хорзӕхӕй схайджын сты ног адӕм, уӕларвон ныфс кӕмӕн уыди, уыцы адӕм, фӕстӕдӕр сӕ Библийы схуыдтой «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16; Матфейы 21:43). Сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд хъуамӕ суыдаид Хуыцауы Израил. Уымӕ гӕсгӕ сын фыццаг ӕнусы загъд уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Ныр... стут [Хуыцауы] адӕм» (1 Петры 2:9, 10).

Кӕд фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауы адӕм систы, уӕд цымӕ Хуыцау сӕ сӕрыл тох кодта, цӕмӕй сӕ Ромы ӕфсондзы бынӕй ссӕрибар кодтаид? Ӕви сын сӕхицӕн бар радта, цӕмӕй се ’фхӕрджытимӕ схӕцыдаиккой? Нӕ. Цӕуылнӕ? Раздӕры статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй дзырд Хуыцауы хӕстытыл куы фӕцӕуы, уӕд ӕрмӕстдӕр Хуыцау аскъуыддзаг кӕны, ахӕм хӕстытӕ кӕд цӕудзысты, уый. Хуыцау фыццаг ӕнусы чырыстӕтты сӕрыл нӕ тох кодта, стӕй сын сӕхицӕн дӕр хӕстыты архайыны бар нӕ лӕвӕрдта. Бӕрӕг у, фыццаг ӕнус уыцы рӕстӕг кӕй нӕма уыд, цӕмӕй Хуыцау фыддзинад ӕмӕ ӕфхӕрдӕн кӕрон скодтаид.

Уӕдӕ Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау фыццаг ӕнусы чырыстӕтты дӕр хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Хуыцау фыддзинад ӕмӕ ӕфхӕрдӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Уый сын сӕхицӕн уыцы бар нӕ радта, цӕмӕй хъуыддаг сӕхи къухмӕ райстаиккой ӕмӕ се знӕгты ныхмӕ рацыдаиккой. Йесо Чырысти уыцы хъуыддаг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бӕлвырд бамбарын кодта. Зӕгъӕм, искӕимӕ сӕ хӕцын хъӕуы, уый тыххӕй сын никуы дзырдта, фӕлӕ сын загъта: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матфейы 5:44). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн рагацау загъта, Ромы ӕфсад Иерусалиммӕ кӕй хъуамӕ ӕрбабырса. Уыцы рӕстӕг хъуамӕ горӕты ма ӕрлӕууыдаиккой ӕмӕ семӕ ма хӕцыдаиккой, фӕлӕ уырдыгӕй алыгъдаиккой. Ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр афтӕ бакодтой (Лукайы 21:20, 21).

Апостол Павел дӕр Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Уӕ маст макӕмӕй исут... уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ромӕгтӕм 12:19). Ам Павел ӕрхаста, Хуыцау цалдӕр ӕнусы раздӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Фыст сты Левиты 19:18 стихы ӕмӕ Дыккаг закъоны 32:35 стихы. Айразмӕ статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй-иу рагзаманты Хуыцау йӕ адӕмӕн се ’фхӕрджытӕй сӕ маст райста, семӕ-иу куы хӕцыдысты, уӕд-иу сын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй. Уӕдӕ Павелы ныхӕстӕй зыны, Хуыцау хӕстытӕм раздӕр цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕй каст уӕд дӕр. Фыццаг ӕнусы дӕр Хуыцау хӕст раст хъуыддагыл нымадта, уый тыххӕй куы хъуыдаид, цӕмӕй йӕ адӕмӕн се знӕгтӕй сӕ маст райстаид ӕмӕ ӕфхӕрд ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скодтаид. Фӕлӕ рагзаманты куыд уыди, афтӕ уыцы рӕстӕг дӕр ӕрмӕстдӕр Хуыцау скъуыддзаг кодта, ахӕм хӕст кӕд хъуамӕ райдыдтаид ӕмӕ дзы чи хъуамӕ хӕцыдаид, уый.

Куыд федтам, афтӕмӕй Хуыцау фыццаг ӕнусы чырыстӕтты хӕстмӕ не ’рвыста. Абон та хабар куыд у? Цымӕ Хуыцау искӕцы адӕмӕн уый бар радта, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕцой? Ӕви ӕрцыд уыцы рӕстӕг, ӕмӕ Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты сӕрыл тох кӕндзӕн? Хуыцау нӕ рӕстӕджы хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсы? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.