Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс

Дӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс

«Йегъовӕйӕн йӕ адӕм хӕссынц циндзинад» (Пс 149:4). Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ уыны нӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ, нӕ бон хорзӕй саразын цы у, уый. Фӕлӕ махӕн та хатт зын вӕййы нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсын. Гӕнӕн ис, нӕхимӕ ницӕйаг кӕсӕм, иннӕтӕ немӕ сӕхи куыд фӕдарынц, уый тыххӕй. Кӕнӕ та ӕдзух нӕ раздӕры рӕдыдтытыл кӕй фӕхъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй, чи зоны, дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы, уый кӕсы зӕрдӕтӕм (1См 16:7). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ уыны, нӕхӕдӕг нӕхимӕ хорзӕй цы нӕ уынӕм, суанг уый дӕр. Библийы уылты нын ӕмбарын кӕны, цы цӕстӕй нӕм кӕсы, уый. Йӕ лӕггадгӕнджыты куыд бирӕ уарзы, уый тыххӕй Библийы кӕм ис фыст, уыцы скъуыддзӕгтӕ куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ РАЗ БАСӔТТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ерысы чи архайдта, уыцы лӕппумӕ йӕ фыд цы цӕстӕй каст, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

  • Йӕ тӕригъӕдыл чи ’рфӕсмон кодта ӕмӕ Йегъовӕмӕ чи ӕрбаздӕхт, уымӕн йӕ бон куыд у йӕ зӕрдӕ ӕууӕндын кӕнын, Хуыцау ӕй кӕй уарзы, ууыл? (1Ин 3:19, 20)

  • Ӕфсымӕр Библийы Давид ӕмӕ Иосафаты тыххӕй цы бакаст, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый йын куыд баххуыс кодта?