Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

137 ЗАРӔГ

Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ

Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ

(Ромӕгтӕм 16:2)

  1. 1. Саррӕ, Есфир, Марийӕ, Руф ’мӕ Аннӕ –

    Се ’ппӕт уыдысты уӕздан сылгоймӕгтӕ.

    Рухс кодтой уыдон Йегъовӕйы зӕрдӕ.

    Алкӕд иузӕрдыг уыдысты, зонӕм мах.

    Ахӕм хорз сылгоймӕгтӕ уыд бирӕ,

    Уарзта сӕ Йегъовӕ ӕмӕ сын кодта аргъ.

  2. 2. Иузӕрдион, рӕдау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ –

    Алкӕддӕр кадджын уыд ахӕм адӕймаг.

    Уыцы сылгоймӕгтӕн уыд раст ахӕм уаг.

    Уымӕй се ’ппӕт дӕр ысты фӕзминаг ныр.

    Ӕмӕ афтӕ абон дӕр нӕ хотӕ

    Иузӕрдион, фидар ӕмӕ фӕзминаг сты.

  3. 3. Мадӕлтӕ, идӕдзтӕ, чызджытӕ, хотӕ,

    Цингӕнгӕ абон сымах лӕггад кӕнут,

    Бонзонгӕ, коммӕгӕс уе ’ппӕт дӕр ыстут,

    Дары Стыр Хуыцау йӕ дӕлбазыр сымах.

    Арфӕ уын кӕнӕд Йегъовӕ алкӕд!

    Райсдзыстут ӕнӕмӕнг ыстыр хӕрзиуӕг тагъд.