Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 ЗАРӔГ

Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

(Ӕмбисӕндтӕ 14:26)

  1. 1. О Йегъовӕ, радтай махӕн ныфс,

    дӕ лӕвар у зынаргъ.

    Уыцы ныфс ӕцӕг у диссаг –

    уый дзурӕм алкӕм мах.

    Фӕлӕ хатгай царды сагъӕстӕй

    тас фӕзыны зӕрдӕйы,

    ’Мӕ нӕ ныфс, нӕ цины ирд рухс

    уӕд бамынӕг вӕййы.

    БАЗАРД

    Ды нӕ ныфс ’мӕ нӕ хъару,

    нӕ мӕсыг дӕ.

    Цы цух ыстӕм, уый нын дӕттыс.

    Дзурӕм алкӕм ныфсджынӕй

    дӕ хорз хабар

    дӕуыл дарӕм алкӕд нӕ ныфс.

  2. 2. О Йегъовӕ, курӕм, баххуыс кӕн,

    цӕмӕй нӕ ма уа рох,

    Ды зын сахат алкӕд махӕн

    кӕй раттыс удӕнцой.

    Хъару бацӕудзӕн уӕд не уӕнгты,

    зынг ыссудздзӕн зӕрдӕты,

    ’Мӕ нӕ бон уыдзӕн ныфсджынӕй

    дӕ ном ӕргом кӕнын.

    БАЗАРД

    Ды нӕ ныфс ’мӕ нӕ хъару,

    нӕ мӕсыг дӕ.

    Цы цух ыстӕм, уый нын дӕттыс.

    Дзурӕм алкӕм ныфсджынӕй

    дӕ хорз хабар

    дӕуыл дарӕм алкӕд нӕ ныфс.