Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

67 ЗАРӔГ

«Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

«Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

(2 Тимофеймӕ 4:2)

  1. 1. Радта нын Стыр Хуыцау фӕдзӕхст,

    Уый ӕххӕст кӕнын у махӕн нӕ хӕс.

    Дӕ ныфсӕй дӕ чифӕнды фӕрсӕд,–

    Уӕздан ӕмӕ фӕлмӕн дӕ ныхас уӕд.

    БАЗАРД

    Цӕй, хъусын кӕн

    Абон алкӕмӕн бӕстон.

    Хъусын кӕн!

    ’Ввахс у дунейы кӕрон.

    Хъусын кӕн!

    Библи хорз ӕмбарын кӕн.

    Хъусын кӕн

    Ӕгас зӕххӕн!

  2. 2. Зонӕм: зын рӕстӕг дӕр кӕндзӕн,

    Знаг ныл худдзӕн ’мӕ нӕ ныхмӕ цӕудзӕн.

    Кӕд хъусын кӕнын ӕнцон нӕ уа,

    Уӕддӕр нӕ ныфс уыдзӕн Ыстыр Хуыцау.

    БАЗАРД

    Цӕй, хъусын кӕн

    Абон алкӕмӕн бӕстон.

    Хъусын кӕн!

    ’Ввахс у дунейы кӕрон.

    Хъусын кӕн!

    Библи хорз ӕмбарын кӕн.

    Хъусын кӕн

    Ӕгас зӕххӕн!

  3. 3. Хъусын кӕнын куы уа ӕнцон,

    Уӕд нӕ хӕс ӕххӕст кӕндзыстӕм бӕстон.

    Ныр адӕмы ирвӕзын кӕнӕм

    Ӕмӕ Хуыцауы номӕн кад хӕссӕм.

    БАЗАРД

    Цӕй, хъусын кӕн

    Абон алкӕмӕн бӕстон.

    Хъусын кӕн!

    ’Ввахс у дунейы кӕрон.

    Хъусын кӕн!

    Библи хорз ӕмбарын кӕн.

    Хъусын кӕн

    Ӕгас зӕххӕн!