Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

83 ЗАРӔГ

Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

(Хъуыддӕгтӕ 20:20)

  1. 1. Мах иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

    Хуыцауы дзырд хӕссӕм.

    Ӕппӕт хъӕуты ’мӕ горӕтты

    Йӕ «фыстӕм» мах кӕсӕм.

    Куыд загъта Йесо, афтӕ ныр

    Йӕ адӕм се ’ппӕт дӕр

    Хӕссынц Хуыцауы хорз хабар

    Ӕппӕт бӕстӕтӕм дӕр.

  2. 2. Мах иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

    Цӕуӕм, хабар хӕссӕм:

    «Хуыцаумӕ ды йӕ номӕй кув,

    ’Мӕ фервӕздзынӕ уӕд».

    Ӕрмӕст, куыд кувой искӕмӕ,

    Куы нӕ йӕ зоной, уӕд?

    ’Мӕ уый тыххӕй уадз алчидӕр

    Йӕ рухс ном базонӕд.

  3. 3. Цӕуӕм ӕппӕт хӕдзӕрттӕм дӕр

    ’Мӕ дзурӕм хорз хабар.

    Куы нӕ йӕм байхъусой, уӕддӕр

    Уый у сӕ фӕнд, сӕ бар.

    Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ фӕнд

    Куы фехъусын кӕнӕм,

    Уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн

    Йӕ «фысты» ссардзыстӕм.

(Ноджыдӕр кӕс Хъуыд. 2:21; Ром. 10:14.)