Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

99 ЗАРӔГ

Хуыцауы адӕм сты милуантӕ

Хуыцауы адӕм сты милуантӕ

(Раргомад 7:9, 10)

  1. 1. Абон Хуыцауӕн ис адӕм,

    Уыдон милуантӕ сты.

    Хъусын кӕнынц рӕстдзинад,

    Иузӕрдион ысты.

    Мах стӕм милуантӕ ’цӕгдӕр,

    Ӕмӕ кӕнӕм фылдӕр.

    Зарӕм Йегъовӕйы кадӕн мах

    Алы ӕвзӕгтыл дӕр.

  2. 2. Хъусын кӕнӕм ныр милуантӕй,

    Фарны хабар хӕссӕм.

    Хорз цард зӕххыл кӕй уыдзӕн,

    Алкӕмӕн дӕр зӕгъӕм.

    Кӕд хатт ӕнцон нӕ вӕййы,

    Хъусын кӕнӕм уӕддӕр –

    Ратты Чырысти фӕллад удӕн

    Удӕнцой ’мӕ тыхтӕ.

  3. 3. ’Нӕхъӕн зӕххыл стӕм милуантӕ,

    Кувӕм Хуыцауы раз.

    Алкӕд ыстӕм йӕ кӕрты,

    Йемӕ нын у ӕдас.

    Мах стӕм милуантӕ абон.

    Хъусын кӕнӕм ӕдзух.

    Стӕм мах Хуыцауы ӕмкусджытӕ,

    Уый нын ыстыр кад у!

(Ноджыдӕр кӕс Ис. 52:7; Матф. 11:29; Рарг. 7:15.)