Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нойы хуызӕн алкӕддӕр Хуыцаумӕ хъус

Нойы хуызӕн алкӕддӕр Хуыцаумӕ хъус

Рафыссын

  1. 1. Ной Хуыцауы ӕмбал уыд, ’мӕ йӕ коммӕ алкӕд каст.

    Йӕ бинонтыл ӕдзух тыхсти, ’мӕ арӕзтой иумӕ нау.

    Хъуамӕ тагъд ныккалдтаид зӕххыл ыстыр къӕвда,

    ’Мӕ адӕмы фӕдзӕхстой: «Фервӕзын кӕнут уӕ цард».

    БАЗАРД

    Ной уыд Йегъовӕйыл ӕнувыд

    ’Мӕ йемӕ алкӕддӕр цыд,

    Йӕ ныхасмӕ хъуыста.

    Уарзын тынг ӕз дӕр Хуыцауы,

    Йемӕ ӕз цӕудзынӕн.

    Нӕй хуыздӕр ӕмбал.

  2. 2. Адӕм сӕм нӕ хъуыстой ’мӕ сыл худтысты ӕргом.

    Фӕлӕ сӕ къухтӕ не ’руагътой, кӕд сын нӕ уыд ӕнцон.

    Цардысты ӕвзӕр рӕстӕджы, фӕлӕ нӕ кодтой ’нкъард.

    Цингӕнгӕ ’мӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой уӕд сӕ цард.

    БАЗАРД

    Ной уыд Йегъовӕйыл ӕнувыд

    ’Мӕ йемӕ алкӕддӕр цыд,

    Йӕ ныхасмӕ хъуыста.

    Уарзын тынг ӕз дӕр Хуыцауы,

    Йемӕ ӕз цӕудзынӕн.

    Нӕй хуыздӕр ӕмбал.