Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 СӔР

Зондджын паддзах Соломон

Зондджын паддзах Соломон

Йегъовӕ Хуыцау паддзах Соломоны стыр зондӕй схайджын кодта. Соломоны рӕстӕг Израилы уыд сабырдзинад ӕмӕ адӕм хъӕздыг цардысты

ЦЫМӔ цавӕр цард уыдаид, адӕм дӕр ӕмӕ сӕ паддзах дӕр Йегъовӕйы сӕ хицауыл куы нымадтаиккой ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ куы ’ххӕст кодтаиккой, уӕд? Ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд, Соломон 40 азы дӕргъы Израилы паддзах куы уыд, уӕд.

Давид йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырт Соломоны йӕхи бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдта. Хуыцау Соломонмӕ фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта, цы дӕ хъӕуы, уый мӕ ракур, зӕгъгӕ. Соломон дзы ракуырдта зонд, цӕмӕй адӕмӕн рӕстӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ разамынд лӕвӕрдтаид. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдысты Соломоны ныхӕстӕ ӕмӕ йын радта зонд дӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад дӕр. Стӕй ма йын Йегъовӕ загъта, йӕ коммӕ куы кӕса, уӕд ын кӕй ратдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбонтӕ.

Соломоны зонды кой дардыл айхъуыст. Иухатт ӕм дыууӕ сылгоймаджы ӕрбахастой иу сывӕллоны ӕмӕ дзы алчидӕр дзырдта, ай мӕ лӕппу у, зӕгъгӕ. Уӕд Соломон загъта, цӕмӕй сывӕллоны хъамайӕ дыууӕ дихы фӕкӕной ӕмӕ дзы алы сылгоймагӕн дӕр иу ӕмбис радтой. Сылгоймӕгтӕй иу сразы, фӕлӕ йе ’цӕг мад чи уыд, уый та паддзахӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сывӕллоны иннӕ сылгоймагӕн радтой. Соломон бамбӕрста, сывӕллонӕн чи фӕтӕригъӕд кодта, уый кӕй уыди йе ’цӕг мад ӕмӕ йын ӕй радта. Уыцы хабар уайтагъд ӕнӕхъӕн Израилыл айхъуыст ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, Соломонӕн уыцы зонд Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕй у.

Соломон цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй ӕппӕты диссагдӕр уыди, Йегъовӕйӕн Иерусалимы цы кувӕндон сарӕзта, уый. Уыцы стыр ӕмӕ рӕсугъд кувӕндонмӕ адӕм цыдысты ӕнӕхъӕн Израилӕй. Кувӕндон арӕзт куы фӕци, уӕд Соломон Йегъовӕмӕ скуывта: «Уӕлӕрвты ӕмӕ суанг арвы кӕрӕтты дӕр куы нӕ цӕуыс, уӕд дын ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хӕдзары та куыд бацӕудзынӕ!» (1 Паддзӕхты 8:27).

Соломоны тыххӕй иннӕ бӕстӕты дӕр базыдтой, суанг ма дард Аравийы, Савӕйы паддзахады. Савӕйы ус-паддзах ӕм ӕрбацыд, цӕмӕй йын йӕ кад ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинад йӕхи цӕстӕй федтаид ӕмӕ йӕ бафӕлвӕрдтаид, ӕцӕгдӕр ахӕм стыр зонды хицау у ӕви нӕ. Соломоны зонд ӕмӕ израилӕгты хъӕздыг цард куы федта, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодта, ахӕм зондджын адӕймаджы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый тыххӕй. Йегъовӕ Соломонӕн кӕй арфӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ, Соломоны рӕстӕджы Израилы адӕм куыд хъӕздыг ӕмӕ сабыр цардысты, афтӕ никуы.

Фӕлӕ фӕстагмӕ Соломон Йегъовӕйы коммӕ нал каст. Хуыцауы закъоны сӕрты ахызт ӕмӕ бирӕ устытӕ ракуырдта. Бирӕтӕ дзы куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн. Фӕстагмӕ Соломон йӕ устыты зондыл ацыд – Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивта ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдта. Йегъовӕ Соломонӕн загъта, йӕ паддзахады фылдӕр хай йын кӕй байсдзӕн, фӕлӕ йӕ фыд Давидимӕ цы бадзырд сарӕзта, уый тыххӕй йын йӕ байзӕддӕгтӕн иу хай кӕй ныууадздзӕн. Кӕд Соломон Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй нал лӕггад кодта, уӕддӕр Йегъовӕ, Давидимӕ паддзахады тыххӕй цы бадзырд скодта, уый нӕ фехӕлдта.

1 Паддзӕхты 1–11 сӕртӕ; 2 Азфыст 1–9 сӕртӕ; Дыккаг закъон 17:17.