Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

95 СӔР

Йесо дзуры хицӕн кӕнын ӕмӕ сывӕллӕтты уарзыны тыххӕй

Йесо дзуры хицӕн кӕнын ӕмӕ сывӕллӕтты уарзыны тыххӕй

МАТФЕЙЫ 19:1–19 МАРЧЫ 10:1–16 ЛУКАЙЫ 18:15–17

  • ЙЕСО БАМБАРЫН КОДТА, ХУЫЦАУ ХИЦӔН КӔНЫНМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ

  • БИНОНТӔ МА СКӔНАЙ, УЫЙ ДӔР У ХУЫЦАУЫ ЛӔВАР

  • ХЪУАМӔ УӔМ ГЫЦЦЫЛ СЫВӔЛЛӔТТЫ ХУЫЗӔН

Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейӕйӕ куы ацыдысты, уӕд Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтысты. Уырдыгӕй араст сты хуссарырдӕм, сӕ фӕндаг акодтой Перейыл. Йесо Перейы фӕстаг хатт куы уыди, уӕд фарисейтӕн бамбарын кодта, хицӕн кӕныны тыххӕй Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый (Лукайы 16:18). Ӕмӕ та ныр дӕр уый кой кӕнын райдыдтой, цӕмӕй Йесойы ракъахтаиккой.

Моисей ныффыста, зӕгъгӕ, «усӕн йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уой», уӕд лӕгӕн ис уый бар, ӕмӕ дзы ахицӕн уа (Дыккаг закъон 24:1). Фӕлӕ хицӕн кӕнӕн цӕй тыххӕй ис, уый алчи алыхуызон ӕмбӕрста. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ гыццыл хъуыддӕгты тыххӕй дӕр ис хицӕн кӕнӕн. Гъемӕ фарисейтӕ Йесойы бафарстой: «Лӕгӕн алцӕй тыххӕй дӕр ис йӕ усӕй хицӕн кӕныны бар?» (Матфейы 19:3).

Адӕм цы хъуыды кодтой, уый кой кӕныны бӕсты сын Йесо сӕ хъус ӕрдардта, уый фӕдыл бинонты царды Бындурӕвӕрӕг Йегъовӕ Хуыцау цы хъуыды кӕны, уымӕ: «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ кӕй загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“? Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:4–6). Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы цард куы баиу кодта, уӕд дзы хицӕн кӕныны кой нӕ уыди.

Фӕлӕ фарисейтӕ Йесоимӕ разы нӕ уыдысты: «Ӕмӕ уӕд Моисей цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, лӕг йӕ усӕн гӕххӕтт раттӕд, кӕй дзы хицӕн кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ ауадзӕд?» (Матфейы 19:7). Йесо сын загъта: «Хивӕнд кӕй стут, Моисей уын уымӕн радта уӕ устытӕй хицӕн кӕныны бар, фӕлӕ фыццаг афтӕ нӕ уыди» (Матфейы 19:8). «Фыццаг», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд Моисейы заманы кой нӕ кодта, фӕлӕ, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны бинонты цардӕн бындур куы ’рӕвӕрдта, уыцы рӕстӕджы кой.

Уый фӕстӕ Йесо загъта тынг ахсджиаг хъуыды: «Зӕгъын уын: йӕ усмӕ хӕтыны [грекъагау порне́йа] азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:9). Уӕдӕ Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар ӕрмӕстдӕр уӕд ис, ӕмӕ сӕ исчи куы хӕта.

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Кӕд афтӕ у, уӕд фӕлтау ус ма ракур» (Матфейы 19:10). Уӕдӕ йӕ цард искӕимӕ баиу кӕныныл чи хъуыды кӕны, уый хъуамӕ ӕмбара, йемӕ кӕй хъуамӕ уа цӕрӕнбонтӕм!

Уый фӕстӕ Йесо загъта, бинонтӕ чи не скӕны, уыдоны тыххӕй дӕр. Бамбарын кодта, кӕй ис ахӕмтӕ, йӕ мады гуыбынӕй сахъат чи рахаста, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон нӕу, лӕг ӕмӕ усыл сӕ кӕрӕдзийы раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнын. Кӕйдӕрты та адӕм фӕсахъат кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй нӕу сӕ бон бинонтӕ скӕнын. Фӕлӕ ма ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ бинонтӕ скӕнын сӕ бон у, фӕлӕ сӕ буары монцтыл хӕцынц. Цӕмӕн? Цӕмӕй сӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр аразын мацы хъыгдара. Фӕстагмӕ Йесо йӕ ныхасмӕхъусджыты сразӕнгард кодта: «Кӕмӕн у йӕ бон афтӕ бакӕнын [ома бинонтӕ ма скӕна], уый афтӕ бакӕнӕд» (Матфейы 19:12).

Уӕд Йесомӕ гыццыл сывӕллӕтты кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕммӕ хыл кодтой, ӕвӕццӕгӕн сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ тыхсын кодтаиккой. Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад, ацы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у. Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадыл гыццыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн» (Марчы 10:14, 15; Лукайы 18:15).

Диссаджы зондзонӕн! Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ уыдонау ахуыр кӕнын уарзӕм. Уый фӕстӕ Йесо равдыста, гыццылты куыд тынг уарзта, уый. Йӕ хъӕбысмӕ сӕ систа ӕмӕ сын раарфӕ кодта. Ӕмӕ ахӕм фӕлмӕн уарзтӕй ӕрмӕст гыццылты нӕ уарзы, фӕлӕ, «Хуыцауы паддзахадыл гыццыл сывӕллонау» чи баууӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр (Лукайы 18:17).