Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас ӕмӕ цыбыр афӕлгӕст

Разныхас ӕмӕ цыбыр афӕлгӕст

Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕй иуӕй-иуты тыххӕй базонӕн ис йӕ зындгонд раныхасӕй. Уыцы раныхас радзырдта, Галилейӕйы денджызы былгӕрон чи уыд, уыцы горӕт Капернауммӕ хӕстӕг адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд. Йӕ зындгонд раныхас фыст ис Библийы, Матфейы чиныджы 5-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕрмӕ. Чырыстийы зондджын уынаффӕтӕ бакӕсӕн ис ацы брошюрӕйы. Уыдон дын ӕнӕмӕнгдӕр стыр пайда фӕуыдзысты.

  • 5 СӔР

    • Йесо адӕмы хохыл ахуыр кӕнын райдыдта (1, 2)

    • Адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы вӕййы, фараст ахӕм хъуыддаджы (3–12)

    • Цӕхх ӕмӕ рухс (13–16)

    • Йесо ӕрцыд Закъон сӕххӕст кӕнынмӕ (17–20)

    • Йесо дзуры маст хӕссыны тыххӕй (21–26), хӕтындзинады тыххӕй (27–30), хицӕн кӕныны тыххӕй (31, 32), сомы кӕныны тыххӕй (33–37), маст исыны тыххӕй (38–42), знӕгты уарзын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй (43–48)

  • 6 СӔР

    • Адӕймаг хъуамӕ иннӕты цӕстмӕ йӕхи рӕстгӕнӕгӕй ма ӕвдиса (1–4)

    • Кувын куыд хъӕуы (5–15)

      • Йесо адӕмы ахуыр кӕны кувын (9–13)

    • Ком дарын (16–18)

    • Хӕзнатӕ зӕххыл ӕмӕ уӕлӕрвты (19–24)

    • Мӕт мауал кӕнут (25–34)

      • Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад (33)

  • 7 СӔР

    • Макӕмӕн тӕрхон кӕнут (1–6)

    • Курут, агурут, хойут (7–11)

    • Чырыстийы зындгонд уынаффӕ (12)

    • Нарӕг дуар (13, 14)

    • Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут (15–23)

    • Хӕдзар къӕдзӕхыл, хӕдзар змисыл (24–27)

    • Адӕм дисӕй мардысты, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта, ууыл (28, 29)