Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫУУЫН ӔРТЫККӔГӔМ СӔР

Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын

Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын

1. Петрӕн йӕ царды бонтӕй ӕнамонддӕр кӕцы уыд?

ПЕТРӔЙ никуы ферох уыдзӕн, Йесоимӕ куыд фемдзаст сты, уый. Цымӕ йын йӕ цӕстӕнгасы цы федта? Йӕ зӕрдӕ йыл кӕй худы кӕнӕ йын бауайдзӕф кӕнынмӕ кӕй хъавы, уый? Уый бӕрӕг нӕу. Библийы ӕрмӕст фыст ис, «Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст», зӕгъгӕ (Лук. 22:61). Фӕлӕ уыцы иу бакастӕй дӕр Петр бамбӕрста, цы стыр рӕдыд ӕруагъта, уый. Ныр ӕм бахъардта, Йесойы ныхӕстӕ йыл кӕй ӕрцыдысты – йӕ Хицауӕй загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ фидарӕй дзырдта, уый, дам, никуы уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, Петры царды уымӕй ӕнамонддӕр бон нӕ уыд. Уыцы хабарӕй зындӕр ын никуы ницы уыди.

2. Петр цӕуыл хъуамӕ сахуыр уыдаид ӕмӕ йыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уымӕ нӕ ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы?

2 Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Петрӕн йӕ бон ницыуал уыди фӕивын. Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йын уыди фадат, цӕмӕй йӕ рӕдыдтытӕ сраст кодтаид ӕмӕ йӕ Ахуыргӕнӕгӕй ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддагыл сахуыр уыдаид. Петр хъуамӕ бамбӕрстаид, хатыр кӕнын ӕцӕгӕй цы у, уый. Махӕй алкӕй дӕр хъӕуы уыцы миниуӕгыл кусын. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы миниуӕгыл ахуыр кӕнгӕйӕ Петр цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уымӕ.

Хъуыди йӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын

3, 4. а) Петр Йесойы цӕмӕй бафарста ӕмӕ куыд хъуыды кодтаид? ӕ) Йесо куыд равдыста, Петрыл иннӕты зондахаст кӕй фӕзынд, уый?

3 Уыцы хабӕрттӕй ӕхсӕз мӕйы раздӕр Петр йӕ райгуырӕн горӕт Капернаумы Йесойы бафарста: «Хицау, ме ’фсымӕрӕн йӕ рӕдыд цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты?» Петр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ тынг хатыргӕнаг у. Уыцы рӕстӕджы дины разамонджытӕ амыдтой, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты ис ныххатыр кӕнӕн. Фӕлӕ Йесо Петрӕн загъта: «Зӕгъын дын: авд хатты нӕ, фӕлӕ ӕвдай авд хатты» (Матф. 18:21, 22).

4 Цымӕ Чырыстийы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ-иу Петр хъуамӕ йӕхимӕ фыстаид, йӕ ныхмӕ чи цал хатты фӕрӕдыд, уый? Нӕ. Афтӕ йын кӕй загъта, 7 хатты нӕ, фӕлӕ 77 хатты ныххатыр кӕн, уымӕй йын бамбарын кодта, адӕймаджы куы уарза, уӕд афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕндзӕн, уал хатты йын ныххатыр кодтон, ӕмӕ фаг у, зӕгъгӕ (1 Кор. 13:4, 5). Афтӕмӕй Йесо равдыста, Петрыл иннӕты зондахаст кӕй фӕзынд. Уыдон уыдысты дурзӕрдӕ ӕмӕ хатыр кӕнын нӕ зыдтой. Кӕмӕн цал хатты ныххатыр кодтой, уый хорз бухгалтертау нымадтой. Фӕлӕ Хуыцауы чи фӕзмы, уыдон та хъуамӕ бирӕ хатыр кӕной. (Бакӕс 1 Иоанны 1:7–9.)

5. Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый хуыздӕр кӕд бамбарӕм?

5 Петр Йесоимӕ быцӕу нӕ кодта. Фӕлӕ йын йӕ Ахуыргӕнӕг цы зӕгъинаг уыд, уый цымӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста? Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый иуӕй-иу хатт хуыздӕр бамбарӕм, нӕхицӕн нын куы фӕхъӕуы ныххатыр кӕнын, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, Йесойы мӕлӕты размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонмӕ. Уыцы уӕззау рӕстӕг Петр бирӕ рӕдыдтытӕ ӕруагъта, ӕмӕ йын сӕ йӕ Хицау ныххатыр кодта.

Йесо Петрӕн бирӕ хӕттыты ныххатыр кодта

6. Йесо йӕ апостолты сӕрныллӕгдзинадыл куы ахуыр кодта, уӕд ын Петр цы загъта, фӕлӕ Йесо уӕддӕр куыд бакодта?

6 Уый уыд Йесойы зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв. Нырма йӕ бирӕ цӕуылдӕрты хъуыди йӕ апостолты сахуыр кӕнын, зӕгъӕм, сӕрныллӕгдзинадыл. Ӕмӕ сын ӕй йӕхӕдӕг хъуыддагӕй равдыста: сӕ къӕхтӕ сын ныхсадта. Уыцы куыст та-иу кодта, лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр чи уыд, уый. Петры фыццаг нӕ бауырныдта, Йесо йын ӕцӕгдӕр йӕ къӕхтӕ ӕхсынмӕ кӕй хъавы, стӕй та йӕ уадзгӕ нӕ кодта. Фӕлӕ йын уый фӕстӕ та загъта, ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр ныхс, зӕгъгӕ! Йесо йӕм не смӕсты, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, афтӕ цӕмӕн бакодта, уый (Иоан. 13:1–17).

7, 8. а) Петр та ногӕй куыд фӕрӕдыд? ӕ) Йесо куыд равдыста, хатыргӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уый?

7 Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та Петр ногӕй фӕрӕдыд. Апостолтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл, ӕмӕ та сӕ сӕрбӕрзонддзинад рабӕрӕг. Ӕмӕ Петр дӕр фӕсте кӕм баззадаид. Фӕлӕ сын Йесо фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, кӕй рӕдийынц, ӕмӕ ма сӕ ӕппӕлгӕ дӕр ракодта, йӕ фӕлварӕнты рӕстӕг йӕ фарсмӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Стӕй сын комкоммӕ загъта, иууылдӕр ӕй кӕй ныууадздзысты. Уӕд ын Петр расомы кодта, амӕлын ӕй куы бахъӕуа, уӕддӕр ӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ахсӕв, уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ». Петр та уӕддӕр ныллӕууыд, ахӕм ми кӕй никуы бакӕндзӕн. Ӕмӕ ма йӕхицӕй дӕр ӕппӕлыд, иннӕ апостолтӕ, дам, дӕ се ’ппӕт дӕр куы ныууадзой, уӕддӕр, дам, дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн (Матф. 26:31–35; Мар. 14:27–31; Лук. 22:24–28; Иоан. 13:36–38).

8 Цымӕ Йесо Петрмӕ ӕппын нӕ мӕсты кодта? Уыцы уӕззау рӕстӕг дӕр Йесо касти, йе ’нӕххӕст апостолтӕм хорзӕй цы уыд, уымӕ. Петр ӕй кӕй ныууадздзӕн, уый кӕд зыдта, уӕддӕр загъта: «Ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай. Ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн» (Лук. 22:32). Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, Петр йӕ рӕдыдыл кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн ӕмӕ дарддӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн. Ӕцӕгдӕр, Йесо уыди хатыргӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг.

9, 10. а) Гефсиманийы дыргъдоны Петрӕн цавӕр рӕдыдтытӕм бахъуыд бацамонын? ӕ) Петры хабар нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны?

9 Фӕстӕдӕр та Гефсиманийы дыргъдоны Петрӕн цалдӕр хатты бахъуыд йӕ рӕдыдмӕ бацамонын. Йесо Петрӕн, Иаковӕн ӕмӕ Иоаннӕн загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уыдаиккой, цалынмӕ кувгӕ кодтаид, уӕдмӕ. Фӕлӕ та-иу ногӕй бафынӕй сты, кӕд Йесойӕн уыцы рӕстӕг тынг зын уыди ӕмӕ йӕ се ’ххуыс хъуыди, уӕддӕр. Фӕлӕ сын Йесо сӕ уавӕр ӕмбӕрста ӕмӕ сын ныххатыр кодта. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Мар. 14:32–41).

10 Уӕдмӕ фӕзынд дуне адӕм, сӕ къухты цырӕгътӕ, хъаматӕ ӕмӕ хъилтӕ, афтӕмӕй. Ацы уавӕры хъуыди хиуыл хӕцын ӕмӕ уӕззау зондӕй архайын. Фӕлӕ Петр йӕхи нӕ баурӕдта, йӕ хъама фелвӕста ӕмӕ дзы хистӕр сауджыны цагъар Малхы хъус ахауын кодта. Йесо Петрӕн йӕ рӕдыдмӕ фӕлмӕнӕй бацамыдта, стӕй цагъары хъусмӕ бавнӕлдта ӕмӕ йӕ адзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ исой, уый. Ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ абон дӕр уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц (Матф. 26:47–55; Лук. 22:47–51; Иоан. 18:10, 11). Йесо Петрӕн уый размӕ дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ныххатыр кодта. Петры хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, не ’ппӕт дӕр арӕх кӕй рӕдийӕм. (Бакӕс Иаковы 3:2.) Цымӕ ныл иу бон дӕр афтӕ ацӕуы, ӕмӕ Хуыцауы раз ма фӕрӕдийӕм ӕмӕ нын хатыр кӕнын ма бахъӕуа? Фӕлӕ Петры бӕллӕхтӕ ууыл нӕ фесты. Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв ӕруагъта йӕ царды ӕппӕты стырдӕр рӕдыд.

Петры ӕппӕты стырдӕр рӕдыд

11, 12. а) Йесойы куы ’рцахстой, уӕд Петр лӕгдзинад куыд равдыста? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Петр, стыр дзыхӕй цы ӕнувыд уарзты кой кодта, уый нӕ равдыста?

11 Йесо йӕ апостолтӕм бацамыдта ӕмӕ адӕмӕн загъта, кӕд мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут, зӕгъгӕ. Петрӕн йӕ бон ницӕмӕй уыди Йесойӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ касти, куыд ӕй бӕттынц, уымӕ. Уый фӕстӕ Петр дӕр иннӕ апостолтау алыгъд.

12 Петр ӕмӕ Иоанн иуцасдӕры фӕстӕ ӕрлӕууыдысты, ӕвӕццӕгӕн, раздӕры хистӕр сауджын Аннӕйы хӕдзары раз. Йесойы уал фыццаг уырдӕм бакодтой, цӕмӕй йӕ ӕрфарстаиккой. Стӕй йӕ уырдыгӕй куы ракодтой, уӕд Петр ӕмӕ Иоанн сӕ фӕдыл цыдысты, ӕрмӕст «дӕрддзӕфгомау» (Матф. 26:58; Иоан. 18:12, 13). Петр тӕппуд адӕймаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕуынӕн дӕр лӕгдзинад хъуыди. Уыцы адӕм уыдысты хӕцӕнгӕрзтимӕ, стӕй дзы иуӕн та уый размӕ йӕ хъус дӕр ахауын кодта. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы уавӕры Петр нӕ равдыста, стыр дзыхӕй цы ӕнувыд уарзты кой кодта, уый – куы, дам, бахъӕуа, уӕд, дам, демӕ мӕлгӕ дӕр акӕндзынӕн (Мар. 14:31).

13. Адӕймаджы Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг ӕрмӕстдӕр кӕд ис схонӕн?

13 Петрау абон дӕр бирӕтӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуынц «дӕрддзӕфгомау» – куыд ничи сӕ базона, афтӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Петр йӕхӕдӕг куыд ныффыста, афтӕмӕй адӕймаджы Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг ӕрмӕстдӕр уӕд ис схонӕн, ӕмӕ ӕдзухдӕр йемӕ куы цӕуа, ома йӕ алы хъуыддаджы дӕр куы фӕзма, уый тыххӕй йӕ цыфӕнды зындзинӕдтӕ бавзарын ма бахъӕуа, уӕддӕр. (Бакӕс 1 Петры 2:21.)

14. Йесойӕн куы тӕрхон кодтой, уыцы ӕхсӕв Петр куыд арвыста?

14 Петр адӕмы фӕдыл цыди, цалынмӕ иу хӕдзармӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ. Уыцы хӕдзар уыди Иерусалимы стырдӕр хӕдзӕрттӕй сӕ иу. Царди дзы хъӕздыг ӕмӕ дзырддзӕугӕ хистӕр сауджын Кайафӕ. Ахӕм хӕдзӕрттӕ иу афтӕ арӕзтой, ӕмӕ-иу кӕрт уыди астӕуӕй, йӕ алыварс та – хӕдзар. Разӕй та-иу дзы уыди кулдуар. Гъемӕ Петр кулдуармӕ бацыд, фӕлӕ йӕ мидӕмӕ нӕ бауагътой. Иоанн та уӕдмӕ кӕрты уыд, уымӕн ӕмӕ хистӕр сауджынимӕ зонгӕ уыди. Ӕмӕ дуаргӕсӕн загъта, цӕмӕй Петры мидӕмӕ бауагътаид. Петр кӕртмӕ куы бахызт, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Иоаннимӕ нӕ баззад, стӕй мидӕмӕ хӕдзармӕ дӕр нӕ бацыд, цӕмӕй уыцы зын сахат йӕ Ахуыргӕнӕджы фарсмӕ ӕрбалӕууыдаид. Петр баззад кӕрты. Уазал ӕхсӕв кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕй ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ сӕхи артмӕ тавтой, ӕмӕ уый дӕр сӕ цурмӕ бацыд. Петр уыдта, Йесойы ныхмӕ цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ссардтой, уыдонӕй-иу иутӕ, тӕрхон кӕм цыди, уырдӕм куыд бацыдысты, иннӕтӕ та-иу куыд рацыдысты (Мар. 14:54–57; Иоан. 18:15, 16, 18).

15, 16. Бамбарын кӕн, Йесо Петры тыххӕй цы загъта, уый куыд сӕххӕст.

15 Петры мидӕмӕ цы лӕггадгӕнӕг чызг ӕрбауагъта, уый йӕм арты рухсмӕ лӕмбынӕгдӕр куы бакаст, уӕд ӕй базыдта, ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ!» Петр ахӕм ныхӕстӕ фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ фӕтыхсти ӕмӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Йӕхи афтӕ скодта, цыма, чызг цӕй кой кӕны, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны. Уый фӕстӕ йӕхи кулдуармӕ хӕстӕгдӕр байста, кӕд мӕ ничиуал фенид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ та йӕ уым дӕр ӕндӕр чызг федта ӕмӕ афтӕ бакодта: «Ай дӕр назаретаг Йесоимӕ уыди». Фӕлӕ Петр сомытӕ кӕнгӕ загъта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын!» (Матф. 26:69–72; Мар. 14:66–68). Ӕвӕццӕгӕн, дыккаг хатт куы загъта, Чырыстийы кӕй нӕ зоны, уӕд фехъуыста уасӕджы уасын. Фӕлӕ фыртыхстӕй йӕ зӕрдыл не ’рлӕууыд, цалдӕр сахаты размӕ Йесо цы загъта, уый.

16 Петр ма уый фӕстӕ дӕр йӕхи рамбӕхс-бамбӕхс кодта. Фӕлӕ йӕм уӕдмӕ, кӕрты цы адӕм лӕууыд, уыдон хӕстӕгдӕр бацыдысты. Сӕ иу уыд Малхы хӕстӕг. Ӕмӕ уый Петрӕн загъта: «Дыргъдоны дӕ йемӕ нӕ федтон?» Фӕлӕ та Петр уыдоны дӕр ӕууӕндын кодта, рӕдийгӕ кӕй кӕнынц, ууыл. Ӕмӕ ма сомы дӕр ракодта – ӕвӕццӕгӕн, загъта, кӕд сайгӕ кӕнын, уӕд мӕ ӕлгъыст баййафӕд, зӕгъгӕ. Петр ныр ӕртыккаг хатт загъта, Йесойы кӕй нӕ зоны. Куыддӕр расомы кодта, афтӕ уасӕг ныууасыд – уыцы ӕхсӕв дыккаг хатт (Иоан. 18:26, 27; Мар. 14:71, 72).

«Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст»

17, 18. а) Петр йӕ Ахуыргӕнӕджы раз куыд тынг фӕрӕдыд, уый йӕм куы бахъардта, уӕд куыд фӕци? ӕ) Петр йӕ рӕдыды тыххӕй цы хъуыды кодтаид?

17 Раст уыцы рӕстӕг Йесо рацыд, кӕртырдӕм чи уыд, уыцы балкъонмӕ. Ӕмӕ ацы сӕры райдианы куыд загътам, афтӕ Петримӕ фемдзаст сты. Уӕд Петрмӕ бахъардта, йӕ Ахуыргӕнӕджы раз куыд тынг фӕрӕдыд, уый. Уыцы уӕззау хъуыдытимӕ кӕртӕй рахызт ӕмӕ Иерусалимы уынгты араст. Цалхыдзаг мӕй бынмӕ тылди ӕмӕ йын йӕ фӕндаг рухс кодта. Петрӕн йӕ цӕстытӕ донӕй айдзаг сты ӕмӕ йӕ размӕ ницыуал уыдта. Стӕй йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ тынг ныккуыдта (Мар. 14:72; Лук. 22:61, 62).

18 Адӕймаг уӕззау рӕдыд куы ӕруадзы, уӕд ӕм арӕх афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йын ныххатыр кӕнӕн нӕй. Петр дӕр, чи зоны, афтӕ хъуыды кодта. Фӕлӕ цымӕ йӕ рӕдыдӕн ӕцӕгдӕр ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд?

Петрӕн ма ныххатыр кӕнӕн уыд?

19. Кӕд Петр йӕ рӕдыдыл тынг маст кодта, уӕддӕр йӕхимӕ кӕй нӕ ныхъхъуыста, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

19 Дыккаг бон Петры мастыл маст бафтыд. Куыд фӕзӕгъынц, кӕд, дам, цӕфӕй нӕ мӕлыс, уӕд дын уый та рӕхуыст. Ахъуыды-ма кӕн, Йесо уыйбӕрц хъизӕмӕртты фӕстӕ куы амард, уӕд Петр йӕхи куыд ӕфхӕрдтаид! Йесойы кӕй ныууагъта ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ царды фӕстаг бон йӕ рыстыл кӕй бафтыдта, ууыл-иу цал хатты ахъуыды кодта, уал хатты-иу, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ барызт. Фӕлӕ кӕд Петры мастӕн кӕрон нӕ уыд, уӕддӕр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы хабӕртты фӕстӕ уый дӕр уыди иннӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ (Лук. 24:33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, апостолтӕ се ’ппӕт дӕр тынг фӕсмон кодтой, уыцы ӕнамонд ӕхсӕв куыд бакодтой, ууыл ӕмӕ ныр сӕ бон уыди кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ бавӕрын.

20. Петр уыцы уавӕры йӕхи куыд равдыста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

20 Петр ацы уавӕры йӕхи куыд равдыста, уымӕй нын фӕзминаг у. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг куы «ахауы», уӕд сӕйраг уый нӕ вӕййы, куыд стыр тӕригъӕд ӕруагъта – сӕйраг вӕййы, фӕстӕмӕ «сыстын» ӕмӕ йӕ йӕ рӕдыд сраст кӕнын куыд тынг фӕфӕнды, уый. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 24:16.) Петры фидар уырнындзинад уымӕй рабӕрӕг, ӕмӕ кӕд ныфссаст уыд, уӕддӕр ӕфсымӕртимӕ фембӕлд. Адӕймаг истӕуыл куы фӕмаст кӕны кӕнӕ куы фӕфӕсмон кӕны, уӕд йӕхи иннӕтӕй дард фӕласы. Фӕлӕ уый тынг тӕссаг у (Ӕмб. 18:1). Ахӕм рӕстӕг хъуамӕ нӕхи бӕттӕм не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотыл, цӕмӕй та нӕм хъарутӕ фӕзына ӕмӕ нӕ бон уа Хуыцауӕн дарддӕр лӕггад кӕнын (Дзут. 10:24, 25).

21. Петр йе ’фсымӕртимӕ кӕй уыд, уый руаджы цавӕр хабар фехъуыста?

21 Петр йе ’фсымӕртимӕ кӕй уыд, уый руаджы фехъуыста диссаджы хабар: Йесойы мард, дам, зӕппадзы нал ис. Петр ӕмӕ Иоанн уайтагъд уырдӕм азгъордтой. Иоанн Петрӕй фӕраздӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый ӕрыгондӕр уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ. Кӕд зӕппадзы дуарыл мыхуыр ӕвӕрд уыд, уӕддӕр ӕй ныр гомӕй ӕрбаййӕфта. Фӕлӕ мидӕмӕ бахизын йӕ ныфс нӕ бахаста. Петр та лӕфлӕфгӕнгӕ комкоммӕ мидӕмӕ бараст. Зӕппадз разынд афтид! (Иоан. 20:3–9).

22. Петры зӕрдӕйӕ маст ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ цӕй фӕрцы ӕрбайсӕфтысты?

22 Цымӕ Петры бауырныдта, Йесо кӕй райгас, уый? Фыццаг нӕ. Кӕд иузӕрдион сылгоймӕгтӕ апостолтӕн загътой, зӕдтӕ сӕм кӕй фӕзындысты ӕмӕ сын кӕй фӕхабар кодтой, Йесо, дам, райгас, уӕддӕр сыл нӕ баууӕндыдысты (Лук. 23:55–24:11). Фӕлӕ уыцы бон изӕрырдӕм Петры зӕрдӕйы маст ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕй фӕд дӕр нал баззад. Чырысти ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ ныр у ӕнӕуынгӕ хъомысджын зӕд! Йесо фӕзынд апостолтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Фӕлӕ уал уый размӕ фӕзынд Петрмӕ, иунӕгӕй куы уыд, уӕд. Уыцы бон апостолтӕ загътой: «Хицау ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ Симонмӕ фӕзынд!» (Лук. 24:34). Фӕстӕдӕр апостол Павел дӕр ныффыста, Чырысти кӕй «фӕзынд Кифӕмӕ, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ» (1 Кор. 15:5). Кифӕ ӕмӕ Симон та сты Петрӕн йӕ иннӕ нӕмттӕ.

Йесо Петрӕн бирӕ хӕттыты ныххатыр кодта, фӕлӕ махӕй та цы зӕгъӕн ис – иу бон дӕр ныл афтӕ ацӕуы, ӕмӕ нын хатыр кӕнын ма бахъӕуа?

23. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй тӕригъӕд чи ӕруадзы, уыдоны Петры хабар сӕ зӕрдыл дарын цӕмӕн хъӕуы?

23 Йесо ӕмӕ Петр куы фембӕлдысты, уӕд цӕуыл ныхас кодтой, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, Петрӕн куыд ӕхсызгон уыдаид йӕ зынаргъ Ахуыргӕнӕджы ногӕй удӕгасӕй фенын. Куыннӕ йын радзырдтаид, цы тӕригъӕд ӕруагъта, ууыл куыд маст кӕны ӕмӕ йӕхи фӕсмонӕй куыд хӕры, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг Петры ӕндӕр ницы хъуыди, ӕрмӕстдӕр ын Йесо куы ныххатыр кодтаид. Ӕмӕ йын Йесо, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕрдиагӕй ныххатыр кодта. Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй тӕригъӕд чи ӕруадзы, уыдоны хъӕуы Петры хабар сӕ зӕрдыл дарын. Афтӕ хъуамӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Хуыцау нӕ ныххатыр кӕндзӕн. Йесо алцӕмӕй дӕр фӕзмы йӕ Фыд Йегъовӕйы. Ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй та Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕрдиагӕй хатыр кӕны» (Ис. 55:7).

Йесо Петрӕн кӕй ныххатыр кодта, уымӕн фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ

24, 25. а) Радзур, Петр ӕхсӕвы Галилейӕйы денджызы кӕсаг куыд ахста, уый тыххӕй. ӕ) Дыккаг бон райсомӕй Йесо цы диссаг сарӕзта, уый фенгӕйӕ Петр куыд бакодта?

24 Йесо йӕ апостолтӕн загъта, зӕгъгӕ, Галилейӕмӕ ацӕут ӕмӕ куы райгас уон, уӕд уым фембӕлдзыстӕм. Апостолтӕ дӕр уырдӕм ацыдысты. Ӕмӕ уым Петр сфӕнд кодта Галилейӕйы денджызмӕ кӕсаг ахсынмӕ ацӕуын. Иннӕ апостолтӕ дӕр цалдӕрӕй йемӕ ацыдысты. Петр та ногӕй ис, йӕ царды фылдӕр ӕмбис кӕм арвыста, уыцы цады. Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв иу кӕсаг дӕр не ’рцахстой (Матф. 26:32; Иоан. 21:1–3).

Петр донмӕ ныггӕпп кодта ӕмӕ былмӕ раленк кодта

25 Бон цъӕхтӕ кӕнын куы райдыдта, уӕд сӕм былӕй чидӕр фӕхъӕр кодта, уӕ хызтӕ бӕлӕгъы иннӕ фарс баппарут, зӕгъгӕ. Апостолтӕ дӕр афтӕ бакодтой ӕмӕ ӕрцахстой дуне кӕсаг – 153 кӕсаджы! Петр базыдта, чи сӕм хъӕр кодта, уыцы адӕймаджы. Гъемӕ бӕлӕгъӕй донмӕ ныггӕпп кодта ӕмӕ былмӕ раленк кодта. Йесо былыл йе ’нувыд ӕмбӕлттӕн се ’рбацыдмӕ цӕхӕртыл кӕсаг ӕрцӕттӕ кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ Петримӕ ныхас кӕнын райдыдта (Иоан. 21:4–14).

26, 27. а) Йесо Петрӕн ӕртӕ хатты цавӕр фадат радта? ӕ) Йесо Петрӕн ӕцӕгдӕр кӕй ныххатыр кодта, уый куыд равдыста?

26 Йесо Петрӕн, ӕвӕццӕгӕн, цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстой, уыдонмӕ ацамыдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс»? Цымӕ Петр фылдӕр Йесойы уарзта ӕви кӕсагахсӕджы куыст? Уый размӕ Петр йӕ Ахуыргӕнӕгӕй ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын ныр Йесо уый фадат радта, цӕмӕй иннӕ апостолты раз ӕртӕ хатты загътаид, куыд тынг ӕй уарзы, уый. Петр ӕртӕ хатты, уарзын дӕ, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ын Йесо бамбарын кодта, йӕ уарзондзинад цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый. Петрӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуамӕ мацы уыдаид – хъуамӕ Чырыстийы фысты хызтаид, кастаид сӕм ӕмӕ сӕ фидар кодтаид (Лук. 22:32; Иоан. 21:15–17).

27 Афтӕмӕй Йесо Петрӕн равдыста, йӕхи цӕсты дӕр ӕмӕ йӕ Фыды цӕсты дӕр раздӕрау хъӕугӕ адӕймаг кӕй у. Стӕй йын бамбарын кодта, чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Йесо йын кӕй ныххатыр кодта, уымӕн ма уымӕй стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн цы хъуамӕ уыдаид! Йесо Петрмӕ ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдта ӕмӕ дзы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр.

28. Петр къӕдзӕхау фидар чырыстон куыд сси?

28 Петр бирӕ азты дӕргъы зӕрдиагӕй ӕххӕст кодта, Йесо йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Йесо йын йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ куыд ныффӕдзӕхста, афтӕ фидар кодта йе ’фсымӕрты. Петр фӕлмӕнӕй ӕмӕ фӕразонӕй «хызта» Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты. Кӕддӕр Симоны Йесо схуыдта Петр, ома Къӕдзӕх. Ӕмӕ ныр Петр ӕцӕгдӕр сси, ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон банцой кӕнын кӕуыл уыд, ахӕм фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ къӕдзӕхы хуызӕн. Уый бӕрӕг у, цы дыууӕ диссаджы зӕрдӕфидаргӕнӕн фыстӕджы ныффыста, уыдонӕй. Куыд зонӕм, афтӕмӕй абон уыцы фыстӕджытӕ сты Библийы. Уыцы фыстӕджытӕй ма ноджыдӕр базонӕн ис, Петр Йесойау хатыр кӕнын кӕй сахуыр, уый дӕр. (Бакӕс 1 Петры 3:8, 9; 4:8.)

29. Куыд у нӕ бон Петры уырнындзинад ӕмӕ Йесойы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад фӕзмын?

29 Уӕдӕ мах дӕр хатыр кӕнын ахуыр кӕнӕм. Цымӕ нӕ алы бон дӕр Хуыцауӕй нӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр ракурын нӕ ферох вӕййы? Уырны нӕ, ӕцӕгдӕр нын кӕй ныххатыр кӕны ӕмӕ нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг кӕны? Нӕхӕдӕг та цӕттӕ вӕййӕм иннӕтӕн ныххатыр кӕнынмӕ? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд мах дӕр фӕзмдзыстӕм Петры уырнындзинад ӕмӕ Йесойы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад.