Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ холокосты рӕстӕг цытӕ бавзӕрстой?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ холокосты рӕстӕг цытӕ бавзӕрстой?

 Холокосты рӕстӕг Германийы ӕмӕ, нацисттӕ кӕй бацахстой, уыцы бӕстӕты цард иу-35 000 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны. Уыцы рӕстӕг уыдонӕй фӕмард 1 500 адӕймаджы бӕрц. Чи дзы куыд амард, уый бӕлвырдӕй бӕрӕг нӕу. Уыцы хабӕрттӕ ма ныронг дӕр кӕй иртасынц, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, нымӕцтӕ фӕивой ӕмӕ хабӕрттӕ фӕбӕлвырддӕр уой.

 Куыд амардысты?

  • Нацисттӕ адӕмы сӕртӕ кӕмӕй къуырдтой, ахӕм машинӕ

      Фыдмард сӕ кодтой. Германийы ӕмӕ, нацисттӕ кӕй бацахстой, уыцы бӕстӕты 400 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны бӕрц фыдмард акодтой. Сӕ фылдӕрӕн тӕрхондоны мӕлӕты тӕрхон рахастой ӕмӕ сын сӕ сӕртӕ акъуырдтой. Иннӕты та ӕнӕ тӕрхонӕй фехстой кӕнӕ ӕрцауыгътой.

  •   Фыдуавӕрты сӕ дардтой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй 1 000 фылдӕр амардысты концлагерты ӕмӕ ахӕстӕтты тыхкуыстӕй, ӕххормагӕй, уазалӕй, низтӕй, стӕй, дохтырты ӕххуысхъуаг кӕй уыдысты ӕмӕ сын фыдмитӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Иннӕтӕ та, нацистты къухӕй цытӕ бавзӕрстой, уый аххосӕй амардысты, Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци ӕмӕ куы ссӕрибар сты, уый хӕдфӕстӕ.

  •   Ӕндӕр аххосӕгтӕ. Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ амардысты газы камерӕты, дохтырты эксперименттӕй кӕнӕ та-иу сын ахӕм уколтӕ скодтой, цӕмӕй амӕлой.

 Сӕ фӕдыл цӕмӕн зылдысты?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл зылдысты, Библийы ахуырӕдтыл фидар кӕй хӕцыдысты, уый тыххӕй. Нацисттӕ-иу сын, Библийы ныхмӕ цы у, ахӕмӕй исты куы аразын кодтой, уӕд-иу нӕ басастысты. Уыдон фыццаджыдӕр хъуыстой Хуыцаумӕ, «адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29). Ӕркӕсӕм, уый цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй уыд бӕрӕг.

  1.   Политикӕйы нӕ архайдтой. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрой, уӕддӕр политикӕйы нӕ архайынц (Иоанны 18:36). Ӕмӕ афтӕ уыд нацистты рӕстӕг дӕр.

  2.   Дарддӕр Хуыцауӕн лӕггад кодтой. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ Хуыцауӕн кувын нӕ уагътой, уӕддӕр уыдон...

    •   ...иумӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой ӕмӕ йын лӕггад кодтаиккой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

    •   ...Библийы хорз хабар хъусын кодтой ӕмӕ Библийыл арӕзт литературӕ парахат кодтой (Матфейы 28:19, 20).

    •   ...иннӕ адӕммӕ, уыимӕ дзуттӕгтӕм дӕр, хорз цӕстӕй кастысты (Марчы 12:31).

    •   ...сӕ дин ныууадзыныл нӕ разы кодтой ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нал дӕн, зӕгъгӕ, фыст кӕм уыд, уыцы гӕххӕтыл-иу сӕ къух не ’рфыстой (Марчы 12:30).

 Профессор Роберт Герварт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «Ӕртыккаг рейхы рӕстӕг сӕ дины тыххӕй ӕрмӕстдӕр уыдоны ахстой» a. Ӕвдисӕнтимӕ концлагерты чи бадт, уыдон тынг дис кодтой, куыд фидар уыдысты, ууыл. Концлагеры чи уыд, иу ахӕм австриаг нӕлгоймаг загъта: «Уыдон хӕстмӕ нӕ цӕуынц. Искӕй амарыны бӕсты сӕхӕдӕг мӕлӕтыл разы сты».

 Кӕм амардысты?

  •   Концлагертӕ. Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр амардысты концлагерты Бухенвальд, Дахау, Заксенхаузен, Маутхаузен, Нидерхаген, Нойенгамме, Освенцим, Равенсбрюк ӕмӕ Флоссенбюрг. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ӕрмӕст Заксенхаузены фӕмард 200 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны бӕрц.

  •   Ахӕстӕттӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ амардысты, ахӕстоны-иу сын фыдмитӕ кӕй фӕкодтой, уымӕй. Иннӕтӕ та, допросты-иу сӕ фыднад кӕй фӕкодтой, уый аххосӕй.

  •   Мӕлӕты тӕрхонмӕ гӕсгӕ-иу сӕ кӕм амардтой, уыцы бынӕттӕ. Мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыцы Ӕвдисӕнтӕй фылдӕры амардтой Берлин-Плётцензе, Бранденбург-Гёрден ӕмӕ Галлейы ахӕстӕтты. Документтӕй куыд зыны, афтӕмӕй ма ахӕм бынӕттӕ уыдис ноджыдӕр 70 бӕрц.

 Фыдмард кӕй акодтой, уыдонӕй иуӕй-иутӕ

  •  Ном: Хеленӕ Готтхольд

     Кӕм ӕй амардтой: Берлин-Плётцензе

     Хеленӕйӕн уыди лӕг ӕмӕ дыууӕ сывӕллоны. Цалдӕр хатты йӕ ӕрцахстой. 1937 азы йын допросы рӕстӕг ахӕм митӕ бакодтой, ӕмӕ февзӕр ӕмӕ, йӕ гуыбыны чи уыд, уыцы сывӕллоны фесӕфта. 1944 азы 8 декабры Берлин-Плётцензейы Хеленӕйӕн йӕ сӕр акъуырдтой.

  •  Ном: Герхард Либольд

     Кӕм ӕй амардтой: Бранденбург-Гёрден

     1943 азы 6 майы 20-аздзыд Герхардӕн йӕ сӕр акъуырдтой, уымӕй дыууӕ азы размӕ йын йӕ фыды сӕр кӕм акъуырдтой, уыцы ахӕстоны. Йӕ фӕстаг фыстӕджы йӕ бинонтӕм ӕмӕ йӕ усагмӕ Герхард ныффыста: «Хуыцау мын тых куы нӕ дӕттид, уӕд мӕ бон нӕ бауыдаид ацы фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуын».

  •  Ном: Рудольф Аушнер

     Кӕм ӕй амардтой: Галле

     Рудольфыл 17 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, 1944 азы 22 сентябры йын йӕ сӕр куы акъуырдтой, уӕд. Йӕ фӕстаг писмойы йӕ мадмӕ ныффыста: «Ацы фӕндагыл бирӕ ӕфсымӕртӕ ацыдысты, ӕмӕ йыл ӕз дӕр ацӕудзынӕн».

a Hitler’s Hangman: The Life of Heydrich, 105 фарс.