Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йӕхи дин кӕмӕн ис, уыдонмӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн цӕуынц?

Йӕхи дин кӕмӕн ис, уыдонмӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн цӕуынц?

 Йӕхи дин кӕмӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ уарзынц Библийыл ныхас кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы адӕймагӕн дӕр уый бар ис, цӕмӕй йӕхӕдӕг равзара, цавӕр диныл хӕст уыдзӕн, уый. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дин тыххӕй никӕмӕн хъарӕм.

 Дины тыххӕй иннӕтимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, «дзуапп дӕттӕм сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Петры 3:15). Мах ӕй ӕмбарӕм, чидӕртӕ нӕм кӕй нӕ байхъусдзысты (Матфейы 10:14). Фӕлӕ цалынмӕ адӕймагимӕ не сныхас кӕнӕм, уӕдмӕ йӕ нӕ фӕзонӕм, байхъусдзӕн нӕм ӕви нӕ. Стӕй ма ӕмбарӕм, адӕмӕн сӕ уавӕртӕ кӕй фӕивынц.

 Зӕгъӕм, кӕйдӕр иу бон ныхас кӕнынмӕ ӕппындӕр нӕ февдӕлы, иннӕ бон та немӕ зӕрдиагӕй аныхас кӕны. Стӕй адӕймаг хатт ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлы кӕнӕ ахӕм уавӕрты бахауы, ӕмӕ йӕ бафӕнды Библи хуыздӕр базонын. Уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм, цӕмӕй адӕммӕ ногӕй цӕуӕм.