Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Фарстатӕ мӕм дзуаппытӕй фылдӕр уыд»

«Фарстатӕ мӕм дзуаппытӕй фылдӕр уыд»
  • Райгуырд: 1976 аз

  • Бӕстӕ: Гондурас

  • Раздӕр: аргъуаны пастор

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн Гондурасы, горӕт Ла-Сейбӕйы. Фондз сывӕллонӕй уыдтӕн ӕппӕты кӕстӕр ӕмӕ уыдтӕн иунӕг лӕппу. Нӕ бинонтӕй ӕрмӕстдӕр ӕз нӕ хъуыстон хъусӕй. Кӕм цардыстӕм, уым ӕдас нӕ уыд, стӕй тынг мӕгуыр уыдыстӕм. Нӕ уавӕр фӕфыддӕр, мӕ фыдыл иубон куысты бӕллӕх куы ’рцыд ӕмӕ куы фӕмард, уӕд. Уӕд мыл цыди иу-цыппар азы.

 Мӕ мад, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй нӕ фӕдардтаид. Фӕлӕ-иу ӕм арӕх фаг ӕхца нӕ уыд, цӕмӕй-иу нын дзаумӕттӕ балхӕдтаид. Хъарм дзаумӕттӕ мын нӕ уыди, ӕмӕ-иу къӕвда куы уарыд, уӕд-иу фыруазалӕй зыр-зыр кодтон.

 Куы фестырдӕр дӕн, уӕд сахуыр кодтон гондурасаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг ӕмӕ мӕ бон сси, мӕнау хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ мӕ мад ӕмӕ мӕ хотӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл зыдтой ӕрмӕст гыццыл цыдӕртӕ. Стӕй сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой, цыдӕртӕ-иу мын куыд бацамоной, уый. Мӕ мад мӕ уарзта ӕмӕ мӕ хъахъхъӕдта, цӕмӕй мацы фыдбылызы бахаудаин. Къухтӕй-иу мын ӕмбарын кодта, цӕмӕй мӕхи хызтаин, зӕгъӕм, тамако дымынӕй ӕмӕ карз нозтӕй. Ӕмӕ дзы бузныг дӕн, ахӕм цӕмӕдӕрты ӕмгӕрон кӕй никуы ӕрцыдтӕн, уый тыххӕй.

 Гыццылӕй мӕ мӕ мад католикон аргъуанмӕ кодта. Фӕлӕ дзы ницы ӕмбӕрстон, уымӕн ӕмӕ дзы цы дзырдтой, уый къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ ничи тӕлмац кодта, ӕмӕ-иу сфӕлмӕцыдтӕн. Ӕмӕ мыл дӕс азы куы цыд, уӕд аргъуанмӕ нал цыдтӕн. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын.

 1999 азы, 23 азы мыл куы цыди, уӕд, базонгӕ дӕн иу сылгоймагимӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕй. Уыцы сылгоймаг уыди евангелистты аргъуанӕй. Уый мын Библийӕ цыдӕртӕ бацамыдта, стӕй ма мын бацамыдта америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг. Библийӕ цы базыдтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ мӕхицӕн загътон: хъуамӕ пастор суон. Гъемӕ ацыдтӕн горӕт Пуэрто-Рикомӕ, цӕмӕй бацыдаин чырыстон дины скъоламӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн. 2002 азы фӕстӕмӕ Ла-Сейбӕмӕ ӕрыздӕхтӕн. Уым ме ’мбӕлттимӕ скодтам аргъуан, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн. Фӕстӕдӕр ме ’мбӕлттӕй иу, Патрисия, сси мӕ цардӕмбал.

 Нӕ аргъуаны уыдтӕн пастор ӕмӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн Библи бамбарынӕн ӕххуыс кодтон: гондурасаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл раныхӕстӕ дзырдтон, Библийы кӕцыдӕр хабӕрттӕм сын нывтӕ ӕвдыстон ӕмӕ сценкӕтӕ ӕвӕрдтон. Стӕй ма-иу сыхаг горӕтты дӕр, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны бабӕрӕг кодтон. Сӕ ныфс-иу сын бафидар кодтон ӕмӕ-иу сӕ исты ӕххуыс куы хъуыд, уӕд-иу сын баххуыс кодтон. Уымӕй уӕлдай ма уыдтӕн уацамындон балцы Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмӕ Замбийы. Фӕлӕ, раст зӕгъгӕйӕ, Библи хорз не ’мбӕрстон. Адӕмӕн-иу дзырдтон, мӕхицӕн мын цы бацамыдтой ӕмӕ Библийы хабӕрттӕм гӕсгӕ конд нывтӕй мӕхӕдӕг цы бамбӕрстон, уыдӕттӕ. Ӕргом куы зӕгъон, уӕд мӕм фарстатӕ дзуаппытӕй фылдӕр уыд.

 Нӕ аргъуанмӕ чи цыд, уыдонӕй мыл чидӕртӕ иуафон алыхуызон дам-думтӕ ӕрымысыдысты. Дзырдтой, ныррасыг, дам, вӕййы ӕмӕ, дам, йӕ усыл гадзрахатӕй цӕуы. Уыцы ныхӕстӕ мын мӕ хъару асастой, стӕй тынг смӕсты дӕн. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Патрисияимӕ аргъуанӕй ацыдыстӕм.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу нӕм арӕх ӕрбацыдысты, фӕлӕ-иу сӕм никуы байхъуыстам. Фӕлӕ аргъуанӕй куы ацыдыстӕм, уӕд Патрисия Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы. Йемӕ ахуыр кодтой иу лӕг ӕмӕ ус, Томас ӕмӕ Ликси. Диссаг мӕм фӕкаст, кӕд хъусӕй хъуыстой, уӕддӕр къухӕйамонгӕ ӕвзаг кӕй зыдтой, уый. Ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр ӕз дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтон.

 Библи ахуыр кодтам видеоты фӕрцы америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Фӕлӕ нын цалдӕр мӕйы фӕстӕ не ’мбӕлттӕй чидӕртӕ загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, дам, сӕ разамонджытӕ адӕм сты. Гъемӕ мах дӕр нӕ ахуыр ныууагътам. Сӕ разамонджытӕ адӕм кӕй не сты, уымӕн мын Томас бӕлвырдгӕнӕнтӕ бӕргӕ ӕрхаста, фӕлӕ йыл нӕ баууӕндыдтӕн.

 Уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ Патрисияйӕн уӕззау депресси райдыдта, ӕмӕ Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй йӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ногӕй ӕрбацыдаиккой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕм ӕрбауад нӕ сыхаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕмӕ Патрисияйӕн ныфс бавӕрдта, Ликсийӕн, дам, зӕгъдзынӕн, цӕмӕй дӕ абӕрӕг кӕна. Ликси ӕцӕг ӕмбал разынд. Алы къуыри дӕр ӕм цыди, бафидар-иу ӕй кодта ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кодта. Фӕлӕ уӕддӕр ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл нӕма ӕууӕндыдтӕн.

 2012 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыд сӕрмагонд зиу. Парахат кодтой DVD-диск «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» гондурасаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Ликси нын иу диск ӕрбахаста. Куы йӕм бакастӕн, уӕд арвыцӕфау фӕдӕн, уымӕн ӕмӕ базыдтон, иннӕтӕн кӕй амыдтон, уыцы ахуырӕдтӕй бирӕтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй не сты, зӕгъӕм, зындоны арты ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырӕдтӕ.

 Уый фӕстӕ къуыри Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй Томасимӕ аныхас кодтаин. Загътон ын, зӕгъгӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн мӕ Библийы рӕстдзинад амонын фӕнды, фӕлӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уон, уый мӕ нӕ фӕнды. Мӕн фӕндыд, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн ног, хицӕн аргъуан скӕнын. Томас мӕ раппӕлыд, тынг зынгзӕрдӕ, дам, дӕ. Фӕлӕ мын стӕй равдыста Ефесӕгтӕм 4:5 стих. Уым фыст ис, ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад кӕй хъуамӕ уа.

 Томас ма мын загъта, цӕмӕй бакастаин кинонывмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – сӕ уырнындзинад бӕрӕг у хъуыддагӕй. 1 хай. Талынгӕй рухсмӕ» a америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Уыцы кинонывы ӕвдыст цӕуы, иу гыццыл къорд Библи тынг лӕмбынӕг кӕй иртӕста. Уыдон архайдтой Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ бамбарыныл. Уыцы иртасджытӕ мӕм мӕхи хуызӕн фӕкастысты, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр уыдонау рӕстдзинад агуырдтон. Уыцы кинонывы фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы амонынц, уый рӕстдзинад кӕй у, уымӕн ӕмӕ сӕ ахуырӕдты бындур у Библи. Гъемӕ фӕстӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. 2014 азы Патрисияимӕ донаргъуыд райстам ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систӕм.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕнынц сыгъдӕг, хӕрзӕгъдау цард, уымӕн ӕмӕ лӕггад кӕнынц сыгъдӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уый тыххӕй мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц. Сӕ дзыхыныхас у сыгъдӕг, ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы аразынц. Стӕй сты фарнуарзаг ӕмӕ алкӕддӕр кӕрӕдзи фарсмӕ балӕууынц. Ӕмӕ кӕд алыхуызон бӕстӕты цӕрынц ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц, уӕддӕр се ’хсӕн ис иудзинад ӕмӕ иууылдӕр уыцы иу ахуырӕдтыл хӕст сты.

 Тынг цин кӕнын, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый кӕй базыдтон. Зӕгъӕм, базыдтон, Йегъовӕ кӕй у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ Дун-дунейы Хицау. Уый уарзы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны дӕр ӕмӕ, хъусӕй чи хъусы, уыдоны дӕр. Хуыцау мӕ кӕй уарзы, уымӕн тынг аргъ кӕнын. Ноджыдӕр ма базыдтон, зӕхх кӕй суыдзӕн диссаджы дзӕнӕт ӕмӕ нын кӕй ис ахӕм фадат, цӕмӕй ӕнӕнизӕй ӕнустӕм зӕххыл цӕрӕм. Уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын!

 Патрисияимӕ тынг уарзӕм, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн Библийы тыххӕй дзурын. Раздӕр немӕ аргъуанмӕ чи цыд, уыдонӕй кӕимӕдӕрты ныр Библи ахуыр кӕнӕм. Пастор куы уыдтӕн, уӕд мӕм бирӕ фарстатӕ уыд, фӕлӕ мӕм ныр, иннӕтӕн Библийӕ цы амонын, уый фӕдыл фарстатӕ нал ис. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мӕ фарстатӕн дзуаппытӕ ссардтон.

a Иронау нӕй. Уырыссагау «Свидетели Иеговы — вера в действии. Часть 1. Из тьмы».