Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Ӕз сдӕн ӕцӕг хъӕздыг

Ӕз сдӕн ӕцӕг хъӕздыг
  • Райгуырд: 1968 аз

  • Бӕстӕ: Америкӕйы Иугонд Штаттӕ

  • Раздӕр: ӕнтыстджын менеджер; куывта, цӕмӕй схъӕздыг уыдаид

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн Рочестеры, Нью-Йорчы. Нӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ. Мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты, аст азы мыл куы цыди, уӕд. Ӕз цардтӕн мӕ мадимӕ. Цардыстӕм хуымӕтӕг хӕдзары, мӕгуыртӕ кӕм цардысты, уыцы районы. Мӕ фыд та цард хъӕздыг районы, ӕмӕ-иу сабаты ӕмӕ хуыцаубоны уымӕ уыдтӕн. Ӕз уыдтон, мӕ мадӕн куыд тынг зын уыд ӕхсӕз сывӕллоны хъомыл кӕнын. Ӕмӕ бӕллыдтӕн, цӕмӕй схъӕздыг уыдаин ӕмӕ мӕ бинонтӕн ӕххуыс кодтаин.

 Мӕ фыды фӕндыд, цӕмӕй мын царды исты бантыстаид. Ӕмӕ мӕ арвыста, менеджеры дӕсныйадыл кӕм ахуыр кодтой, иу ахӕм хъуыстгонд скъоламӕ. Скъола мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Гъемӕ мӕ гӕххӕттытӕ балӕвӕрдтон, ӕмӕ мӕ ахуырмӕ айстой. Ӕз хъуыды кодтон, ӕмӕ мын Хуыцау мӕ куывд фехъуыста, уымӕн ӕмӕ-иу ӕм куывтон, цӕмӕй схъӕздыг уыдаин ӕмӕ амондджын уыдаин. Фондз азы дӕргъы ахуыр кодтон, уазӕгдзӕрӕны куыст куыд арӕзт у, уый, коммерцион барад ӕмӕ ӕхцатимӕ кусыны хабӕрттӕ. Ӕмӕ ма уыцы иу рӕстӕг куыстон уазӕгдзӕрӕны казинойы Лас-Вегасы (штат Невадӕ).

Ӕз хъуамӕ мӕ хъус дардтаин, цӕмӕй, ӕхцайыл-иу чи хъазыд, уыцы хъӕздыг адӕм мацы цух уыдаиккой

 22 азы мыл куы цыди, уӕд куыстон уазӕгдзӕрӕны казинойы президенты хӕдивӕджы ӕххуысгӕнӕгӕй. Иннӕты цӕсты уыдтӕн хъӕздыг ӕмӕ ӕнтыстджын адӕймаг. Хуыздӕр хӕринӕгтӕй ӕмӕ зынаргъдӕр сӕнтӕй, стӕй ӕндӕр нозтытӕй мӕхицӕн «нӕ» нӕ дзырдтон. Мемӕ чи куыста, уыдон-иу мын дзырдтой: «Бахъуыды кӕн: ӕнӕ ӕхцайӕ цард нӕй». Уыдонмӕ гӕсгӕ амонд ӕхцайӕ кӕнгӕ уыд.

 Лас-Вегасмӕ-иу ӕхцайыл хъазынмӕ ӕрцыд тынг бирӕ хъӕздыг адӕм. Ӕз хъуамӕ мӕ хъус дардтаин, цӕмӕй мацы цух уыдаиккой. Ӕмӕ сӕм кӕд бирӕ ӕхца уыд, уӕддӕр амондджынхуыз нӕ уыдысты. Ӕз дӕр мӕхимӕ раздӕрау амондджын нал кастӕн. Цас фылдӕр ӕхца куыстон, уыйас тынгдӕр тыхстӕн ӕмӕ фылдӕр ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ ӕрвыстон. Мӕхи амарыны хъуыды-иу мӕм фӕзынд. Мӕ цардӕй фыдӕнхъӕл фӕдӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтон: «Бацамон-ма мын, ӕцӕг амонд кӕм ис?»

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Мӕ дыууӕ хойы систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ уыцы рӕстӕг Лас-Вегасмӕ цӕрынмӕ ӕрцыдысты. Кӕд сӕ нӕ бакуымдтон литературӕ райсын, уӕддӕр сразы дӕн мӕхи Библи семӕ кӕсыныл. Мӕ Библийы Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ уыдысты сырхӕй фыст. Йесо цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ мӕ иууылдӕр уырныдтой. Ӕмӕ мын мӕ хотӕ мӕ хъус сӕйраджыдӕр Йесойы ныхӕстӕм дардтой. Стӕй ма-иу Библи мӕхӕдӕг дӕр кастӕн, иунӕгӕй-иу куы уыдтӕн, уӕд.

 Библийы цы бакастӕн, уыдӕттӕй мӕм бирӕ цыдӕртӕ тынг диссаг фӕкастысты. Зӕгъӕм, Чырысти загъта: «Куы кувай, уӕд-иу ацы дунейы адӕмау уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ма дзур – уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ бирӕ куы дзурой, уӕд сын Хуыцау сӕ куывд фехъусдзӕн» (Матфейы 6:7). Кӕддӕр мын сауджын Чырыстийы ныв радта ӕмӕ мын загъта, ацы нывмӕ, дам, куы кувай ӕмӕ, дам, фӕйнӕ дӕс хатты, «нӕ Фыд», стӕй «Аве Марийӕ» кӕй хонынц, уыцы куывдтытӕ куы дзурай, уӕд, дам, дын Хуыцау ратдзӕн, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц ӕхца. Фӕлӕ-иу уыцы куывдтытӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы дзырдтон, уӕд афтӕ нӕ уад, ӕмӕ афтид ныхӕстӕ кодтон? Стӕй ма дзы ноджыдӕр бакастӕн, Чырысти афтӕ кӕй загъта: «Зӕххыл уӕ фыд... макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу Фыд ис – уӕларвон Фыд» (Матфейы 23:9). Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон: «Уӕд католиктӕ сауджынтӕм, „фыд“, зӕгъгӕ, цӕмӕн фӕдзурынц?»

 Библийы Иаковы чиныг куы кастӕн, уӕд мӕ цардыл лӕмбынӕг ныхъхъуыды кодтон. Иаковы 4:4 стихы фыст ис: «Нӕ йӕ зонут, ӕви, ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый Хуыцауӕн йе знаг кӕй у? Уӕдӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ ацы дунеимӕ лымӕн уа, уый йӕхи Хуыцауӕн знаг кӕны». Ноджы тынгдӕр та мын мӕ зӕрдӕ 17 стих бацагайдта: «Уӕдӕ кӕд исчи зоны, раст цы у, уый куыд кӕнгӕ у, фӕлӕ йӕ нӕ кӕны, уӕд тӕригъӕд аразы». Уӕд мӕ хотӕм фӕдзырдтон ӕмӕ сын загътон, мӕ куыст кӕй уадзын, уымӕн ӕмӕ, ӕхцайыл чи хъазы ӕмӕ зыд чи кӕны, уыдоны ’хсӕн уон, уый мӕ нал фӕнды.

«Библийы Иаковы чиныг куы кастӕн, уӕд мӕ цардыл лӕмбынӕг ныхъхъуыды кодтон»

 Мӕн фӕндыд, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахсдӕр уыдаин, стӕй цӕмӕй мӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕримӕ дӕр фенгомдӕр уыдаин. Ӕмӕ сфӕнд кодтон мӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын. Фӕлӕ уый афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Зӕгъӕм, хуыздӕр бынатмӕ мӕ кусынмӕ фӕхуыдтой. Уым мӕ мызд уыдаид дыууӕ-ӕртӕ хатты фылдӕр. «Нӕ» зӕгъын мын зын уыд. Фӕлӕ Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ аскъуыддзаг кодтон, афтӕ кӕй нал цӕрдзынӕн. Гъемӕ мӕ куыст ныууагътон, мӕ мадмӕ ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ йын йӕ гаражӕй мӕхицӕн цӕрӕнбынат скодтон. Стӕй мӕхицӕн иу гыццыл бизнес байгом кодтон. Мӕ куыст уыд ресторанты менютыл плёнкӕтӕ ӕндадзын [уырыссагау «ламинирование»].

 Кӕд Библийы фӕрцы бамбӕрстон, ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый, уӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм нӕма цыдтӕн. Мӕ хотӕ мӕ бафарстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй нӕ цӕуынц. Ӕмӕ сын уӕд загътон: «Уымӕй, ӕмӕ уӕ Хуыцау, Йегъовӕ, бинонты хицӕн кӕны. Ӕрмӕстдӕр Рождествойы ӕмӕ гуырӕнбонты у мӕ бон мӕ рӕстӕг уемӕ ӕрвитын. Ӕмӕ сымах та уыцы бӕрӕгбӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕнут». Мӕ хотӕй иу скуыдта ӕмӕ мын афтӕ бакодта: «Ӕмӕ афӕдзы иннӕ бонтӕ та? Мах дӕм кӕдфӕнды дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Ды та афтӕ зӕгъыс, ӕмӕ нӕм ӕрмӕстдӕр уыцы бонты у дӕ бон ӕрбацӕуын, ӕмӕ уый дӕр, дӕ хӕсыл ӕй кӕй нымайыс, уый тыххӕй». Йӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕйы иннӕрдӕм ахызтысты, ӕмӕ ӕз дӕр йемӕ кӕуын райдыдтон.

 Куыд рӕдыдтӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ бинонты куыд бирӕ уарзынц, уый куы бамбӕрстон, уӕд сфӕнд кодтон ӕмбырдмӕ Паддзахады залмӕ ацӕуын. Уым базонгӕ дӕн Кевинимӕ. Кевин Библи иннӕтӕн ӕмбарын кӕнынмӕ тынг хорз арӕхст ӕмӕ мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

 Кевин ӕмӕ йӕ цардӕмбал кодтой хуымӕтӕг цард, цӕмӕй сын фылдӕр рӕстӕг уыдаид иннӕтӕн Библи ӕмбарын кӕнынӕн. Цы ’хца сӕм ӕфтыд, уый ма сын уый фаг дӕр уыди, цӕмӕй-иу сӕ бон уыдаид ацӕуын Африкӕмӕ ӕмӕ Централон Америкӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕ аразынмӕ. Тынг амондджын уыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи тынг бирӕ уарзтой. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ-иу хъуыды кодтон: «Мӕн дӕр афтӕ цӕрын фӕнды».

 Кевин мын равдыста видео, миссионертӕн сӕ лӕггад цы циндзинад хӕссы, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, мӕн дӕр миссионерӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды. Ӕхсӕз мӕйы дӕргъы Библи зӕрдиагӕй ахуыр кодтон ӕмӕ 1995 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн. Раздӕрау Хуыцауӕй хъӕздыгдзинад нал куырдтон, фӕлӕ йӕм куывтон: «Мӕгуырдзинад дӕр мын ма ратт ӕмӕ хъӕздыгдзинад дӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 30:8).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Абон дӕн ӕцӕг хъӕздыг. Ӕмӕ хъуыддаг ӕхцайы мидӕг нӕй, фӕлӕ, Хуыцауы хӕлар кӕй дӕн ӕмӕ амондджын кӕй дӕн, уый мидӕг. Мӕ цардӕмбал Нурияимӕ базонгӕ стӕм Гондурасы. Ӕмӕ фыццаг иумӕ миссионертӕй лӕггад кодтам Панамӕйы, ныр та миссионертӕй лӕггад кӕнӕм Мексикӕйы. Ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон, куыд раст сты Библийы фыст ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).