Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Балц цӕугӕдон Маронийыл

Балц цӕугӕдон Маронийыл

 Горӕты хъӕр-хъӕлӕбайӕ дард, Амазонийы тропикон хъӕдты Хуссар Америкӕйы, цӕрынц алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. Ӕмӕ 2017 азы июлы 13 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны араст сты балцы цӕугӕдон Маронийыл ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕрсагдӕттыл Францийы Гвианӕйы. Цымӕ сӕ нысан цы уыд? Библийы цы ныфсы хабар фыст ис, уый цӕугӕдоны былгӕрӕтты цӕрӕг адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнын.

Балцмӕ сӕхи куыд цӕттӕ кодтой

 Балц хъуамӕ ахастаид 12 боны. Иу мӕй раздӕр та бӕлццӕттӕ фембӕлдысты балцы хабӕрттыл аныхас кӕныны тыххӕй. «Кӕдӕм цыдыстӕм, уыцы бынаты тыххӕй ӕмӕ йӕ историйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтам. Стӕй аныхас кодтам, балцмӕ нӕ цы хъӕудзӕн, ууыл»,– загъта Уинсли. Бӕлццӕттӕй алкӕмӕ дӕр уыд, дон кӕдӕм нӕ хъары, ахӕм контейнер гамакӕн ӕмӕ, къогъотӕй ӕмӕ ӕндӕр сасчытӕй чи хъахъхъӕны, ахӕм сеткӕйӕн. Дыууӕ хатты сӕ хъуыди хӕдтӕхӕгыл тӕхын ӕмӕ бирӕ рӕстӕг моторджын лодкӕтыл цӕуын.

Клод ӕмӕ Лизеттӕ

 Балцмӕ ацӕуынмӕ кӕй фӕхуыдтой, уыдон уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Клод ӕмӕ Лизеттӕ пенсийы сты, фӕлӕ сӕ куы фӕхуыдтой, уӕд уайтагъд сразы сты. Клод зӕгъы: «Тынг бацин кодтон. Фӕлӕ тӕрсгӕ дӕр фӕкодтон: фехъуыстон, цӕугӕдон, дам, иуӕй-иу рӕтты тынг дурджын у, стӕй тынг тагъд цӕуы, ӕмӕ дзы фӕдӕлдон кӕнынӕй тӕссаг у». Лизеттӕ ма ӕндӕр цӕуылдӕрты дӕр мӕт кодта: «Тарстӕн, америкаг индейӕгты ӕвзӕгтыл куыд дзурдзынӕн, уымӕй».

 Ӕндӕр бӕлццон, Микаэль дӕр загъта: «Вайянӕ адӕмыхатты тыххӕй ницы зыдтам, ӕмӕ интернеты ӕрмӕг бацагуырдтон, цӕмӕй сын се ’взагыл иу цалдӕр ныхасы сахуыр кодтаин ӕмӕ-иу сын цӕмӕй сӕхи ’взагыл салам раттаин».

 Шерли ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Жоанн скодтой номхыгъд. Ныффыстой дзы, цӕугӕдоны былтыл цӕрӕг адӕм цавӕр ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдон. Шерли загъта: «Сайтӕй jw.org рафыстам видеороликтӕ уыцы ӕвзӕгтӕй сӕ фылдӕрыл ӕмӕ ссардтам цыбыр дзырдуат ӕвзаг вайянӕйыл».

Балц райдыдта

 4 июлы, дыццӕджы, горӕт Сен-Лоран-дю-Маронийы бӕлццӕттӕ хӕдтӕхӕгыл сбадтысты ӕмӕ атахтысты Марипасулӕмӕ. Уый у гыццыл горӕт Францийы Гвианӕйы арӕнмӕ хӕстӕг.

 Иннӕ цыппар боны дӕргъы бӕлццӕтты къухы бафтыд, Маронийы донгуырӕнмӕ хӕстӕгдӕр цы хъӕутӕ уыд, уыдоны цӕрджыты бабӕрӕг кӕнын. Цыдысты-иу моторджын лодкӕтыл, хонынц сӕ пирогӕтӕ. Бӕлццӕттӕй иу, Роланд, радзырдта: «Америкаг индейӕгтӕ зӕрдиагӕй хъуыстой, Библийӕ сын цы дзырдтам, уымӕ. Бирӕ фарстатӕ сӕм уыд, кӕйдӕрты дзы Библи ахуыр кӕнын дӕр бафӕндыд».

 Иу хъӕуы Жоанн ӕмӕ Шерли фембӕлдысты ӕрыгон лӕг ӕмӕ усыл, сӕ хӕстӕг ӕрӕджы йӕхи амардта. Жоанн радзырдта: «Равдыстам сын видеоролик „Индейаг ссардта йе Сфӕлдисӕджы a. Сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ нын сӕ электронон почтӕйы адрис ныууагътой, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзимӕ фыстаиккам».

 Кӕй бабӕрӕг кодтой, уыцы хъӕутӕй ӕппӕты дарддӕр уыд Антекум-Патӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уырдӕм тынг фӕлладӕй бахӕццӕ сты. Ӕмӕ сын хъӕуы хистӕр бар радта, цӕмӕй сӕ гамакты хъӕуы бахсӕвиуат кодтаиккой. Стӕй ма сӕхи цӕугӕдоны дӕр ныннадтой, бынӕттон цӕрджытӕ куыд кӕнынц, афтӕ.

 Уырдыгӕй бӕлццӕттӕ ацыдысты хъӕу Твенкемӕ. Хъӕуы чидӕр фӕзиан, ӕмӕ йыл цӕрджытӕ хъыг кодтой. Балцы хъуыддӕгтӕ чи пълан кодта, уыдонӕй иу, Эрик, радзырдта: «Хъӕуы хистӕр нын, хуыдтой йӕ „Стыр лӕг“, бар радта хъӕуы сӕрибарӕй рацу-бацу кӕнынӕн, цӕмӕй, зианыл чи хъыг кодта, уыдоны ныфсы ныхӕстӕй бафидар кодтаиккам. Хъӕуы хистӕрӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн Библийӕ ӕвзаг вайянӕйыл бакастыстӕм цалдӕр стихы, ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Стӕй ма ӕвдыстам видеороликтӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй».

Дарддӕр ацыдысты Гран-Санти ӕмӕ Апатумӕ

 Дарддӕр сӕ фӕндаг уыд горӕт Гран-Сантимӕ. Марипасулӕйӕ уыцы гыццыл горӕтмӕ хӕдтӕхӕгыл тӕхын хъуыди сахаты ’рдӕг. Дыццӕджы ӕмӕ ӕртыццӕджы бӕлццӕттӕ бынӕттон цӕрджытӕн Библийы хабар хъусын кодтой. Цыппӕрӕмы та сӕм ӕнхъӕлмӕ каст ног балц – цыдысты хъӕу Апатумӕ. Цӕуын ӕм хъуыди Маронийыл дӕлӕмӕ фондз сахаты ӕмӕ ’рдӕг.

Цӕугӕдон Марони ӕмӕ Амазонийы тропикон хъӕдтӕ (Марипасулӕ ӕмӕ Гран-Сантийы ’хсӕн)

 Бӕлццӕттӕ сӕ балцы фӕстаг боны размӕ бон бабӕрӕг кодтой, хъӕды астӕу цы хъӕутӕ ис, уыдон. Уым цӕрынц маронтӕ, африкаг цагъарты байзӕддӕгтӕ. Уыцы цагъарты Хуссар Америкӕмӕ ӕрластой, сыхаг бӕстӕ Суринам ма колони куы уыд, уӕд. Ӕвдисӕнтӕ хъӕды стыр цатыр сӕвӕрдтой, цӕмӕй дзы ӕмбырд ауагътаиккой. Ӕмӕ адӕмы уырдӕм хуыдтой. Клод загъта: «Нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг сты. Кӕд адӕмы уыцы райсом фӕхуыдтам, уӕддӕр нӕм тынг бирӕйӕ ӕрбацыдысты!» Карстен ахӕм балцы фыццаг хатт уыди. Ӕмӕ ныр касти раныхас ауканаг ӕвзагыл. Йӕ раныхас хуынди «Райгуыр ӕмӕ стӕй амӕл – цард ӕндӕр ницы у?». Ӕмбырды уыд 91 адӕймаджы цалдӕр хъӕуӕй.

«Цӕттӕ стӕм ногӕй ацӕуынмӕ!»

 Ӕппынфӕстаг бӕлццӕттӕ ӕрыздӕхтысты Сен-Лоран-дю-Маронимӕ. Иууылдӕр тынг хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕм адӕм хорз байхъуыстой. Ӕвдисӕнтӕ тынг бирӕ публикацитӕ апарахат кодтой ӕмӕ бирӕ видеороликтӕ равдыстой!

 Лизеттӕ зӕгъы: «Ацы балц мын цы стыр циндзинад ӕрхаста, уый зӕгъынӕн мӕ бон фаг ныхӕстӕ ссарын нӕу». Синди дӕр йемӕ разы у: «Ногӕй ацӕуыны фадат ма мын куы фӕзынид, уӕд ӕй ницӕй тыххӕй ауадзин. Цӕмӕй уыцы циндзинад бамбарай, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг бавзарай!»

 Ацы балцы чи уыд, уыдонӕй иуӕй-иуты бафӕндыд фӕстӕмӕ, кӕм уыдысты, уырдӕм ацӕуын. «Цӕттӕ стӕм ногӕй ацӕуынмӕ!»,– дзуры Микаэль. Уинсли цӕрынмӕ ацыд Сен-Лоран-дю-Маронимӕ. Клод ӕмӕ Лизеттӕ та, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 60 азӕй фылдӕр, сфӕнд кодтой Апатумӕ ацӕуын.

a Ис сайты jw.org.