Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын зонын?

Мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын зонын?

 Цавӕр адӕймаг дӕ?

  •  Ӕз... алыхатт дӕр, арӕхдӕр, иуӕй-иу хатт, никуы

    •  ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын

    •  ӕууӕнкджын дӕн

    •  афоныл цӕуын

    •  куыстуарзаг дӕн

    •  цы аразын, уый лӕмбынӕг

    •  ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ дӕн

    •  ӕгъдауджын дӕн

    •  уӕздан дӕн

    •  иннӕтыл тыхсын

  •   Ацы миниуджытӕй дын тынгдӕр кӕцы уайы ӕвдисын?

     Дарддӕр дӕр афтӕ кӕн (Филиппӕгтӕм 3:16).

  •   Цавӕр миниуджытыл дӕ хъӕуы ӕппӕты тынгдӕр кусын?

 Уымӕн дын баххуыс кӕндзысты ацы уынаффӕтӕ.

 Адӕймаг йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын зоны, уый цы нысан кӕны?

 Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын чи зоны, ахӕм адӕймагӕн хӕдзары, скъолайы ӕмӕ ӕндӕр искуы цы бахӕс кӕнынц, уый саразы. Уый ӕмбары, йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йӕ дзуапп дӕттын кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ, куы фӕрӕдийы, уӕд йӕ рӕдыдыл басӕтты, хатыр ракуры ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй йӕ сраст кӕна.

 Библийы фыст ис: «Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн» (Галатӕгтӕм 6:5).

 Цӕмӕн мӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын зонон?

  Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын чи зоны, ахӕм адӕймаг йӕ курдиӕттӕй ӕмбаргӕйӕ фӕпайда кӕны. Ӕвӕццӕгӕн ын аргъ кӕндзысты, стыр адӕймагыл ӕй нымайдзысты, фылдӕр сӕрибардзинад ын дӕтдзысты ӕмӕ йын фылдӕр истытӕ аразыны бар уыдзӕн.

 Библийы фыст ис: «Искуы федтай, йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы? ...Уый лӕудзӕн паддзӕхты раз» (Ӕмбисӕндтӕ 22:29).

  Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын чи зоны, ахӕм адӕймаг арӕхдӕр вӕййы рӕдау, ӕмӕ йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ вӕййы.

 Библийы фыст ис: «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты» (Лукайы 6:38).

  Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын чи зоны, ахӕм адӕймаг йӕ цардӕй разы вӕййы, йӕхицӕн аргъ кӕнын фӕзоны ӕмӕ вӕййы ныфсджын.

 Библийы фыст ис: «Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл» (Галатӕгтӕм 6:4).

 Цы саразон, цӕмӕй мын хуыздӕр уайа мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын?

 Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп радтай, уый тыххӕй ацы хъуыдытӕ бакӕс. Дӕумӕ дзы тынгдӕр кӕцытӕ хауынц?

 «Уымӕй зындӕр ницы вӕййы, адӕймагмӕ гыццыл сывӕллоны цӕстӕй куы фӕкӕсынц ӕмӕ йӕ ӕнӕ мамӕйы ӕмӕ ӕнӕ папӕйы бафӕрсгӕйӕ иу сахатмӕ дӕр куы никуыдӕм фӕуадзынц, уӕд» (Керри).

 «Ме ’мбӕлттимӕ искуыдӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд мӕ мӕ ныййарджытӕ сӕрибарӕй ауадзынц» (Ричард).

 «Ме ’мбӕлтты сӕ ныййарджытӕ цас цыдӕртӕ аразын уадзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ фӕхъуыды кӕнын: „Уый дын гъе! Уӕдӕ мӕн цӕуылнӕ уадзынц?» (Аня).

 «Мӕ ныййарджытӕ мӕ арӕхдӕр бауадзынц, цы мӕ фӕфӕнды, уый саразын. Уый тыххӕй сӕ тынг бузныг дӕн» (Маринӕ).

 Хатдзӕг скӕнӕм: Ӕрыгӕттӕй кӕмӕндӕрты фылдӕр сӕрибардзинад ис, кӕмӕндӕрты та къаддӕр. Уый цӕмӕй кӕнгӕ вӕййы?

 Раст зӕгъгӕйӕ... Дӕ ныййарджытӕ дын цас сӕрибардзинад дӕтдзысты, уый кӕнгӕ у, цас дыл ис ӕууӕндӕн, уымӕй.

 Бакӕс, уӕлдӕр кӕй ныхӕстӕ ӕрхастам, уыдонӕй дыууӕйӕ цы дзурынц, уый.

 Ричард: «Фыццаг мӕ ныййарджытӕ дызӕрдыг кодтой, сӕрибардзинад мын радтой, ӕви нӕ, ууыл. Фӕлӕ мыл ныр ӕууӕндынц, уымӕн ӕмӕ мӕ ныхас никуы фӕсайын. Кӕдӕм цӕуын кӕнӕ кӕимӕ, уый сын алы хатт дӕр раст фӕзӕгъын. Уымӕй уӕлдай никуы фенхъӕлмӕ кӕсын, мӕ ныййарджытӕ мӕ мӕ пълӕнтты тыххӕй кӕд бафӕрсдзысты – мӕхӕдӕг сын сӕ радзурын».

 Маринӕ: «Царды мӕ ныййарджыты фӕсайдтон дыууӕ хатты, ӕмӕ мӕ дыууӕ хатты дӕр базыдтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын алцыдӕр ӕргом радзурын. Зӕгъӕм, мӕ ныййарджытӕ мын мӕ хабӕрттӕ иууылдӕр зонынц ӕмӕ, хӕдзары куы нӕ вӕййын, уӕд сӕм телефонӕй фӕдзурын. Ныр мыл тынгдӕр ӕууӕндынц».

Ахсджиагдӕр дын цы у: хӕдзары куыстытӕ ӕви улӕфын?

 Фӕнды дӕ, цӕмӕй, Ричард ӕмӕ Маринӕйыл сӕ ныййарджытӕ куыд ӕууӕндынц, дӕуыл дӕр дӕ ныййарджытӕ афтӕ ӕууӕндой? Уӕд ахъуыды кӕн мӕнӕ ацы фарстатыл:

ХӔДЗАРЫ

  •   Хӕдзары куыстытӕ бӕстон бакӕныс?

  •   Хӕдзармӕ афоныл бацӕуыс?

  •   Дӕ ныййарджытӕн ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн аргъ кӕныс?

 Ацы хъуыддӕгтӕй дӕ кӕцы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын (кӕд хъӕуы, уӕд)?

 Библийы фыст ис: «Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут» (Ефесӕгтӕм 6:1).

СКЪОЛАЙЫ

  •   Дӕ уроктӕ афоныл скӕныс?

  •   Архайыс, цӕмӕй скъолайы дӕ нысӕнттӕ фӕхуыздӕр уой?

  •   Зӕрдӕргъӕвдӕй ахуыр кӕныс?

 Ацы хъуыддӕгтӕй дӕ кӕцы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын (кӕд хъӕуы, уӕд)?

 Библийы фыст ис: «Зонд адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны» (Екклесиаст 7:12). Хорз куы ахуыр кӕнай, уӕд ӕмбаргӕдӕр уыдзынӕ.

ЦАВӔР НОМ ДЫН ИС

  •   Дӕ ныййарджыты ӕмӕ иннӕты искуы асайыс?

  •   Ӕхца цӕуыл хардз кӕнын хъӕуы, уый зоныс?

  •   Ныфс сӕвӕрӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы ном дын ис?

 Ацы хъуыддӕгтӕй дӕ кӕцы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын (кӕд хъӕуы, уӕд)?

 Библийы фыст ис: «Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут» (Ефесӕгтӕм 4:24). Дӕ бон у фӕхуыздӕр кӕнын дӕ удыхъӕд дӕр ӕмӕ дын цы ном ис, уый дӕр.

 Уынаффӕ: Сбӕлвырд кӕн, дӕхи дӕ цавӕр хъуыддаджы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын. Аныхас кӕн, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын чи у, уыдонимӕ ӕмӕ сӕ уынаффӕ ракур. Ныффысс, уыцы миниуӕгыл бакусыны тыххӕй бӕлвырд цы араздзынӕ, ӕмӕ стӕй мӕйы дӕргъы дӕ хъус дар, цы дын бантыст, уымӕ. Тетрады фысс, цы дын рауад ӕмӕ дын цы нӕ рауад, уый. Мӕйы кӕрон хатдзӕг скӕн.