Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цы мӕ рӕдийын кӕны, уый ныхмӕ фидар куыд фӕлӕууон?

Цы мӕ рӕдийын кӕны, уый ныхмӕ фидар куыд фӕлӕууон?

 Апостол Павел ныффыста: «Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад» (Ромӕгтӕм 7:21). Искуы дӕумӕ дӕр афтӕ каст? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай, цы дӕ рӕдийын кӕны, уый ныхмӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндты фӕдыл ма ацӕуай.

 Цы хъуамӕ зонай

 Де ’мгӕрттӕ дӕ сӕ зондыл куы цӕуын кӕной, уӕд дын ӕвзӕр хъуыддаг саразынӕй ноджы тӕссагдӕр уыдзӕн. Библи дзуры: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Де ’мгӕртты кӕнӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй, гӕнӕн ис, дӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ фӕзына ӕмӕ дын фӕрӕдийынӕй тӕссаг уа. Ӕмӕ уӕд, «адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм куы аздӕхой», уӕд ды дӕр сӕ фӕдыл ацӕудзынӕ (Рацыд 23:2).

 «Цӕмӕй иннӕтӕй ма хицӕн кӕнай ӕмӕ дӕ се ’мбалыл нымайой, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, райдайай, уыдон куыд кӕнынц, афтӕ кӕнын» (Джереми).

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын: иннӕтӕ дӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уый дын сӕйрагдӕр куы уа, уӕд дын фӕлварӕны фидар фӕлӕууын зындӕр цӕмӕн уыдзӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 29:25).

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Де ’мгӕрттӕ дӕ сӕ зондыл куы цӕуын кӕной, уӕддӕр-иу Библийы уагӕвӕрдты сӕрты ма ахиз.

 Дӕ бон цы у аразын

 Цӕуыл ӕууӕндыс, уый дӕхицӕн бӕлвырд кӕн. Цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл фидар куы нӕ хӕцай ӕмӕ йӕ хорз куы нӕ ӕмбарай, уӕд иннӕтӕн хъазӕнхъулӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕ. Хуыздӕр уыдзӕн Библийы уынаффӕмӕ хъусын: «Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут, хорз цы у, ууыл фидар хӕцут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21). Цас хуыздӕр ӕмбарай, цӕуыл ӕууӕндыс, уый, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Стӕй-иу фидар фӕлӕудзынӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уый сӕрты ахизынӕй дын тӕссаг куы уа, уӕд.

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын: цӕмӕн дӕ уырны, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон дӕ пайдайӕн кӕй сты?

 «Мӕхицӕй йӕ зонын: цӕуыл ӕууӕндын, ууыл фидар куы фӕхӕцын ӕмӕ рӕдыд къахдзӕф куы нӕ саразын, уӕд мын иннӕтӕ тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц» (Кимберли).

 Цӕвиттон Библийӕ: Данел. Ӕвӕццӕгӕн, Данел хӕрзӕрыгон уыди, «йӕхицӕн фидарӕй [куы] загъта», Хуыцауы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзӕн (Данел 1:8).

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый хорз куы не ’мбарай, уӕд иннӕтӕн хъазӕнхъулӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕ

 Дӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ зон. Библи дзуры, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны», уыдон тынг тыхджын кӕй вӕййынц (2 Тимофеймӕ 2:22). Уый ӕрмӕст буары монцтӕм нӕ хауы. Фӕлӕ ма дӕ куы фӕнда, цӕмӕй иннӕтӕй ма хицӕн кӕнай ӕмӕ дӕ ныййарджыты разамындмӕ мауал хъусай, кӕд дын дӕхи зондӕй цӕрын нырма раджы у, уӕд дӕр.

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын: Библийы фыст ис: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый» (Иаковы 1:14). Дӕуӕн та цавӕр фӕнд, гӕнӕн ис, суа ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕн?

 «Зындӕр дын цавӕр фӕндты ныхмӕ у фӕлӕууын, уый дӕхицӕн ӕргом зӕгъ. Раиртас, цы дын баххуыс кӕндзӕн сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ дӕхицӕн рафысс, цы уынаффӕтӕй спайда кӕндзынӕ, уыдон. Ӕмӕ иннӕ хатт ахӕм фӕлварӕныл куы сӕмбӕлай, уӕд зондзынӕ, куыд бакӕнай, уый» (Сильвӕ).

 Цӕвиттон Библийӕ: Давид. Иуӕй-иу хатт-иу иннӕты зондыл ацыд кӕнӕ та йӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл. Фӕлӕ Давид йӕ рӕдыдтытыл ахуыр кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сӕ мауал арӕзтаид. Йегъовӕмӕ куывта: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау, ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон» (Псалом 51:10).

 Дӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ дӕ фӕндтыл дӕ бар цӕуӕд. Библи дзуры: «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа» (Ромӕгтӕм 12:21). Ӕндӕр ныхасӕй, фӕлварӕны ма фӕрӕди. Дӕхицӕй кӕнгӕ у, раст цы у, уый араздзынӕ ӕви нӕ.

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын: дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дын ӕвзӕрдзинад саразынӕй тӕссаг куы уа, уӕд раст куыд у, афтӕ бакӕнай?

 «Ӕз фӕхъуыды кӕнын, мӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл куы ацӕуон, уӕд цы уыдзӕн, ууыл. Хуыздӕр мын уыдзӕн? Чи зоны, ӕрмӕст уыцы тӕккӕ. Уый фӕстӕ та? Уый фӕстӕ мын ӕрмӕстдӕр ӕвзӕр уыдзӕн. Уӕдӕ уыцы хъуыддаг уый аргъ у? Нӕу!» (Софийӕ).

 Цӕвиттон Библийӕ: Павел. Кӕд Павелмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ уыд, уӕддӕр сыл йӕ бар цыд. Уый ныффыста: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын» (1 Коринфӕгтӕм 9:27).

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Рул дӕ къухы куы уа, уӕд дӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзынӕ, цы дӕ рӕдийын кӕны, уыдоны иувӕрсты ацӕудзынӕ ӕви нӕ.

 Дӕ зӕрдыл дар, фӕлварӕнтӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты. Иу 20-аздзыд чызг, Мелиссӕ, зӕгъы: «Хистӕр кълӕсты мӕ цы хъуыддӕгтӕ цыбӕл кодтой, уыдон мӕм ныр ницы кӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ мӕ уырны, абон мын фӕлварӕн цы у, ууыл фӕстӕдӕр куы хъуыды кӕнон, уӕд ӕй кӕй бамбардзынӕн, фидар кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый фӕрцы мӕ цард бирӕ хуыздӕр кӕй у».