Ӕмбисӕндтӕ 11:1—31

11  Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг у, сайгӕ чи кӕны, ахӕм уӕзбарӕн+, раст барӕн дур та йын ӕхсызгон у.  Дӕхиуыл фервӕссыдтӕ? Уӕд фегад уыдзынӕ+. Зонд та ис бонзонгӕтӕм+.  Рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, рӕстӕй кӕй цӕрынц+, уый, мӕнгард адӕмы та сӕ мӕнгард митӕ бабын кӕндзысты+.  Мастисӕн бон адӕймагӕн йӕ хъӕздыгдзинад нӕ баххуыс кӕндзӕн+, йӕ рӕстдзинад та йӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн+.  Ӕнӕфау адӕймагӕн йӕ рӕстдзинады фӕрцы йӕ фӕндаг уыдзӕн раст+, фыдгӕнӕджы та йӕ фыдхъуыддӕгтӕ фесафдзысты+.  Рӕстзӕрдӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн сӕ рӕстдзинад+, мӕнгард адӕмы та ӕрцахсдзысты сӕхи фӕндтӕ+.  Фыдгӕнӕг куы амӕлы, уӕд фесӕфы йӕ ныфс дӕр+. Фесӕфы, йӕ хъарутӕй йӕ цы ныфс вӕййы, уый дӕр+.  Рӕстгӕнӕг фыдбылызӕй аирвӕзы+, йӕ бӕсты дзы бахауы фыдгӕнӕг+.  Хуыцауы чи ныууагъта, уымӕн йӕ дзых сафы иннӕты+, рӕстгӕнджытӕ та фервӕзынц зонындзинӕдты фӕрцы+. 10  Сӕ хорз ӕгъдауӕй рӕстгӕнджытӕ горӕты цӕрджытӕн циндзинад хӕссынц+, фыдгӕнджытӕ куы фесӕфынц, уӕд та адӕм фырцинӕй фӕзарынц+. 11  Рӕстзӕрдӕ адӕм арфӕгонд кӕй сты, уый фӕрцы горӕт скадджын вӕййы*+, фыдгӕнджыты дзых та йӕ халгӕ кӕны+. 12  Ӕнӕзонд адӕймаг* иннӕты ницӕмӕ дары+, арфуынӕг адӕймаг та никӕмӕн ницы радзуры+. 13  Фыдкой кӕнын чи уарзы+, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры+, иузӕрдион чи у, уый та йӕ нӕ рахъӕр кӕны+. 14  Хорз разамынд кӕм нӕй, уым адӕм хъизӕмар кӕнынц+, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый та ирвӕзындзинад у+. 15  Ӕцӕгӕлоны тыххӕй исты хъуыддаджы дзырд чи дӕтты, уый йӕхи фыдбылызы ӕппары+, йӕ къух раттыныл тагъд чи нӕ кӕны, уый та вӕййы ӕнӕмаст. 16  Зӕрдӕмӕдзӕугӕ сылгоймаг йӕхицӕн скӕны хорз ном+, иннӕты чи ӕфхӕры, уыдон та сӕхицӕн скӕнынц фӕллӕйттӕ. 17  Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕ удӕн хорз кӕны+, ӕгъатыр адӕймаг та йӕхицӕн знаг у+. 18  Фыдгӕнӕгӕн йе ’фтиаг у мӕнг+, рӕстдзинад чи тауы, уымӕн та – ӕцӕг+. 19  Рӕстдзинадыл фидар чи хӕцы, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы цард+, ӕвзӕрдзинадыл чи бафтыд, уымӕ та – мӕлӕт+. 20  Мӕнгардзӕрдӕ чи у, уыдон Йегъовӕйӕн ӕнад сты+, ӕнӕфау адӕм та адджын сты йӕ зӕрдӕйӕн+. 21  Кӕд ӕвзӕр адӕм кӕрӕдзийӕн ӕххуысӕй зӕрдӕ бавӕрынц ӕмӕ кӕрӕдзимӕ сӕ къухтӕ раттынц, уӕддӕр ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзысты+, рӕстгӕнджыты цот та ӕнӕмӕнг аирвӕздзысты+. 22  Хуыйӕн йӕ бырынкъыл сызгъӕрин цӕг куыд уа, афтӕ у рӕсугъд, фӕлӕ зонд кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм сылгоймаг+. 23  Рӕстгӕнджыты бӕллицтӕ ӕркӕнынц ӕрмӕстдӕр хорздзинадмӕ+, фыдгӕнджытӕм та ӕнхъӕлмӕ кӕсы судзгӕ масты цӕхӕр+. 24  Иуӕй-иу адӕймаг дӕтты рӕдауӕй, фӕлӕ йӕм цы ис, уый йын уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны+, иннӕ та никӕмӕн ницы ратты, фӕлӕ йӕ уый ӕркӕны мӕгуырдзинадмӕ+. 25  Рӕдау адӕймаг* бафсӕддзӕн хорздзинӕдтӕй+, ӕмӕ иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты+. 26  Адӕмӕн хор чи нӕ уӕй кӕны, уый ӕлгъитдзысты, чи йӕ уӕй кӕны, уый та арфӕгонд уыдзӕн+. 27  Хорздзинад аразынмӕ чи тырны, уый ссардзӕн Хуыцауы хорзӕх*+, йӕ хъуыдытӕ ӕвзӕрдзинад ракӕныныл кӕмӕн сты, ууыл та ӕрцӕудзӕн ӕвзӕрдзинад+. 28  Йӕ хъӕздыгдзинадыл йӕ ныфс чи дары, уый бабын уыдзӕн+, рӕстгӕнджытӕ та уыдзысты цъӕх сыфтӕры хуызӕн+. 29  Йӕ хӕдзар фыдбылызы чи ӕппары+, уымӕн йӕ къухы дымгӕйӕ уӕлдай ницы бафтдзӕн+, ӕмӕ ӕнӕзонд адӕймаг уыдзӕн, зӕрдӕйӕ зондджын чи у, уымӕн йӕ цагъар. 30  Рӕстгӕнӕг цы дыргъ хӕссы, уый у царды бӕлас+, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕтӕм* фӕндаг чи ссары, уый у зондджын+. 31  Рӕстгӕнӕг дӕр зӕххыл, цы йӕм ӕмбӕлы, уый райсдзӕн+. Ӕмӕ уӕд фыдгӕнӕг ӕмӕ тӕригъӕдджын та куыннӕ хъуамӕ райсой, цы сӕм ӕмбӕлы, уый!+

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Рӕстзӕрдӕ адӕм горӕтӕн куы фӕарфӕ кӕнынц, уӕд скадджын вӕййы».
Комк. «Зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, уый».
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Хауы адӕмы хорзӕхмӕ дӕр.
Комк. «удтӕм»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.