Ӕмбисӕндтӕ 20:1—30

20  Сӕн адӕймагӕй хынджылӕг кӕны+, карз нозт кӕны змӕнтгӕ+, ӕмӕ уыдоны тыххӕй раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уымӕн йӕ сӕры зонд нӕй+.  Паддзах цы тас ӕфтауы, уый у, домбай куыд ныббогъ кӕна, уый хуызӕн+. Йӕхимӕ йӕ чи смӕсты кӕны, уый тӕригъӕд аразы йӕхи уды ныхмӕ+.  Адӕймаг йӕхи быцӕутӕй куы хиза, уӕд ын уый кад у+, ӕнӕзондӕн та ӕндӕр мацы ратт+.  Зивӕггӕнаг зымӕджы нӕ бахуым кӕны, уазал у+, зӕгъгӕ, ӕмӕ хуымгӕрдӕнты афон мӕгуыргур куы зила, уӕд ын ничи ницы ратдзӕн+.  Адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ сты арф дӕттӕ+, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн+.  Бирӕтӕ дзурынц се ’нувыд уарзты тыххӕй+, фӕлӕ кӕм ис иузӕрдион адӕймаг?+  Рӕстгӕнӕг цӕры рӕстӕй+. Амондджын уыдзысты йӕ фырттӕ йӕ фӕстӕ+.  Паддзах бады тӕрхоны бадӕныл+, ӕмӕ йӕ цӕстӕнгасӕй фыддзинад ӕрбайсӕфы+.  Чи зӕгъдзӕн: «Ӕз ссыгъдӕг кодтон мӕ зӕрдӕ+, сыгъдӕг дӕн мӕ тӕригъӕдӕй?»+ 10  Дыууӕ хуызы уӕзбарӕнтӕ ӕмӕ дыууӕ хуызы барӕн мигӕнӕнтӕ+ – иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг сты+. 11  Сывӕллонӕн йӕ митӕм гӕсгӕ дӕр бӕрӕг вӕййы, цы аразы, уый сыгъдӕг ӕмӕ раст у ӕви нӕ+. 12  Чи хъусы, уыцы хъус ӕмӕ, чи уыны, уыцы цӕст – дыууӕ дӕр Йегъовӕ скодта+. 13  Бирӕ фынӕй кӕнын ма уарз, кӕннод смӕгуыр уыдзынӕ+. Бакӕн дӕ цӕстытӕ, ӕмӕ дзулӕй бафсӕдай+. 14  «Нӕ бӕззы, нӕ бӕззы»,– фӕдзуры ӕлхӕнӕг ӕмӕ ацӕуы+. Уый фӕстӕ та йӕхицӕй феппӕлы+. 15  Ис сызгъӕрин, ис зынаргъ дуртӕ* дӕр бирӕ, фӕлӕ ноджы зынаргъдӕр* у, зондджын ныхас кӕмӕй цӕуы, ахӕм ӕвзаг+. 16  Исчи ӕцӕгӕлоны тыххӕй дзырд куы ратта, уӕд ын райс йӕ уӕлӕдарӕс+, ӕмӕ хӕлд сылгоймагимӕ* чи баиу уа, уымӕй исты райс цъынды+. 17  Адӕймаг сайдӕй цы дзул самал кӕны, уый йӕм адджын фӕкӕсы+, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ дзых хуырӕй байдзаг вӕййы+. 18  Уынаффӕйы фӕрцы адӕймагӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц+, ӕмӕ искӕимӕ куы хӕцай, уӕд агур хорз разамынд+. 19  Фыдкой кӕнын чи уарзы, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры+, ӕмӕ йӕ дзыхы чи ницы уромы, уыимӕ ма лымӕн кӕн+. 20  Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ӕлгъиты+, уымӕн йӕ цырагъ ахуысдзӕн, куы ’рталынг уа, уӕд+. 21  Адӕймаг абон ӕнӕфсисӕй цы бынтӕ скӕна+, уыдоны райсом арфӕдзинад нӕ уыдзӕн+. 22  Афтӕ ма дзур: «Мӕ маст дзы райсдзынӕн!»+ Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл+, ӕмӕ дӕ уый фервӕзын кӕндзӕн+. 23  Дыууӕ хуызы уӕзбарӕнтӕ Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг сты+, ӕмӕ, сайгӕ чи кӕны, ахӕм барӕн къустӕй барын хорз нӕу+. 24  Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтӕ Йегъовӕ аразы+. Зӕххон адӕймаг йӕхӕдӕг та куыд хъуамӕ базона йӕ фӕндаг?+ 25  Адӕймаг ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ истӕмӕй куы зӕгъа, ай нывондгонд у+, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ сомыйыл+ куы хъуыдытӕ кӕна+, уӕд йӕхи къӕппӕджы баппӕрста. 26  Зондджын паддзах фыдгӕнджыты алырдӕмты ныппырх кӕны+ ӕмӕ сыл найгӕнӕн цалх рауадзы+. 27  Адӕймаджы улӕфт+ у Йегъовӕйы цырагъ, сгары зӕрдӕйы къуымтӕ иууылдӕр+. 28  Паддзахы хъахъхъӕнынц йе ’нувыд уарзт ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад*+, ӕнувыд уарзты фӕрцы лӕууы йӕ паддзахбадӕн+. 29  Лӕппуты фидауц – сӕ тых+, зӕрӕдты фидауц – сӕ урс сӕр+. 30  Адӕймаг над куы баййафы, уӕд ӕвзӕрдзинад ныууадзы+, цӕфты фӕрцы йӕ зӕрдӕ ссыгъдӕг вӕййы+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «коралтӕ».
Комк. «зынаргъ мигӕнӕн».
Комк. «ӕндӕрбӕстагимӕ».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».