Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цавӕр адӕймаг дӕ, уый куы зонай ӕмӕ цӕуылдӕр фидарӕй куы ’ууӕндай, уӕд дын царды тыхдымгӕтӕ ницы зиан ракӕндзысты

ӔРЫГӔТТӔН

9. Цавӕр адӕймаг дӕ

9. Цавӕр адӕймаг дӕ

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Адӕймаг цавӕр у, уый бӕрӕг вӕййы, ахсджиаг ын цы у, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕм цы миниуджытӕ ис, уымӕй. Адӕймаг иннӕтӕй уыдӕттӕй фӕхицӕн кӕны.

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Цавӕр адӕймаг дӕ ӕмӕ дын ахсджиаг цы у, уый куы зонай, уӕд, цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл фидар хӕцдзынӕ ӕмӕ-иу де ’мгӕртты зондыл нӕ ацӕудзынӕ.

«Бирӕтӕ, дуканийы цы манекентӕ вӕййы, уыдонӕй уӕлдай не сты. Сӕхицӕн дзаумӕттӕ сӕхӕдӕг нӕ февзарынц, фӕлӕ иннӕтӕ» (Адриан).

«Ӕз сахуыр дӕн, раст куыд у, афтӕ кӕнын, кӕд уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр. Ме ’цӕг ӕмбӕлттӕ сты, ӕнцон мын кӕимӕ у ӕмӕ мын мӕ хъуыдыйӕн чи аргъ кӕны, уыдон» (Кортни).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут» (Ромӕгтӕм 12:2).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

Ахъуыды кӕн, цавӕр адӕймаг дӕ ӕмӕ дӕ цавӕр адӕймаг фӕнды, цӕмӕй суай. Уый тыххӕй та ахъуыды кӕн, цавӕр хорз ӕмӕ дӕм цавӕр ӕвзӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл. Уымӕн дын баххуыс кӕндзысты, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон.

Хорз миниуджытӕ. Хорз цӕмӕ арӕхсын? Цавӕр курдиӕттӕ мӕм ис? Хорз мын цы уайы? (Зӕгъӕм: алцыдӕр афоныл фӕаразын? Хиуылхӕцгӕ дӕн? Куыстуарзаг дӕн? Рӕдау адӕймаг дӕн?) Хорзӕй цы аразын?

УЫНАФФӔ. Кӕд ӕй нӕ зоныс, цавӕр хорз миниуджытӕ дӕм ис, уӕд дӕ ныййарджыты кӕнӕ дӕ хорз ӕмбалы бафӕрс. Ӕмӕ дын зӕгъӕнт, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, уый.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн» (Галатӕгтӕм 6:4).

Ӕвзӕр миниуджытӕ. Тынгдӕр мӕ цавӕр миниуджытыл хъӕуы кусын? Ӕвзӕр исты саразынӕй мын тӕссагдӕр кӕд вӕййы? Цавӕр хъуыддӕгты мӕ хъӕуы фылдӕр хиуылхӕцындзинад?

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм» (1 Иоанны 1:8).

Цӕуыл ӕууӕндын. Уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цавӕр хъуыдыйыл хӕст дӕн ӕмӕ цӕмӕн? Хуыцау мӕ уырны? Хуыцау кӕй ис, уый мӕ цӕмӕн уырны? Хӕрам хъуыддӕгтыл цавӕр хъуыддӕгтӕ нымайын ӕмӕ цӕмӕн? Фидӕны цы уыдзӕн, уый фӕдыл цы хъуыды кӕнын?

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ дӕ уый хъахъхъӕндзӕн, арфуынындзинад уыдзӕн дӕ хъахъхъӕнӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 2:11).