Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Исчи дын куы фӕзиан уа

Исчи дын куы фӕзиан уа

«Мӕ хистӕр ӕфсымӕр куы фӕзиан, уӕд мын тынг зын уыд, мӕ бон ын баххуыс кӕнын кӕй нӕ баци, уый тыххӕй. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ дӕр-иу ыл ӕрмӕст хъуыды куы акодтон, уӕддӕр-иу мӕ зӕрдӕ афтӕ тынг срысти, раст дзы цыма исчи кард ныссагъта. Иуӕй-иу хатт-иу мӕсты дӕр кодтон. Ме ’фсымӕр цӕмӕн амард? Мӕхи хордтон, йемӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй не ’рвыстон, уый тыххӕй» (Ванессӕ, Австрали).

КӔД дӕуӕн дӕр, бирӕ кӕй уарзтай, ахӕм адӕймаг фӕзиан, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, маст кодтай, афтӕ дӕм каст, ӕмӕ иунӕг дӕ ӕмӕ не ’мбӕрстай, дарддӕр куыд цӕрай, уый. Чи зоны ма мӕсты дӕр кодтай, дӕхи аххосджын кодтай ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы тас бацыд, суанг ма дӕм афтӕ дӕр касти, ӕмӕ дӕ цард ницыуал у.

Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ кӕй маст кӕныс, уый лӕмӕгъдзинадыл дзурӕг у. Уымӕй бӕрӕг у, уыцы адӕймаджы бирӕ кӕй уарзтай. Фӕлӕ дын, цымӕ, дӕ маст фӕсабырдӕр кӕнынӕн исты баххуыс кӕндзӕн?

ИУӔЙ-ИУТӔН ЦЫ БАХХУЫС КОДТА

Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ рыст никуыуал банцайдзӕн, уӕддӕр дын, чи зоны, фенцондӕр уа, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй куы спайда кӕнай, уӕд.

РӔСТӔГ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ДӔ ЗӔРДӔЙЫ РЫСТ ӔРСАБЫР УА

Адӕм ӕмхуызон нӕ фӕхъыг кӕнынц, стӕй сын уый иухуызон рӕстӕг нӕ ахӕссы. Фӕлӕ адӕймаг куы кӕуа, уӕд ын, гӕнӕн ис, фенцондӕр уа. Ванессӕ, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уый загъта: «Ӕрмӕстдӕр мӕм кӕуын цыдис. Фӕндыд мӕ мӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадзын». Йӕ хо ӕнӕнхъӕлӕджы кӕмӕн амард, уыцы сылгоймаг, Софи, загъта: «Цы ’рцыди, ууыл хъуыды кӕнын мын тынг зын уыди, раст мын цыма исчи мӕ хъӕдгоммӕ ӕвнӕлдта ӕмӕ йӕ сыгъдӕг кодта, афтӕ. Ӕмӕ кӕд уыцы рыст зын сфӕразӕн вӕййы, уӕддӕр уый фӕрцы хъӕдгом байгас вӕййы».

ДӔ ХЪУЫДЫТӔ ӔМӔ ДЕ ’НКЪАРӔНТЫ ТЫХХӔЙ ДЗУР

Кӕй зӕгъын хъӕуы, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу дӕ, чи зоны, фӕнда, цӕмӕй иунӕгӕй баззайай. Зианыл маст кӕнын абарӕн ис, дӕ уӕлӕ кӕй хӕссай, ахӕм уӕззау уаргъимӕ. Йӕ фыд кӕмӕн амард, иу ахӕм 17-аздзыд лӕппу, Джаред, радзырдта: «Мӕ зӕрдӕйы цытӕ цыд, уый иннӕтӕн дзырдтон. Ӕмӕ-иу мӕм кӕд афтӕ каст, ӕмӕ мӕ бон нӕу мӕ зӕрдӕйы рыст бамбарын кӕнын, уӕддӕр-иу мын фенцондӕр». Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг, Джанис, загъта: «Иннӕтимӕ кӕй ныхас кодтон, уый мын стыр удӕнцой хаста. Иунӕгӕй мӕ маст не сфӕрӕзтаин».

ИННӔТЫ ӔХХУЫСЫЛ ДӔХИ МА АТИГЪ КӔН

Иу дохтыр загъта: «Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыцы адӕймаг фыццаг бонты йе ’мбӕлтты ӕмӕ йӕ хӕстӕджыты ӕххуысыл йӕхи куы нӕ атигъ кӕны, уӕд ын ӕнцондӕр вӕййы йӕ маст сфӕразын». Де ’мбӕлттӕн зӕгъ, сӕ бон дӕм цӕмӕй у фӕкӕсын. Чи зоны сӕ фӕнды баххуыс кӕнын, фӕлӕ йӕ нӕ зонынц, куыд дын баххуыс кӕной, уый (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Тинӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау ӕнӕнхъӕлӕджы ракӕй куы амард, уӕд мӕ зындзинӕдтӕ, мӕ мӕт ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы рыст кӕмӕн дзырдтаин, уый нал уыди, ӕмӕ-иу ӕз дӕр алцыдӕр Хуыцауӕн радзырдтон. Алы бон дӕр-иу Хуыцаумӕ скуывтон, цӕмӕй мын уыцы бон цӕрынӕн хъарутӕ радтаид. Ӕмӕ-иу мын Хуыцау, мӕ куывды цӕй кой кодтон, ӕрмӕст уыцы хъуыддӕгты нӕ баххуыс кодта, фӕлӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр». Таршӕйыл 22 азы цыди, йӕ мад куы фӕзиан, уӕд. Уый загъта: «Алы бон дӕр Библи кӕй кастӕн, уый мын удӕнцой хаста. Уый фӕрцы мӕ бон уыд, чи мӕ бафидар кодтаид, ахӕм цӕуылдӕртыл хъуыды кӕнын».

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-ИУ АУАЙЫН КӔН, ЧИ АМАРД, УЫДОН КУЫ РАЙГАС УОЙ, УЫЦЫ РӔСТӔГ

Тинӕ ма радзырдта: «Райдианы мын райгасдзинады ныфс ницы ӕххуыс уыд, уымӕн ӕмӕ мӕн мӕ сӕрыхицау гъеуӕд хъуыди, мӕ сывӕллӕтты дӕр сӕ фыд гъеуӕд хъуыди. Фӕлӕ мӕ ныр, цыппар азы фӕстӕ, уыцы ныфс тынг фидар кӕны. Уыцы ныфс мӕ тыхтӕ бауагъта, цӕмӕй цӕрон. Мӕ цӕстытыл фӕуайын кӕнын, ногӕй та йӕ куыд фендзынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн!»

Чи зоны дын ӕвиппайды ма фенцондӕр уа. Фӕлӕ дӕ Ванессӕйы ныхӕстӕ бафидар кӕндзысты. Уый загъта: «Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ӕдзухдӕр афтӕ маст кӕндзӕн. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ зӕрдӕйы рыст дӕр фӕкъаддӕр вӕййы».

Дӕ зӕрдыл дар, кӕд дын ӕнӕ уыцы адӕймагӕй зын у, уӕддӕр цӕрын хъӕуы. Хуыцауы фӕлмӕн уарзты фӕрцы дӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр де ’мбӕлттимӕ фӕрнӕй цӕрын ӕмӕ дӕм дӕ цард дзӕгъӕлы нӕ кӕсдзӕн. Тагъд рӕстӕджы Хуыцау райгас кӕндзӕн, чи амард, уыдоны. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй та дӕ хъӕбысы акӕнай, бирӕ кӕй уарзыс, уыцы адӕймаджы. Уӕд дӕ зӕрдӕйы рыст ӕнустӕм фесӕфдзӕн!