Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цардӕмбал дыл гадзрахатӕй куы рацӕуа

Дӕ цардӕмбал дыл гадзрахатӕй куы рацӕуа

«Мӕ сӕрыхицау мын куы загъта, ӕрыгондӕр сылгоймаджы тыххӕй мӕ кӕй уадзы, уӕд мӕ амӕлын фӕндыд. Мӕ зӕрдыл-иу куы ӕрбалӕууыд, мӕ сӕрыхицауы тыххӕй мӕхи цас цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтон, уӕд-иу мын ноджы зындӕр уыд» (Марийӕ, Испани).

«Мӕ бинойнаг мӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы ныууагъта, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ йӕ куыстӕй ныллӕууыд. Нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ пълӕнттӕ фехӕлдысты. Уыди-иу ахӕм бонтӕ, ӕмӕ-иу ницӕуыл мӕт кодтон, фӕлӕ та-иу стӕй ногӕй мӕхимӕ ныхъхъуыстон» (Билл, Испани).

АДӔЙМАГЫЛ йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй куы рацӕуы, уӕд йӕ ныфс асӕтты. Ахӕм адӕмӕй иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбалӕн ныххатыр кӕнынц, куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд ӕмӕ дарддӕр иумӕ фӕцӕрынц *. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕргӕйӕ баззайдзысты ӕви нӕ, уӕддӕр, гадзрахатӕй кӕуыл рацӕуынц, уый стыр маст ӕмӕ зӕрдӕрыст бавзары. Ахӕм уавӕры адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та йын цард царды ад кӕна?

ЧИ ДӔ БАФИДАР КӔНДЗӔН, АХӔМ СТИХТӔ БИБЛИЙӔ

Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыдон кӕд стыр маст бавзӕрстой, уӕддӕр сын Библи удӕнцой ӕрхаста. Уыдон базыдтой, Хуыцау сын сӕ цӕссыгтӕ кӕй уыны ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ кӕй риссы (Малахи 2:13–16).

«Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Псалом 94:19).

Билл загъта: «Ацы стих куы бакастӕн, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мын Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ фыдау мӕ рыст сабыр кӕны».

«Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион» (Псалом 18:25).

Йӕ цардӕмбал цалдӕр мӕйы гадзрахатӕй кӕуыл цыди, уыцы сылгоймаг, Кармен, загъта: «Мӕ цардӕмбал мыл иузӕрдион нӕ уыд. Фӕлӕ мӕ бон уыд ӕууӕндын, Йегъовӕ мыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Уый мӕ никуы ныууадздзӕн».

«Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут... ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Сашӕ загъта: «Ацы ныхӕстӕ-иу ногӕй ӕмӕ ногӕй бакастӕн. Хуыцаумӕ куывтон ӕмӕ куывтон, ӕмӕ мын йӕ фарн радта».

Кӕй ныхӕстӕ кастыстӕм, уыцы адӕм-иу, чи зоны, иуӕй-иу хатт сӕ къухтӕ ӕруагътой. Фӕлӕ сӕ ныфс дардтой Йегъовӕ Хуыцауыл, Библи кастысты ӕмӕ сын уый хъарутӕ лӕвӕрдта. Билл загъта: «Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыдтӕн, уый фӕрцы ӕмбӕрстон, мӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу, кӕд алцы бынтон хорз нӕ уыд, уӕд дӕр. Кӕд „саудалынг комы“ цыдтӕн, уӕддӕр Хуыцау мемӕ уыд» (Псалом 23:4).

^ Цардӕмбалӕн ныххатыр кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй дзырд цыди 1999 азы 22 апрелы журнал «Пробудитесь!»-ы, статьяты «Трагические последствия неверности», «Возможно ли примирение?», «Если вы решили развестись».